Дæс азы размæ горæты ныгуылæн æрдыгæй карз тох цыд Ирыстоны бахъахъхъæныны сæраппонд. Знагæн йæ фыдвæндтæ сæххæст кæныны фадат нæ лæвæрдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ. 8-æм августы нæ горæт уыд алыгъуызон нæмыгзгъæлсты бын. Æцæг патриоттæн реактивон системæтæ  «Град» æмæ «Ураган»-æй басæттæн нæ уыд. Уымæн æвдисæн сты, ацы ран цы карз æмæ æнæмсæр тох бацайдагъ, уый. 8 августы майор Багаты Амираны къорды фараст лæппуйы горæтмæ æрбацæуæны мæлæтдзаг тохы бацыдысты гуырдзиаг танкты колоннæ æмæ фистæг æфсадимæ. Ацы фараст лæппуйы канд фæстæмæ нæ аппæрстой Гуырдзыстоны хæстон тыхты, фæлæ ма фехæлдтой Гуырдзыстоны стратегион план дæр. Уыдон цы хъæбатырдзинад равдыстой, уымæн ныхасæй зæгъæн нæй – спырх кодтой знаджы танктæй дыууæйы. Цалдæр сахаты æнæмсæр тохы рæстæджы фæмард сты къорды сæргълæууæг, майор Багаты Амиран æмæ капитан Джиоты Азæмæт. Уыдон фæмард сты Ирыстоны рухс фидæны, нæ бæстæйы сæрибардзинады сæраппонд .

Амиран æмæ Азæмæты рухс нæмттæ сæнусон кæныны сæраппонд сын сæ хæстон хæлæрттæ æмæ сæ хъайтардзинад кæй зæрдæмæ бахъарыд, уыдон сæвæрдтой цыртытæ ног скверы сæ мæлæты бынатмæ хæстæг Харебаты Исахъы уынгыл.

Знон, 8 августы дыууæ хъайтары цыртытæ цытджын уавæры гом кæныны мадзалмæ æрбацыдысты бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, хицауиуæгады бæрнон кусджытæ, бæстæйы уазджытæ, дыууæ æдзард хъайтары хиуæттæ, сæ хæстон æмгæрттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзал байгом Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæй. Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты цыртытæ цытджын æгъдауæй байгом кодтой хъайтарты хæстон æмгæрттæ.

Цытджын церемонийы фæстæ ныхасы рацыд Президент Бибылты Анатоли. Уый Ирыстоны ацы дыууæ æдзард хъæбулы ныййарджытæ æмæ хиуæтты тыххæй банысан кодта, зæгъгæ, абон цы хъайтарты бюсттæ гом æрцыдысты, уыдон уыдысты, Гуырдзыстоны регулярон æфсадимæ æнæмсæр тохы чи бацыд, уыдонæй фыццæгтæ. Президент дзырдта, Багаты Амираны къордмæ цы тых разынд знаджы ныхмæ, уый иннæ лæппутæн кæй лæвæрдта стыр ныфс.

Бибылты Анатоли сæрмагондæй æрдзырдта Амираны цыбыр царды историйыл. Уый хæрзæвзонгæй тырныдта æфсæддон хъуыддаг сахуыр кæнынмæ, æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ бацыд æхсæрдæсаздзыдæй. Æдзух уыд уыцы хъуыддагыл хæст, æвæццæгæн цардбæллон зæрдæ æнкъардта, йæ зонындзинæдтæ кæй бахъæудзысты Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы.

«Уый йе ‘фсæддон зонындзинæдтæ, йæ организаторон æмæ командирон æвзыгъддзинæдтæ  нæ фæсайдтой, æмæ сæ æнтысгæйæ спайда кодта 2008 азы августы агрессийы рæстæджы. Мысынад æнустæм у – хъайтартæн та рохгæнæн нæй, уымæн æмæ уыдон тох кодтой æмæ сæ цард æрхастой нывондæн, цæмæй нæ кæсдæртæ цæрой æмæ рæзой сабыр арвы бын, нæ бæстæйы рухс фидæны хæрзиуæгæн. Нæ мысынад та фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрд цæудзæн. Багаты Амираны къорды хъайтардзинад та лæудзæн æнустæм адæмы зæрдыл», – банысан кодта Президент.

Мадзалы хайадисæг, Хуссар Ирыстоны  90-æм азты хæстон архæйдтыты активон хайадисæг, Ирыстоны хъайтар Остъаты Инал банысан кодта, ацы дыууæ лæппуйы хъæздыг удварн æмæ патриотизм æвдыст кæй æрцыд, бынаты ист æмæ æвдыст киноныв «Фарастæй иумæ»-йы. Сæ хъайтардзинад сын абарста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 28 панфиловаджы хъайтардзинадимæ, кæцытæ Мæскуыйы бын æрурæдтой знаджы тыхтæ æмæ сæ горæтмæ не ‘рбауагътой.  Нæ разы, зæгъгæ, ис ахæм хæс цæмæй ацы хъайтарты рухс нæмттæ ма рох кæнæм. Фидæны фæлтæртæн хъуамæ уой фæзминаг, уымæн æмæ уыдон руаджы мах цæрæм сабыр бæстæйы.

Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты бакæнгæ хъуыддаг у лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады символ. Уыдон фидæны фæлтæртæн сты удæгас цæвиттон. Ацы лæппуты стыр сгуыхтдзинадыл ма дзырдта нæ горæты æхсæзæм скъолайы ирон æвза-джы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ дæр.

«Хъыгагæн, ирон адæмы истори тынг уæззау у. Ацы фараст лæппуйы махæн сты стыр хъайтартæ. Диссаг ма æндæр цы хъуамæ уа, æмæ фараст лæппуйæ æнæмсæр тохы бацыдысты гуырдзиаг гæрзифтонг æфсады ныхмæ.

Ацы лæппутæ дæр равдыстой Коцты Бегайы къорды хъайтардзинад, зæгъгæ, кæд тох кæнæм, уæд кæронмæ», – дзырдта ныхасгæнæг.

Дыгъуызты Лианæ хъайтарты хиуæттæм дзургæйæ банысан кодта, сæ æдзард хъæбулты ном рох кæй никуы уыдзæн, сæ хъæбатырдзинад фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрд кæй цæудзæн.

Мадзалы хайадисджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ. Уый фæстæ республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй æмæ мадзалы хайадисджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой хъайтарты цыртыты раз.

 

«НÆ МЫСЫНАДЫ СЫГЪДÆГ БЫНÆТТÆ»

Уыцы бон ма нæ Республикæйы къухдариуæгад, мысæн мадзæлтты хайадисæг уазджытæ, азылдысты æмæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой 2008 азы Шанхайы районы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты сыгъд казармæйы, Денис Ветчиновы цырты, Тъбеты хъæумæ фæндагыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды фæмардуæвæг службæгæнджыты цырты æмæ горæты алы районты хицæн рæтты фæмардуæвæг хъайтарты цыртыты раз.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.