Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ уал 6-æй 7 августмæ æхсæвы сæфсæрстой Цхинвалы районы Дменисы хъæумæ. Хъæубæсты æхстой хæцæнгæрзты æппæт хуызтæй. Ракодтой сын æгæрон стыр зиæнттæ. Æхстой Сарабукъы хъæумæ дæр. Фæндыд сæ бæрзæндтæ бацахсын æмæ ууылты Дзауы коммæ ныирвæзын. Ирон сахъ лæппутæ сæхиуыл хæцыдысты. Се `хстытæн сын 40 минуты бæрц дзуапп нæ лæвæрдтой. Гъе, фæлæ куынæ æмæ куынæ æнцадысты, уæд уыдон дæр æхсын райдыдтой…

7-æм августы райсомæй Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ æхсын райдыдтой горæт Цхинвалы цæрæн кварталтæм. Æхсгæ та кодтой Никозы хъæуæй. Æхстыты фæстиуæгæн фыццаг зиæнттæ æрцыд Цæрæн массивыл.

7-æм августы ма Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ тынг æхстой Цхинвалы районы Къостайы хъæумæ дæр. Стыр зиæнттæ ракодтой хъæубæстæй бирæты хæдзæрттæн. Уыдис дзы уды зиæнттæ æмæ цæфтæ дæр.

Гъе, фæлæ дзы диссæгтæ уый фæстæ уыд. 7-æй 8-æм августмæ æхсæвы сæ æхсынæй æппындæр нæ банцадысты. Уæлдай тынгдæр та æхстытæ скарз сты 8 августы æмæ уый фæстæ бонты, цалынмæ нæм Стыр Уæрæсейæ æххуыс фæзынд, уæдмæ. Æгæрон стыр зиæнттæ ракодтой горæтæн. Æвæццæгæн дзы æвыдæй иу хæдзар дæр нæ аирвæзт. Фæлæ уæддæр æнæзæгъгæ нæй, иууыл стырдæр зиæнттæ кæмæн ракодтой, уыдоны тыххæй.

Остъайы фырты уынджы сæ уæлхæдзæрттæ ныппырх сты 16, 19, 20, 33, 34 æмæ 35 хæдзæрттæн.

Сталины уынджы спортивон скъолайы дæллаг фарс цы хæдзар ис, уымæн дæлæрдыгæй  къулыл снаряд сæмбæлд 3 æмæ 4 уæладзгуыты къултыл æмæ сæ батыдта. Цалдæр фатеры дзы цъыбыртты сыгъд баисты. Сталины уынджы 100-йæм хæдзары дæлæрдыгæй къулыл сæмбæлд цыппар снаряды æмæ йæ фегæмттæ кодта. Тагъд станцы уæлхæдзар ныппырх. 65 æмæ 58 хæдзæрттæ бынтон пырх æрцыдысты. 57, 53, 51, 49, 47-æм хæдзæрттæн сæ къултæ ныппырх кодтой. 27-æм хæдзарæн куыд йæ къултæ, афтæ йæ уæлхæдзар дæр. 19-æм хæдзар та  цъыбыртты сыгъд бацис. Абайты Васойы цырты сæрæн йе `мбис атахт.

Тельманы уынджы 89 бирæуæладзыгон хæдзары фыццаг уæладзыджы  дыууæ хатæны къултæ батыдтой дæлæрдыгæй фарс. Гъе, фæлæ дзы хъуыддæгтæ уыцы хæдзарæй суанг Исахъы уынджы онг æрцыд. Куыд уынгæн йæ уæллаг фарс, афтæ дæллаг фарс дæр хæдзæрттæ иууылдæр цъыбыртты сыгъд баисты Мидхъуыддæгты министрады уæллаг фарс цыппар хæдзары пырх æмæ сыгъд æрцыдысты. Йæ уæллаг фарс стыр аптекæ кæй хонæм, уымæн дæр ракодтой стыр зиæнттæ. Уырдæм æввахс сывæллæтты цæхæрадон дæр ныппырх. Ныппырх сты æмæ басыгъдысты Парламенты хæдзар, Мæскуйы уынгыл универмаг, Паддзахадон университет. Вокзалгæрон уынджы бæстыхæйттыл дæр бирæ рæтты сæмбæлд снарядтæ æмæ сын стыр зиæнттæ ракодта. Уæдæ æвыдæй нæ баззадысты Ленины уынджы цæрæн хæдзæрттæ дæр. 14, 15 æмæ 17-æм хæдзæрттæ тынг ныппырх сты. Стыр  зиæнттæ рачындæуыд 19-æм хæдзарæн дæр. 24-æм æмæ 41 хæдзæртты къултæ дæр ныппырх сты. Снаряд сæмбæлд зонад-иртасæн институты къулыл æмæ йæ батыдта.Стыр зиæнттæ рачындæуыд республикон библиотекæйæн. Сæ уæлхæдзæрттæ пырх æрцыдысты æмæ стыр зиæнттæ ракондæуыд 62, 66, 88, 95, 97, 99, 101, 107,113 æмæ 115-æм хæдзæрттæн. Бынтондæр басыгъдысты 116, 118 æмæ 120-æм цæрæн хæ-дзæрттæ. Ныппырх 5-æм астæуккаг скъолайы уæлхæдзар. Цалдæр раны снарядтæ сæмблдысты йæ къултыл дæр. Стыр зиæнттæ ма ракодтой 143, 147 æмæ бирæ æндæр хæдзæрттæн дæр.

Гæззаты Вадимы уынджы 6, 7, 9, 10 æмæ 12-æм хæдзæртты уæлхæдзæрттæ ныппырх сты. 13,15 æмæ 17-æм хæдзæрттæ цъыбыртты сыгъд баисты. Сиукъаты  Таймуразы уынджы 3-аг хæдзарæн йæ уæлхæдзар ныппырх, басыгъд, 5-æм хæдзар та бынтондæр ныппырх. Дзабиты Генадийы уынджы цъыбыртты сыгъд баисты 72, 74, 76 æмæ бирæ æндæр хæдзæрттæ. Уыдис дзы уды зиæнттæ дæр. Октябры уынджы 118-æм хæдзары уæллаг фарс басыгъдысты фатертæ. Æниу сын нымайæн дæр нал уыд. Иунæг ахæм хæдзар дæр нæ баззад, нæ горæты, хъыгдард чи нæ баййæфта. Фæлæ уæддæр фидар лæууыдысты нæ хæцæг лæппутæ. Уæдмæ нæм æххуысмæ фæзынд æфсымæрон Уæрæсе æмæ знагæн ратта аккаг ныхкъуырд. Се стыр æххуысы руаджы та арæзт æмæ æндидзыд æрцыд знаджы къухæй цыдæриддæр пырх, сыгъд æрцыдысты, уыдон.

       БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.