Кæд Стыр Уæлахизы бонæй 74 азы рацыд, уæддæр ацы стыр хæсты ирæтты хайадист æмæ хъæбатырдзинадыл абон дæр бирæтæ дис кæнынц, нырма дæр бирæ иртасджыты, ног фæлтæрты хъусдард здахы йæхимæ. 

Хæсты фыццаг бонæй Хуссар Ирыстоны автономон областы адæм равдыстой стыр патриотизм, мобилизацион пункттæм къордгæйттæй цыдысты нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ æмæ домдтой, цæмæй сæ фронтмæ арвыстаиккой бархионтæй.

Раздæры Советон Цæдисы бирæ адæмтæ уыд, кæцыты нымæц ирæттæй бирæ фылдæр уыд, фæлæ нымæцмæ гæсгæ ирæттæм цас хъайтартæ уыд, уыйас никæцы адæмы хаттмæ уыд.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты Советон Цæдисы Хъайтартæ Кобылты Сергей, Цоциты Уасил, Сабанты Григол, Къозонты Сардион, æмæ æндæрты нæмттæ.

Хъæбатыр тæхæг Кобылты Сергей æппæт хæстæ æххæст кæнынмæ дæр цæттæ уыд. Кобылы фырт хайад райста 50 уæлдæфон тохæй фылдæры. Советон Цæдисы Хъайтары ном райста 1942 азы. Уый хайад иста Кавказы сæрыл тохты, Курскы тохты. 1943 азы сæрды уый Орловаг-Курскаг къæлæтауы тохты æрæппæрста знаджы хæдтæхджытæй цалдæры. Кобылы фырт цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый цалдæр бонмæ знаджы хæдтæхджытæй æрæппæрста 47 хæдтæхæджы.

Ирон адæм сæрыстыр сты легендарон хæдтæхæгскъæрæг, Советон Цæдисы Хъайтар Цоциты Уасилы хъæбатырдзинæдтæй дæр. Уымæн дæр йæ ном сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы. Уый хайад иста Харьковы, Таганрогы, Мариуполы сæрыл тохты.  Фашистты авиацийы дæрæн кодта Сталинграды тохы.

Официалон историон зонæнтæм гæсгæ, ирæттæй (хуссар æмæ цæгатирыстойнæгтæй) ис  Советон Цæдисы 34 хъайтары. Хъыгагæн, уыцы нымæцмæ нæ бахаудысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æддейæ чи цард, ома, Гуырдзыстоны, æмæ этниконæй ирæттæ чи уыдысты, уыцы хъайтартæ: Бибилашвили Александр, Джабидзе Давид, Тваури Георги, Гогичаишвили Никъала, Берошвили Владимир. Кæд хъайтарты нымæцмæ нæ бахауд, уæддæр знаджы ныхмæ хъæбатырæй тох кодта Дауыраты Илитæ дæр. Уый, хæрзæвзонгæй авиацион ахуыргæнæндон каст фæугæйæ, карз тох кодта немыцаг хæдтæхджыты ныхмæ. Уыдис ахæм диссаджы цау дæр, æмæ Илитæ æрæппæрста немыцаг хæдтæхæджы, фæлæ хæдтæхæгскъæрæг удæгасæй аирвæзт. Немыцаджы нæ уырныдта, æвзонг чызг æй кæй æрæппæрста, фæлæ йæ куы бауырныдта, уæд йæ сахат балæвар кодта чызгæн.

Хæсты кæрон Берлины рейхстаджы къултыл цы фыстытæ ныууагътой хæстонтæ-уæлахиздзаутæ,   уыдоны ‘хсæн уыд не ‘мзæххонты къухфыстытæ дæр. Уыдонæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахиз стыр аргъæй бафтыд сæ къухы.

Абон Хуссар Ирыстон сæрыстыр у, иумиаг Уæлахизмæ нæ адæм цы хайбавæрд бахастой, уымæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ Хуссар Ирыстонæй ацыдысты дыууын фондз минæй фылдæр адæймаджы. Кавказы хæхтæй суанг фашистон сырды лæгæтмæ уыд сæ хæстон фæндаг нæ хъайтартæн. Уыдон тох кодтой Фыдыбæстæйон хæсты æппæт фронтты дæр, тох кодтой партизанон къордты, зна-джы дæрæн кодтой сур зæххыл дæр, денджызы дæр æмæ уæлдæфы дæр, ссæрибар кодтой Киев, Будапешт, Венæ, систой Кенигсберг æмæ Берлин. Уыдонæй астæй хорзæхджын æрцыдысты бæрзонд хорзæхæй – лæвæрд сын æрцыд  Советон Цæдисы Хъайтары  ном.

Ацы хæсты Хуссар Ирыстоныл стыр зиан æрцыд, фронтмæ цы 21736 адæймаджы ацыд, уыдонæй хæсты быдыры фæмард 11711 адæймаджы, 7000 адæймаджы та æбæрæгæй фесæфтысты. Уыдон уыдысты куыстхъом нæлгоймæгтæн се 80 проценты!

Нæ ветерантæ-фронтовиктæ, кæцытæ хъæбатырæй тох кодтой Фыдыбæстæйон хæсты æмæ сæ бæстæйæн æрхастой сæрибар цард, цы ‘нхъæл уыдысты, кæддæр сæ  фыдыбæстæйы зæххыл дæр хæсты арт кæй ссудздзæн. Уыдон нæ бауырныдтаид, цасдæр рæстæджы фæстæ сæ райгуырæн Ирыстонмæ гæрзифтонгæй кæй бырсдзысты, хæстон зындзинæдтæ æмæ уæлахизы циндзинад кæимæ дих кодтой, сæ уыцы  гуырдзиаг æмхæстонты цоты цот. Фæлæ, куыд фæзæгъынц,  фыды фарн, дам,  мæрдтæм нæ цæуы, Ирыстоны фæсивæд дæр, сæ фыдæлтау, хъæбатыр разындысты æмæ знагæн сæрсæттæн ныхкъуырд радтой.

Цы æнхъæл уыдысты Украинæйы, Прибалтикæйы æмæ æндæр республикæты уыцы хъæбатыр хæстонтæ, уыдон, сæ удтыл нæ ауæрдгæйæ цы морæгъуыз емынæйы ныхмæ тох кодтой, уымæн сæ   абоны цоты цот кæй табу кæндзысты, фашистон свастикæимæ дарæс стыр цытимæ кæй дардзысты.

Уымæ нæ кæсгæйæ, раздæры Советон Цæдисы рæстæджы чи рацард, уыцы адæмты зæрдæтæй нæ рафтыд Стыр Уæлахизы боны æнкъарынад. Абон дæр ма ацы бæрæгбон æрымысынц цины цæссыгтæ калгæйæ, уæлдайдæр уыцы бон йæхиуыл чи бавзæрста, уыдон –  хæсты ветерантæ.  Ацы бæрæгбон Советон Цæдисы адæмимæ Хуссар Ирыстоны адæм дæр æввахс кодтой сæ тых æмæ удтыл нæ ауæрдгæйæ,  хæстхъом фæсивæд сæ къухмæ хæцæнгарз райсгæйæ, иннæтæ  та – хъазуатон фæллойæ æмæ фронтæн æххуыс кæнгæйæ.

 Иунæг ирон хæдзар дæр нæ баззад, хæсты быдырмæ иу кæнæ цалдæр хæстоны чи нæ арвыста. Бирæ бинонтæй хæсты быдырмæ ацыдысты цыппар æмæ ноджы фылдæрæй. Уыдонæй бирæтæ, кæнæ та иууылдæр баззадысты хæсты быдыры.

Уый фæстиуæгæн ирон адæмы мысынады 1945 азы 9 май хуымæтæг историон бон нæу, фæлæ у æфсæддон цыты, национ сæрыстырдзинад æмæ фашизмыл иумиагæй фæуæлахизы бон, афтæ ма Стыр Уæлахизмæ йæ хайбавæрд чи бахаста,  æппæт уыцы адæмты æмзæрдæдзинады бон дæр. Уыимæ ма ацы бæрæгбон у æхсардзинады, æгæрон хъæбатырдзинад æмæ æнæбасæтгæ удыхъæды символ дæр.

Абон махæн нæ хæс у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты нæ адæмы хæстон сгуыхтдзинæдтыл нæ кæстæрты хъомыл кæнын. Нæ адæмы стыр хъæбатырдзинад хъуамæ зоной кæстæр фæлтæр, уымæн æмæ истори, уыцы нымæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты истори дæр, чи зыгъуыммæ кæны, ахæмтæ бирæ ис. Мах та нæ хæс у, истори зыгъуыммæгæнджыты ныхмæ раст зонæнтæй тох кæнын. адæмы рæгъмæ раст информаци хæссын.

Уадз хæст мауал уæд зæххыл, дунейы адæмтæ цæрæнт хъæрмудæй сабыр арвы бын. Фашизмæн та йæ кой дæлзæхх уæт.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.