Ныр къуырийы бæрц нæ респукбликæйы территорийыл рæзынц товарты æргътæ. Йæ аххосаг – æртаджы аргъ кæй фæфылдæр ис. уый.  Хæлцадон продуктты магазинтæ фæстаг къуыри цы товар æрластой, уыдонæн зынгæ сæ аргъ фæфылдæр кодтой. Афтæмæй уæз æрцæуы  фæлхасгæнджытыл – æнæуый дæр мæйæ-мæймæ сæ мызд нæ фаг кæны.

Мах бабæрæг кодтам цалдæр магазины, зæронд æргътæ абарстам ног æргътимæ. Хицæн магазинты зæронд æмæ ног товар схæццæ кодтой. Иууылдæр сыл ног æргътæ сæвæрдтой, 5-10 сомы фылдæр. Зæгъынц, зæгъгæ сæ ахæм аргъмæ æрластой. Ныккæнды уæм товарты фæсауæрцтæ нæй,  зæгъгæ сæ куы фарстон, уæд цæхгæр «нæй» загътой.

Æндæр магазинмæ æлхæнджытæ зивæггæнгæдæр цæуынц, фæлæ уым æргътæ нырма нæ фæфылдæр сты. Уæйгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй уый ног товар нæма æрласта. Æнæуый, дам, товар кæцæй ласын, уыцы фирмæ мæм товары æргътæ раппæрста. Хæлцадон товары аргъ, дам, фæфылдæр уыдзæн 5-7 проценты. «Æз дæр Цæгат Ирыстонæй товар куы æрласон, уæд мæнмæ дæр æргътæ фæивдзысты», – зæгъы уый.

Цардуагон химийы магазинтæй сæ иуы уæйгæнæг та афтæ зæгъы: «Мæнæн  дæр зын у, афтæ æвиппайды æргътæ кæй фæфылдæр сты, фæлæ цы бакæнон. Зæронд ласт товартæй ма мæм цыдæртæ баззад – сапæттæ, шампунтæ. Уыдон раздæр куыд уыдысты, афтæ сæ уæй кæндзынæн. Фæлæма æркæсут мæнæ ног товарты прайстæм. Бынаты сæ исчи куы контроль кæнид æмæ нын сæ бæрзонд аргъмæ куы нæ дæттиккой, Уæрæсейæн йæхи мидæг цы уадзынц, уыдон уæддæр куы нæ зынаргъ кæниккой. Æртаг йæхæдæг дæр фондз сомы фæфылдæр. Стæй уайтагъд фæфылдæр вæййынц таможнæйон фиддонтæ дæр. Хъæууон уавæрты цы продукттæ æрзайын кæнынц, суанг уыдон æргътыл дæр схæцынц», – загъта магазины хицау.

Æндæр магазин, цыран уæй кæнынц ноггуырд сабийы хæринæгтæ æмæ  æнæмæнгхъæугæ æрмæджытæ дæр, уым та зæгъынц, æргътæ сæм кæй фæфылдæр сты 5 сомы бæрц. Æрыгон мад йе ‘хцадонимæ æрхайгæйæ хъаст кодта: «Ныр та памперсты аргъ фæфылдæр. Уыдон æргътыл тынгдæр схæцыдысты. Рæстæгæй-рæстæгмæ алыгъуызон æфсæнттæй – куы пандеми, куы санкцитæ, куы æртаг. Мыздтæ та æнæивгæйæ баззайынц.

Ацы фарсты фæдыл нын экономикон рæзты министрады загътой, зæгъгæ  нæ бон нæу уавæрыл бандавын. Уымæн æмæ амалиуæггæнджытæн сæхицæй кæнгæ нæу æргъты рæзт. Æртаг та, зæгъгæ,  канд Хуссар Ирыстоны нæ фæзынаргъ, фæлæ æппæт Уæрæсейы дæр.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.