Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Калоты Георгийы номыл ветеранты Æппæтуæрæсейаг æхсæнадон организаци «Боевое братство»-йы ЦæгатИрыстойнаг хайады делегациимæ. Йæ сæргъ уыд организацийы къухдариуæггæнæг Дзгъойты Валери.  Фембæлды  ма  хайад райста РХИ-йы “Боевое братство”-йы минæвар Бететы Михаил.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой «Боевое братство»-йы цæгатирыстойнаг хайадимæ  Хуссар Ирыстоны коллегæты æмархайдыл.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, уыдоны æрцыд республикæмæ ахъаз кæндзæн хуссарирыстойнаг коллегæтимæ æмархайд рæзын кæнын æмæ ахастытæ ног гъæдджын æмвæзадмæ кæнынæн.

Уый ма банысан кодта, æнгом ахастытæ йын кæй ис Уæрæсейы Федерацийы «Боевое братство»-йы бирæ минæвæрттимæ, сæйраджыдæр, ветеранты Æппæтуæрæсейаг æхсæнадон организаци «Боевое братство»-йы Сæрдары фыццаг хæдивæг, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Дмитрий Саблинимæ.

“Хъыгагæн, хæстимæ баст хæлардзинад, бирæ фидардæр вæййы цавæрфæнды хæлардзинадæй. Æмæ «Боевое братство» кæй кусы Хуссар Ирыстоны, уый кæй зæгъын æй хъæуы, ахъаз кæндзæн не ‘хсæнадон организациты ‘хсæн ахастытæ сфидар кæнынæн”, – загъта Президент.

Йæ рады, Дзгъойты Валери радзырдта, зæгъгæ, организацийы фæзынд ног программæтæ æмæ проекттæ, æмæ йæ кæй фæнды, цæмæй дзы Хуссар Ирыстон хайад иса.

“Нæ  программæмæ гæсгæ бирæ ветерантæ рацыдысты реабилитаци. Зонын æй, уый кæй хъæуы Хуссар Ирыстоны ветеранты дæр. Мах плæнтты ма ис Донецк, Луганск æмæ Хуссар Ирыстонæй сывæллæтты æрхонын æфсæддон-патриотикон лагерь “Барс”-мæ”, – банысан кодта уый.

Ам Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, æфсымæрон республикæтæй сывæллæттæ Хуссар Ирыстонæ хуынд цæуынц ныр дыккаг аз.

“Мах сын улæфт сифтонг кодтам горæт Къуайсайы. Æмæ æз хорзыл нымайын уыцы здæхты ‘рдæм уæ тырнындзинад æмæ куыст. Мах  дæр  ахæм уавæры уыдыстæм æмæ, гæнæн уæвгæйæ,  хъуамæ æххуыс кæнæм Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæты æфсымæрон адæмæн”, – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Хуссарирыстойнаг ветеранты санаторон-курортон хос кæнын-мæ арвитыны темæйыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли, банысан кодта, ацы фарстыл куыст кæй цæуы.

“Æз уый фæдыл ныхас кодтон Дмитрий Саблинимæ. Афтæ хъуыды кæнын æмæ, иннæ аз мах сæххæст кæндзыстæм, УФ-йы ветерантæ-афгайнæгтæн, æмæ нæ ветерантæн цы фадæттæ ис, уыдон”, – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хæстон архайдтыты ветеранты реабилитаци æмæ санаторон-курортон хос кæнынæн цы æхцайы фæрæзтæ хъæуы, уыдон хицæн кæй æрцыдысты.

“Хъыгагæн, 1989 азæй 2008 азмæ, уыдон фæсвæд аззадысты, хъусдард нал уыд, абон республикæ кæй фæрцы цæры æмæ рæзы, уыдонмæ. Уый у ахсджиаг æмæ хъæуæг социалон проект. Мах уый реализаци кæндзыстæм”, – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды кæрон дыууæ фарс дæр сæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.