Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли РХИ-йы ахуырад æмæ зонады министрадæн балæвар кодта машинæтæ. Уыдон æрвыст æрцæудзысты Синагуры астæуккаг скъола æмæ Цхинвалы бирæпрофилон колледжæн.

Ноджы ма иу машинæ УАЗ-450 лæвæрд æрцыд автотранспортон управленийæн, кæцы йæ рады, уый ратдзæн Ленингоры районæн.

Ленингоры районы сæргълæууæг Хацырты Филиппы ныхæстæм гæсгæ, ацы автотранспорт лæггад кæндзæн ахæм хъæуты цæрджытæн куыд Абреу, Монастъер æмæ Захъор.

«Ацы хъæуты цæрджытæн ма ис автобус, фæлæ уый нæ фаг кæны. Ныртæккæ та Ленингоры районы ацы хай ифтонг у транспортæй», – загъта уый.

РХИ-йы ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн. Банысан кодта, автотранспорт сын кæй уыд æнæмæнгхъæуæг.

«Бузынг дын, нæ ахуырадон уагдæттæн ахæм хорз æмæ хъæуæг лæвæрттæ кæй бакодтай, уый тыххæй», – загъта министр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.