Республикæ Хуссар Ирыстоны скъолатæй æртындæс ахуыргæнинаджы æрвыст æрцæудзысты Кремлы назбæласмæ.

Уыдон æвзæрст æрцыдысты æмæ декабры кæрон абалц уыдзысты Уæрæсейы Федерацийы иууыл сæйрагдæр Ногазон назбæласмæ Кремлмæ.

Ног азы æрбалæуд фæсивæдмæ кæддæриддæр сæвзæрын кæны уæлдай цины æнкъарæнтæ. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмгуыстады руаджы бацархайынц, цæмæй нæ ахуырдзау фæсивæды минæвæрттæ дæр Кремлы назбæласы егъау мадзæлтты хайад райсой.

РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады хъомылады æмæ уæлæмхас ахуырады хайады гæс Джиоты Эльзæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Уæрæсейы сæйраг назбæласмæ чи ацæудзæнис, уыцы сывæллæтты къорды равзæрстой горæты æмæ районты ахуыры хайадты куырдиæттæм гæсгæ. «Æрвылаз дæр мах Мæскуыйæ райсæм хонæн гæххæтт Кремлы назбæласмæ ацæуыны тыххæй. Сывæллæттæ ардыгæй хъуамæ ацæуой 23-æм декабры æмæ дзы фæуой 27-æм декабрмæ. Сывæллæттимæ ацæудзысты дохтыр æмæ ахуыргæнæг, цæмæй сæм хъусдард уа. Кæй зæгъын æй хъæуы, бынæттæ цъус сты æмæ уымæ гæсгæ министрад горæты скъолаты æхсæн сарæзта афтæ, цæмæй иу аз ацæуой скъолатæн сæ иутæй, иннæ аз та æндæртæй. Кæй æрвитæм, уыцы скъоладзаутæ сты сидзæртæ, бирæсывæллонджын бинонты сывæллæттæ æмæ ахуыры иттæг хорз æнтыстытæ кæмæн ис, скъолайон царды активон хайад чи исы, ахæм скъоладзаутæ    5-æм къласæй 11-æм къласы онг», – загъта Джиоты Эльзæ.

Ахуырады министрады кусæг ма банысан кодта, зæгъгæ, сывæллæттæн сæ балцæн Мæскуымæ финансон æххуыс кæны нæ хицауад æмæ цæмæй дзæбæхæй ныххæццæ уой, уый тыххæй дæр сын сараздзысты æппæт уавæртæ.

Хуссарирыстойнаг скъоладзаутæм Кремлы назбæласы цур æнхъæлмæ кæсы цымыдисон хиирхæфсæн программæ æмæ стыр цины æнкъарæнтимæ æнхъæлмæ кæсынц сæ Ногазон балцмæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.