26 августæн,  нæ хæдбардзинад банымайыны бонæн Хуссар Ирыстоны царды цы нысаниуæг ис?

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой нæ горæты цæрджытæ:

Плиты Иринæ,  интеллигенцийы минæвар:

26 августы мах нысан кæнæм нæ царды иууыл нысаниуæгджындæр бæрæгбонтæй сæ иу – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымайыны бон. Уыцы бæрæгбонæн Хуссар Ирыстоны адæмы царды стыр нысаниуæг ис, растдæр зæгъгæйæ та – историон нысаниуæг. Мæнмæ гæсгæ, уый ахæм стыр бæрæгбон у, цыран фæрсæй-фæрсмæ уæвынад кæнынц цины æнкъарæнтæ æмæ æрхæндæгдзинад. Цины æнкъарæнтæ æмбæрстгонд сты. Уымæн æмæ æнусты дæргъы ирон адæм хæдбар, нымад паддзахадмæ бæллыдысты æмæ сæ къухы бафтыд.   Æрхæндæг æнкъарæнтæ та уымæн, æмæ паддзахадон хæдбардзинад нæ къухы бафтыд бирæ удты аргъæй, бирæ дыркъуым фæндæгтыл рацæугæйæ æмæ бирæ хъизæмæрттæ бавзаргæйæ.

Ныр 9 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны нал хæлынц знаджы минæтæ æмæ бомбæтæ, нал хъуысынц «Грады» системæйы срæмыгъдтытæ. Нæ республикæ цадæггай æндидзын райдыдта. Адæм сæ сомбоныл кæй баууæндыдысты, хуыздæр цардагур кæй нал лидзынц республикæйæ, уый дæр кæуылты хорз хъуыддаг у. Ацы сабыр цард æмæ райрæзтæн гарант у Стыр Уæрæсе, уый æххуысæй æндидзы нæ паддзахад дæр, йæ фарсхæцынадæй цæрæм сабыр арвы бын.

Кæд зæрдæйы фæндиаг нæ, уæддæр цадæггай йæ къахыл лæу-уын райдыдта нæ экономикæ. Зæрдæйы фæндиаг уымæн нæ рæзы, æмæ йæ бирæ азты дæргъы нæ хуссайраг сыхæгтæ нысанмæздæхтæй пырх кодтой. Федзæрæг кодтой нæ хъæуты, зынджы хай сæ фæкодтой. Нæ паддзахад та аграрон уыд. Уæдæ афтæ æнцон нæу æртхутæгæй экономикæйы сæндидзын кæнын. Уымæ нæ кæсгæйæ, архайынц нæ къухдариуæгад, уыдон арæхстджын архайд æмæ Уæрæсейы æххуысæй размæ цæуæм ныфсджын къахдзæфтæй.

Абайты Клавдия, хæдзарон æфсин:

Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу у 26 август  Уæрæсейы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон. Ацы бонмæ мах дæргъвæтин фæндагыл рацыдыстæм, æмæ нæ къухты цы аргъæй бафтыд, уый ферох кæныны бар махæй никæмæн ис. 2008 азы 26 августы бон  цæмæй æрлæууыдаид, уый тыххæй нæ адæмæй сæ цард бирæтæ рауæлдай кодтой, бирæтæ радтой сæ удтæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ цæрæнбонты бæллицц сæххæст уыдаид.

Хуссар Ирыстон никуы ферох кæндзæн йæ хъайтарты рухс нæмттæ, никуы сын ферох кæндзæн се сгуыхтдзинад. Ныр мах æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй нæ хъæбатырты сгуыхтдзинæдтæ, сæ цард нæ паддзахаддзинады размæцыды тыххæй чи рауæлдай кодта, уыдоны фæндтæ æмæ бæллицтæ æнæхъуаджы ма фæкæнæм, уый тыххæй. Махæй алкæйы хæс дæр у æнæзæрдæхудтæй кусын, нæ паддзахады рæзмæдзыды тыххæй архайын, алы фадыджы дæр æй раразмæ кæнын æмæ йæ ног æмвæзадмæ схизын кæнын.

Кокойты Яков, службæгæнæг:

– Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон хуссайраг ирæттæн стыр бæрæгбон у, уымæн æмæ нын нæ паддзахады официалон æгъдауæй банымадта Уæрæсейы Федераци. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы æрдыгæй уый уыд ахсджиаг æмæ бæрнон политикон къахдзæф. Уымæй дунейы бæстæты ‘хсæн схызт йæ рейтинг. Махæн та æрхаста гарантигонд сæрибардзинад. Стыр бузныг Уæрæсейы къухдариуæгад æмæ адæмæн се ‘ххуысы тыххæй.

Санахъоты Азеринæ, горæты цæрæг:

– Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон нæ адæмæн стыр бæрæгбон у. Уымæн ахсджиаг бынат ис Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы. Ирон адæм æнусты дæргъы бæллыдысты æмæ цыдысты ацы бонмæ æмæ нæ къухы куы бафтыд, уæд хъуамæ архайæм нæ паддзахады райрæзты æмæ йæ сфидар кæныны тыххæй, хъуамæ хъуыды кæнæм нæ рæзгæ фæлтæры фидæныл, цæмæй мах цы хъизæмаæрттæ бавзæрстам ацы нысаниуæгджын бонмæ цæугæйæ, уый мауал бавзарой нæ кæстæртæ, фидæны фæлтæртæ. Мах æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй нæ фæстагæттæн уа рухс фидæн, хъуамæ сæ бафтауæм раст фæндагыл, радтæм сын раст хъомылад. Уыимæ иумæ хъуамæ ма ферох кæнæм, нæ хæдбардзинады тыххæй йæ цард чи рауæлдай кодта, уыдоны рухс нæмттæ.

Тедеты Маряннæ, горæты цæрæг:

– Хæдбардзинад банымайыны бон стыр бæрæгбон у хуссайраг ирæттæн.  2008 азы 26 августмæ мах бирæ рæстæджы дæргъы цыдыстæм. Абон махæн ис хæдбардзинад, сæрибар паддзахад æмæ уымæй стæм сæрыстыр. Рæстæг цæуы, бирæ цыдæртæ ферох вæййынц, фæлæ мах ма хъуамæ ферох кæнæм, нымад, хæдбар паддзахад нæ къухты цы аргъæй бафтыд, ма хъуамæ ферох кæнæм, йæ уд хæдбардзинады сæрвæлтау чи радта, нæ уыцы цардуарзаг, æдзард хъæбатырты рухс нæмттæ. Мах нæхи номæй дæр æмæ уыдоны номæй дæр хъуамæ архайæм нæ хæдбардзинад сфидар кæныныл, нæ паддзахады размæцыдыл, ног æмвæзадмæ йæ схизын кæныныл.

Уавæрæй спайда кæнгæйæ мæ стыр бузныг зæгъын фæнды Уæрæсейæн, йæ фарсхæцынады, йе ‘ххуысы æмæ нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, æппæт уыдæтты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.