Ӕрвылаз дæр 27 марты фæнысан кæнынц «Театры дунеон бон».  Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр дæр ацы боны цытæн бацæттæ кодтой бæрæгбонон мадзал.

Мадзалмæ фæуазæг сты нæ бæстæйы къухдариуæгад Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, интеллигенцийы æмæ æхсæнады минæвæрттæ,  театрæн табугæнджытæ. Артисттæ сæ арæхстдзинад равдыстой цыбыр инсценировкæты, музыкæ æмæ кафты хуызы, бакастытсты зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ дæр.

Мадзал рауад тынг цымыдисон æмæ иууылдæр æхцондзинад райстой артистты хъазтæй. Ахæм хорз æмæ бæстон бацæттæгонд мадзæлттæ арæх нæ вæййы æмæ театры актертæй баззадысты стыр райгондæй – æмдзæгъд сын кодтой лæугæйæ.

Кæронбæттæны Бибылты Анатолийы фæхуыдтой сценæмæ æмæ сын загъта зæрдæбын арфæйы ныхæстæ. Банысан кодта, зæгъгæ, театрæн ис стыр нысаниуæг, уымæн æмæ уый фæрцы æхсæнад исы удварнон æмæ патриотикон хъомылад. «Чидæриддæр театры сфæлдыстадон царды иу чысыл дæр хайад райста, кæнæ йæ хайбавæрд бахаста театры размæцыды хъуыддагмæ, уыдонæн мæ фæнды стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын. Ут мын кæддæриддæр зæрдæхъæлдзæг æмæ уæнгрог. Мæн уырны, не ‘хсæнад сабыргай кæй æрбангом уыдзæн культурæйы алыварс æмæ кæй нæ дихтæ кæндзыстæм. Сымах уыцы хъуыддаджы активон хайад исут, нæ рыстзæрдæ адæмы зæрдæтæ барухс кæнут æмæ уын ноджы фылдæр бантысæт», – банысан кодта бæстæйы президент.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй театрæн æввахс рæстæджы æлхæд æрцæудзæнис автобус. Ноджы ма сын 1-æм мартæй сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кодтой 100 проценты.

Хицæн актерты Президент схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй. Хæлардзинады орденæй хорзæхджын æрцыдис Паддзахадон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан. «Хуссар Ирыстоны адæмон артист»-ы ном та лæвæрд æрцыдис Бибылты Сосланæн, Гæджиты Ингæйæн, Хъæцмæзты Фатимæйæн æмæ Тъехты Василийæн. «Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист»-ы ном – Букуылты Сосланæн æмæ Цоциты Николайæн. Цалдæрæн лæвæрд æрцыд «Культурæйы сгуыхт кусæджы» цытджын ном. Афтæ ма сæ хицæутты ссардтой майдантæ æмæ Кады грамотæтæ дæр.

Культурæйы министр Зассеты Жаннæ дæр зæрдиагæй раарфæ кодта театры кусджытæн æмæ сын фехъусын кодта, зæгъгæ, хъуамæ арæзт æрцæуа актертæн галерей сæ къамтæй.

Уæдæ нæ Паддзахадон драмон театры сфæлдыстадон коллективæн арфæ кæнæм мах дæр сæ бæрæгбоны сæраппонд æмæ йын нæ цæст уарзы ног  æнтыстытæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.