Гæбæраты Дауыты райгуырдыл æххæст кæны 85 азы

Алы адæммæ дæр фагбæрцæй вæййы, сæ удварн сын чи бæрзонддæр кæнынц, сæ миддуне сын чи хъæздыгдæр кæнынц, сфæлдыстады ахæм архайджытæ. Уыдонæн се сфæлдыстадон хъомыс, кæй зæгъын æй хъæуы, иугъуызон нæ вæййы. Хъыгагæн, бæрцыл вæййынц, сæ курдиаты цæхæркалгæ рухс адæмы зæрдæтæм кæмæн фæхæццæ вæййы æмæ сæ нæмттæ сæ мысынады кæмæн баззайынц.

Уыдонæй сæ иу, æнæдызæрдыгæй у ГССР-ы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Гæбæраты Дауыт дæр. Зæгъгæ йын ацы кадджын нæмттæ нæ уыдысты, уæддæр æй адæм афтæ бирæ уарзтой æмæ уыд сæхи, æцæг адæмон артист. Йæ хайадистæй спектаклтæм бакæсынмæ цыдысты уæлдæй фылдæр адæм. Уымæн æмæ зыдтой, комикон актер уæвгæйæ та сæ Дауыт кæй фæхудын кæндзæн, хъыг, маст кæй зæрдæйы ис, уымæн сæ кæй айрох кæнын кæндзæн…

Афтæ зыны, цыма комикон актер чи у, адæмы йæ бакаст, йæ ныхас, йæ архайдæй чи хъæлдзæг кæны, уымæн йæхи цард дæр сæрысуангæй æвæлмас, хъæлдзæг вæй-йы.  Фæлæ  уый  иууыл афтæ нæу. Цас амондджын хъуамæ уыдаид, йæ сабидуг хæсты размæ, хæсты æмæ хæсты фæстæ уæззау азтæм кæмæн æрхауд, уыцы сабийæн. «Царды æнцон æмæ лæгъз фæндагыл никуы цыдтæн, уæлдайдæр та –  мæ сабибонты», – дзырта-иу Дауыт. Æмæ, æцæгæйдæр, фыд – хæдзардарæг раджы фæзиан ис. Дауыт уыд фондз сывæллонæн сæ кæстæр. Æхсæз азы йыл куы цыд, уæд та йæ мад фæрынчын æмæ æруатон. Йæ хотæ æмæ йе ‘фсымæртæ уæдмæ сæхи цардаразæг систы æмæ йæхимæ кæсын куы хъуыд, уыцы рæстæджы каст йæ мадмæ. Афтæ – авд азы бæрц. Ахæм уавæрты ахуыр кодта йæ хъæу – Куатетрийы скъолайы. Скъолайы фæстæ – Тбилисы Ш. Руставелийы номыл Театралон институты ахуыры азтæ…

Стæй – 1961 аз. Уыцы аз бакъахдзæф кодта Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры бæстыхайы къæсæрæй æмæ йæ сценæйыл хъазыд суанг йæ амæлæты бонмæ, ома, 46 азы. Æмæ ма дзы абон дæр хъазыдаид, æгъатыр мæлæт æй не ‘хсæнæй куынæ аскъуыдтаид, уæд.

О, бирæ азты фæкуыста Дауыт нæ сæйраг театры æмæ йын æнтысгæ дæр бирæ бакодта. Æдæппæт йæ уарзон сце-нæйыл сарæзта дыууæсæдæ фæлгонцæй фылдæр. Уыдон, куыд зонæм, афтæмæй, сæйраджыдæр, сты комикон фæлгæнцтæ. Актер  бацæуы æлгъин, кæрæф, хиуарзон адæймаджы ролы æмæ йын йæ хъæндзинæдты сценæмæкæсджыты размæ рахæссы. Абон дæр ма цæстытыл чи ауайынц, уыцы мимикæ, уæнгты айст, ирд, дырыс дикци æмæ сæйраджыдæр та – юморы æнкъарынад уыдысты йе стыр курдиаты сæйрагдæр æууæлтæ.

Дауыты æмдугонтæн, лæгæй лæгмæ йæ чи зыдта, иу сценæйыл йемæ хъазыны амонд кæмæ æрхаудта, уыдонæн абон дæр йæхи рухс фæлгонц дæр сæ цæстытыл æнæауайгæ нæ фæвæййы æмæ зæрдæ хуры фарсмæ абады.

Куыд æндæр сфæлдыстадон кусджытæ, афтæ нæ драмтеатры актертæ дæр хъал цард никуы кодтой, нæдæр  – советон дуджы, нæдæр – ныр. Бонзонгæ цард кодта Дауыт дæр. Бирæ хæрзиуджытæ домаг нæ уыд цардæй. Сæйраг хæрзиуджытыл та нымадта…

Фыццаджыдæр – æнæниздзинад. Дыккаджы – адæмы хорзæх. Адæмы фыдæх куыд карз у, афтæ сæ уарзт та стыр хорзæх у. Æмæ дæ цæмæй уыцы хорзæх уа, уый тыххæй та, уадз, адæмæн сæхи, дæ цардæй сын хорздзинад, циндзинад, рæсугъддзинад хæсс, цасфæнды зын дын ма уа, уæддæр.

Æмæ кæд йе ‘нæниздзинад иууыл йæхицæй кæнгæ нæ уыд, (æндæра абон дæр хъуамæ не ‘хсæн уаид æмæ сценæйыл йæ бынат афтид нæ уаид), уæддæр дыккаг хæрзиуæгæй æххæстæй уыд хайджын. Уый та уыд йе стыр курдиат æмæ йе стыр фы-дæбоны иумæйаг фæстиуæг.

Æз æхсæвæй-бонæй ме стыр мызды тыххæй нæ фыдæбон кодтон æмæ кæнын, фæлæ ме сценæмæкæсджыты тыххæй, цæмæй уыдон театрæй ацæуой хорз зæрдæйы равгимæ æмæ уыцы равг сæ зæрдæты фылдæр фæхæссой.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, ахуд æмæ фылдæр фæцæрай. Худын, хъæлдзæг уæвын царды бонтæ, æцæгæйдæр, фылдæр кæнынц. Æмæ уæдæ кæд афтæ у, уæд  Дауыт уыд йе сценæмæкæсджытæн сæ цæрæнбонтæ фылдæргæнæг дæр æнусы æмбисы бæрц.

Актерæн йæ алы саразгæ фæлгонц дæр зынаргъ у. Алкæцыйы дæр дзы йæ уд бавæры, алкæцыйыл дæр фыдæбон фæкæны. Фæлæ дзы уæддæр зæрдæмæ уæл-дай æввахсдæр кæцыдæртæ вæййынц, афтæ сты сценæмæкæсджытæ дæр,  кæцыдæрты дзы хуыздæр айсынц. Дауыт куыд дзырдта, афтæмæй йæ зæрдæмæ уæлдай æввахсдæр лæууыдысты Хуыгаты Георы «Мæ усы лæджы»  – Хъæриуы роль, «Сæтти æмæ Бæттийы» – Бæтти, Хацырты Сергейы «Тулгæ дур»-ы – Гæбул, Саулохты Мухтары «Усгур Гæцийы» – Хадзы, Хъайттаты Сергейы «Мады зæрдæ»-йы – Серги, Хаситы Вильгельмы «Расыггæнджытæ»-йы – Муки æмæ æндæр ролтæ.

Номдзыд артисты сфæлдыстадимæ хорз зонгæ уыдысты куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр. Уымæй дарддæр ма йæ хонын райдыдтой кинонывты исынмæ дæр. Æвæццæгæн, Хуссар Ирыстоны драмон театры артисттæй уый у фыццаг, кинойы кæй сфæлвæрдтой. Æмæ йын ацы здæхты дæр уыд хорз æнтыст. Æдæппæт ахъазыд 16 ролы кинойы. Гуырдзыстоны  киностудийы ист кинонывтæй ахъазыд æртæйы – «Чермен», «Оперæ «Даиси» æмæ «Фæндаг фæуд кæны къуылдымыл». Одессæйы киностудийы арæзт кинонывтæй та ахъазыд «По следам карабаира», «Кольцо старого шейха», «Курьер на восток» æмæ «Похищение Европы»-йы. Уыдонæй дард-дæр ма ахъазыд ахæм кинонывты, куыд «Горский парень», «Переход» æмæ æн-дæрты.

Дауыт, куыд сфæлдыстадон кусæг, афтæ йæхиуыл нæ ауæрста. Йæхи, æр-дзæй лæвæрд иунæг царды уый ныддихтæ кодта, цы бирæ фæлгæнцтæ аразыныл фы-дæбон кодта, уыдоны цардтыл, хызт иу сценикон хъайтарты цардæй иннæмæ æмæ сæ хаста йе сценæмæкæсджыты, киномæкæсджыты размæ. Уый уыдис йæ куыст, афтæ бирæ кæй уарзта, уыцы куыст.

Фæлæ уæддæр царды мидæг Дауыт сæйрагыл куыст нæ нымадта, нæ йæ æвæрдта фыццаг бынаты. Сæйрагдæр ын уыдысты бинонтæ.

«Хæдзары дæ хъуыддæгтæ нывыл куы уой, райсомæй дæ хæдзары къæсæрæй хорз зæрдæйы равгимæ куы рахизай, уæд адæммæ дæр хуыздæр цæстæй кæсдзынæ æмæ дæ куыстмæ дæр райгондæй æрывналдзынæ».

Æнæрынцой уды хицау уыд Дауыт. Æдзух сфæлдыстадон агурæнты уыдис. Фæлæ йын уыцы сфæлдыстадон авна-лæнтæ æрбауынгæг сты Советон Цæдисы ныппырхæй æмæ царды фæивдæй. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йыл уый мæгуырауæрдæм тынг бандæвта. Йæхиуыл дæр æмæ йæ уарзон коллективыл дæр. Цæдисы фехæлд, гъа, фæлæ уый фæстиуæгæн нæ зæххыл дæсгай азты цы трагикон цаутæ цыдис, уыдон  ын æнæзындгонд нæ уыдысты, йæхи цæстæй сæм каст, йæхиуыл сæ æвзæрста.  Цард фæстæмæ алæууыд. Нæ сæйраг театры коллектив сæ архайд кæд не ‘рурæдтой, уæддæр актер æмæ сценæмæкæсæг кæрæдзийыл арæх нал æмбæлдысты. Уый та актерæн уæззау хъуыддаг у.

…Сфæлдыстадыл дæр уадиссаг дзу-рæн нал ис. Нæ актертæн цы бæрцыл мызд ис, уый дæр афоныл нæ исынц. Æвзонг актертæ Мæскуыйы фесты ахуыр. Æрцыдысты æмæ цы? Куыд хъуамæ цæрой, кусой 50 сомыл? (дзырд 1999 азыл цæуы). Цæмæй спектакль сæвæрай, уый тыххæй декорацитæ хъæуы. Уыдонæн та æхца хъæуы. Æхца та нæй æмæ фыдæбонæй мæлæм.

Царды фæивд Дауыты æрыййæфта йæ тæккæ сфæлдыстадон хурхæтæны. Разæй йæм нырма бирæ хъуыддæгтæ æнхъæлмæ каст, фæлæ йæ курдиаты тых æххæстæй раргом кæныны фадæттæ, куыд ма загътам, афтæмæй æрбакъуындæг сты. Уыимæ цы уæззау уавæры ныххаудысты йе ‘мтуг адæм, уыдæттæ æнæбандавгæ нæ фесты йе ‘нæниздзинадыл æмæ 2007 азы 18 октябры, нæ хæдбардзинад банымайынмæ нæ бæрцыл мæйтæ куы хъуыд, уæд йæ уарзæгой зæрдæ æрлæууыд йæ кусынæй.

Ацыд не ‘хсæнæй, фæлæ цæргæйæ баззадысты сценæйыл æмæ кинойы цы фæлгæнцтæ сарæзта, уыдон.

P.S. Тексты рахицæнгонд хъуыдытæ ист сты Гæбæраты Дауыты интервьютæй сæ иуæй.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.