Цалдæр боны дæргъы Цӕгат Ирыстоны Национ зонадон библиотекӕйы уӕрӕсейаг сӕйраг специалисттӕ сæ цӕгатирыстойнаг коллегæтæн ауагътой сæрмагонд ахуыртӕ. Петербургаг специалисттӕ мастер-класстӕ ауагътой куыд горӕты, афтӕ районты хъӕууон библиотекӕты кусджытӕн дæр. Ахуыртӕм фӕхуыдтой æмæ дзы хайад райстой нӕ Республикӕйы Анахарсисы номыл национ библиотекӕйы директор Кокойты Валерия, бӕстӕзонӕн ӕмӕ ирон хайадты сӕргълӕуджытӕ Тъехты Ингæ ӕмӕ Сланты Заирæ.

Ахуыртӕ уагъд ӕрцыдысты библиотекӕты кусджыты зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй Цӕгат Ирыстоны паддзахадон «2018-2020 азты ирон адӕмы национ-культурон рӕзт»-ы программӕмӕ гӕсгӕ.

Ахуырты сӕйраг темӕ уыд электронон бӕстӕзонӕн библиотекӕйы  хъуыддаг раз-мӕ кӕнын. Ахуырты сӕйраг фарстытӕ уыдысты библиотекӕты фӕзынды истори ӕмӕ электронон библиотекӕтӕ куыд аразын хъӕуы, уый фӕдыл. Тъехты Ингӕ куыд зæгъы, афтæмæй мастер-класстӕ уагътой Уӕрӕсейаг национ библиотекӕйы кусӕг, историон библиографийы къорды сӕргълӕууӕг, историон зонӕдты кандидат Раздорский Алексей Игоры фырт ӕмӕ Уӕрӕсейаг национ библиотекӕйы хистӕр зонадон кусӕг Балацкая Надежда Михаилы чызг.

Нӕ Республикӕйы Анахарсисы номыл библиотекӕйы кусджытӕ куыд банысан кодтой, уымӕ гӕсгӕ ахуыртӕ уыдысты тынг цымыдисон ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг. «Хорз тӕлмӕнтимӕ ӕрыздӕхтыстӕм нӕ ахуыртӕй. Информацион технологитӕ размӕ куыд цӕуынц, афтӕ нӕ царды дӕр фӕзынд электронон библиотекӕтӕ. Уый у ӕвӕрццаг фӕзынд библиотекӕты куысты ӕмӕ мах дӕр, библиотекӕты кусджытӕ, хъуамӕ зонӕм ӕппӕт уыцы ногдзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ сабыргай не’рвылбонон куысты биноныг кӕнӕм», – йӕ ныхасы банысан кодта ахуырты хайадисӕг  Сланты Заирæ.

Къæбысты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.