РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Уацамонгæйы орденæй схорзæхджын кодта Уæрæсейы Хъайтарты, кæцытæ кадджын нæмттæ райстой Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæныны фæдыл хæстон операцийы рæстæджы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй.

Президент зæрдыл æрлæууын кодта, Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæныны тыххæй уынаффæ цахæм уавæры ист æрцыд, уый тыххæй.

«Алчидæр федта, уым цытæ цыд, Гуырдзыстоны къухдариуæгадмæ цахæм плæнттæ уыд æмæ сæ хæстон æрбабырст циниконæй «сыгъдæг быдыр» кæй схуыдтой, уый. Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты æрбаконд уыд раст æмæ æнæмæнгхъæуæг уынаффæ. Æмæ иууыл сæйрагдæр та у уый,  уынаффæ ист кæй æрцыд афоныл, æмæ УФ-йы гарзджын тыхтæ кæй æрбацыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ аирвæзын кодтой адæмы скуынæг кæнынæй. Уыдон стыр ныхæстæ не сты. 2008 азæй фæстæмæ рацыд бирæ рæстæг, фæлæ Хуссар Ирыстоны адæм сæ мысынады бахъахъхъæдтой уыцы бонты æппæт цауты. Хуссар Ирыстон никуы ферох кæндзæн уæрæсейаг салдаты стыр сгуыхтдзинад, кæцы йæ ирон æфсымæртæм æрбацыд баххуыс кæнынмæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæн Президент загъта, зæгъгæ, сын сæ хæстон лæггæдты æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй саккаг кодтой Уæрæсейы Хъайтары нæмттæ, фæлæ сын Хуссар Ирыстоны дæр сæ саразгæ хъайтардзинæдты тыххæй кад кæнынц æмæ сæ сты бузныг.

«Уæ хæстон лæггæдтæ æмæ сгуыхтдзинæдтæ нысан æрцыдысты иууыл уæлдæр хорзæхæй – Уæрæсейы Хъайтары нæмттæй. Ацы номы тыххæй уæ фидæны бирæ фæлтæртæ уыдзысты сæрыстыр. Хуссар Ирыстоны уырны, зæгъгæ, кæд афицертæ, салдаттæ систы Уæрæсейы Хъайтартæ хуссарирыстойнаг адæмы кæй аирвæзын кодтой, уый тыххæй, уæд уыдон сты Ирыстоны Хъайтартæ дæр. Сымах стут уыцы адæймæгтæ, кæцытæй райгонд сты Хуссар Ирыстоны адæм, æмæ махæн бар нæй æмæ уын ма саккаг кæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр хорзæх», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Республикæйы сæргълæууæг уæлдай арфæйы ныхæстæ загъта уыцы хъайтарты бинонтæ æмæ хиуæттæн, кæцытæн хорзæхтæ лæвæрд æрцыдысты сæ амæлæты фæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.