Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста социалон политикæйы фæдыл Федерацийы Советы УФ-йы Комитеты аппараты къухдариуæггæнæг Игорь Михайлевы, журнал «Медико-социальная экспертиза и реабилитация»-йы сæйраг редактор, Уæрæсейы зонæдты академийы академик Сергей Пузин æмæ медицинон зонæдты доктор Евгений Ачкасовы. Уыдон Цхинвалмæ æрцыдысты, цæмæй хайад райсой медико-социалон реабилитацийы фарстаты фæдыл I-æм хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг симпозиумы.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгий æмæ йæ уынаффæгæнæг Игорь Галь.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта мадзалы цы фарстатыл уынаффæ кодтой, уыдоны стратегион ахсджиагдзинад æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, кæй йæ ауагътой, уый тыххæй.

«Уынаффæ цыд конкретон фарстатыл, афтæ ма УФ-йы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыры фæдыл дæр. Ныфс мæ ис, Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты минстримæ æмархайд кæй схиздзæн ног гъæдджын æмвæзадмæ æмæ мах  уыцы куыстæй кæй райсдзыстæм хорз фæстиуджытæ. Афтæ хъуыды кæнын æмæ, нæ разы лæууæг плæнттæ æххæст æрцæудзысты», – загъта Бибылты Анатоли.

Игорь Михалев куыд банысан кодта, афтæмæй медицинæйы ис æндæр фадгуытæ дæр, кæцыты æмгуыстад æрхæсдзæн хорз фæстиуджытæ.

«Сымахæн хорз фадæттæ ис. Сымах фæндагæн йæ райдианы стут, фæлæ ахæм потенциалимæ гæнæн ис æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнын рæзын кæнат. Мах ма уынаффæ кодтам фармацевтон сæудæджерады рæзты фарстатыл дæр. Хуссар Ирыстоны æрдз  æмæ  æндæр  фактортæ ахъаз кæнынц уыцы здæхт рæзын кæнынæн, уыцы продукци Уæрæсейы аккаг бынат ардзæн», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстон цæттæ кæй у варианттæм æркæсынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыууæварсон ахастытæ æмæ æууæнкдзинады æмвæзад фадат дæтдзысты проекттæ аразын дыууæ бæстæйы хæрзиуæгæн. Ахæм здæхтытæй сæ иуы Президент банымадта фармацевтикæйы рæзт.

«Махæн ис æппæт уавæртæ дæр  хостæ  уадзыны  фæдыл куыстуæттæ  саразынæн», – банысан кодта уый.

Уæрæсейы зонæдты академийы академик Сергей Пузин хъусдард аздæхта,  республикæйы цы зын-гæ ивындзинæдтæ цæуы, уыдонмæ.

«Хорз у, сымах стыр хъусдард кæй здахут медико-социалон здæхтмæ. Афтæ хъуыды кæнын æмæ, ахæм зæрдæйы уагимæ махæн уыдзæн æнтыстытæ», – загъта уый

Республикæ Хуссар Ирыстоны медицинæйы рæзын кæныны сæ архайды  тыххæй бузныджы нысанæн Бибылты Анатоли уазджыты схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй.

Хæлардзинады ордентæй хорзæхджын æрцыдысты Игорь Михалев æмæ Сергей Пузин «РХИ-йы æмæ УФ-йы адæмты ‘хсæн хæлардзинады ахастытæ æмæ æмгуыстад сфидар кæныны хъуыддагмæ сæ хайбавæрды тыххæй, афтæ ма медико-социалон экспертизæйы рæзтмæ хайбавæрд æмæ Хуссар Ирыстонæн квалификациджын специалисттæ бацæттæ кæныны практикон æххуыс бакæныны хъуыддагмæ сæ бавæрды тыххæй», Евгений Ачкасов та  хорзæхджын æрцыд «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 10 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.