Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста РХИ-йы Æддаг развæдсгæрсты службæйы сырæзтыл 15 азы сæххæсты  сæраппонд цытджын æмбырды.

Мадзалмæ хуынд æрцыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, РХИ-йы Республикæ Абхазы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан, республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ, æндæр официалон гоймæгтæ.

Æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæг. Уый банысан кодта, Æддаг развæдсгæрсты службæ кæй сырæзт зын рæстæджы, Гуырдзыстоны Президент Михаил Саакашвили активон политикон архайад куы райдыдта æмæ йæ Гарзджын тыхты цæттæ кæнынмæ куы æрæвнæлдта РХИ-йы æмæ Республикæ Абхазы фарст тыхæй скъуыддзаг кæныны тыххæй, уæд.

Бибылты Анатоли банысан кодта, Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй цы реваншистон архайдтытæ уыд æмæ ис, уыдон Æддаг развæдсгæрсты службæйæ кæй домынц ныфсджын фæндæттæ æмæ кусджыты бындурон ахаст сæ разылæууæг хæстæм.

«Уæ куыст здæхт у, уымæ цæмæй Хуссар Ирыстоны адæм цæрой сабыр цардæй, цæмæй республикæ рæза æмæ абон Гуырдзыстон цы змæнтæн къахдзæфтæ кæны, уыдон нымæц рæзын ма бауадзæм», – загъта уый.

Уымæй уæлдай ма Президент банысан кодта, зæгъгæ, Æддаг развæдсгæрсты службæйы кусджытæ иу æмæ дыууæ хаты нæ бафидар кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадыл тох кæныны хъуыддаджы бæстæйы адæмы æмæ къухдариуæгады æууæнкдзинад.

Æддаг развæдсгæрсты службæйы къухдариуæггæнæг Уарзиаты Алексей дæр развæдсгæрсты службæйы сæрмагонд сконды номæй бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн се ‘ууæнк сыл кæй бафтыдтой, уый тыххæй.

«Мах æххæстæй æнкъарæм адæмы æдасдзинады тыххæй бæрндзинад. Не службæйы куыст æддæмæ нæ зыны, фæлæ у æнæмæнгхъæуæг сабыр паддзахад саразынæн. Гуырдзыстоны спецслужбæты æмæ уыдоны армдарджыты ныхмæ æнæуынгæ тох иу минут дæр не ‘рлæууы», – загъта уый

Æддаг развæдсгæрсты службæйы сырæзтыл 15 азы сæххæсты боны цытæн Уарзиаты Алексей паддзахды сæргълæууæджы схорзæджын кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоны æддаг развæдсгæрсты службæйыл 15 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй, кæцы арæзт æрцыд ацы бæрæгбонмæ. Ведомствæйон хорзæхтæ райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр æмæ республикæйы тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ.

Цытджын æмбырды кæрон уагъд æрцыд концерт зынгæ хуссарирыстойнаг классикон шансон æххæстгæнæг, цалдæр хатты уæрæсейаг æмæ æхсæнадæмон конкурсты лауреат Тасойты Игоры хайадистæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.