26 августæн нæ царды цы нысаниуæг ис?

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ зæгъынц нæ горæты цæрджытæ:

Тедеты Сергей, службæгæнæг:

– Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинадмæ цы фæндагыл фæцыд, уый уыд дæргъвæтин æмæ тынг вазыгджын. 1920 азмæ Ирыстон иууоныл нымад цыд,  дих æй кодтой æрмæстдæр хæхтæ, фæлæ уыдон дæр ныхдур нæ уыдысты, уымæн æмæ адæм кæрæдзимæ цыдысты хæхтыл дæр. Зын цæуæн сын уыд æрмæстдæр зымæгон фæндагыл. Фæлæ советон дуджы æрлæудæй Ирыстоны адих чындæуыд цæгат æмæ хуссарыл. Цæгат Ирыстонæй хъауджыдæр Хуссар Ирыстонæн йæ уавæр уыд вазыгджындæр. Уымæн æмæ Уæрæсейы сконды уæвгæйæ, Цæгат Ирыстонæн уыд республикæйы статус, уыд ын йæхи Конституци дæр. Хуссар Ирыстон та уыцы хæрзиуджытæй цух уыд. Афтæмæй цардыстæм кæйдæр конституцимæ гæсгæ, нæ цардыуаг дæр арæзтам Гуырдзыстоны цæстæнгас-мæ кæсгæйæ. О, фæлæ, æвæццæгæн, абон дæр Гуырдзыстоны сконды уыдаиккам, гуырдзиæгтæ сæхицæн монопаддзахад аразын куынæ æрымысыдаиккой, уæд. Уыдон фæндыд æнæ ирæттæй цæрын æмæ сæ къухы дæр бафтыд. Уыдон рагæй фæстæмæ æп-пæтæй дæр архайдтой не ‘взаг æмæ нын нæ культурæ скуынæг кæныныл. Нæ бартыл куы сдзырдтам, уæд та æрæвнæлдтой ирæтты бынтондæр  скуынæг кæнынмæ. Фæлæ нæ хъæбатыр адæм 1989-2008 азты дæргъы хъа-хъхъæдтой сæ зæхх æмæ сæхи дæр. Уал азы дæргъы Гуырдзыстоны фашистон митæн æмбал нæ уыд. Уыдон хъавыдысты ирæтты тыхæй басæттынмæ, фæлæ ирон адæммæ ис иу диссаджы миниуæг, зын уавæрты уыдон æрбангом вæййынц æмæ сын уæд тыхгæнæг тых нал фæары.  Афтæ уыд ивгъуыд æнусы 90-æм азты дæр. Уæд нæ адæм загътой сæ фæндон, уыдон расидтысты хæдбар республикæ æмæ уыцы хæдбардзинад кæд уал азы дæргъы æндæр бæстæты æрдыгæй нымад нæ уыд, уæддæр уæвынад кодта, республикæ цард дунеон барадон нормæтæм гæсгæ, уыд ын йæхи паддзахадон атрибуттæ.

Уымæ нæ кæсгæйæ, Гуырдзыстон нæ уагъта йæ фыдмитæ, æхста алыгъуызон хæцæнгæрзтæй горæты. Æппæт ацы фыдракæндты кульминаци та уыд 2008 азы хæст. Æмбисæхсæв горæт «Град»-ы системæйы хæцæнгæрзтæй æхсын куы райдыдта æмæ йæ зынджы хай куы фæкодта, уæд. Фæлæ куыд фæзæгъынц, фыдлæг æмæ дам фыддуг бирæ нæ аххæссынц.

Кæд горæт пырх уыд, адæм та уыдысты фыдохы, уыцы бонты чи фæмард, уыдоны тыххæй, уæддæр 26 августы сæ зæрдæ барухс, æнæнхъæлæджы телевизорæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинадтæ банымайыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитри Медведевы барамынд куы фехъуыстой, уæд. Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн уыцы къахдзæф уыд раст æмæ ныфсджын.

Уæрæсейы уыцы къахдзæфы фæстæ Хуссар Ирыстон йæ риуыдзаг сулæфыд, йæ территорийыл æрбынат кодта сабырдзинад. Ацы сабырдзинад æмæ хæдбардзинады гарант та у Уæрæсейы Федераци. Æмæ уый чысыл хъуыддаг нæу. Уымæн ис куыд политикон, афтæ экономикон нысаниуæг дæр.

Мæн уырны æмæ цалдæр азы фæстæ нæ республикæ уыдзæн дидинæфтаугæ, хъæздыг паддзахад. Уый тыххæй та мах хъæуы кусын, хи схъæздыг кæныны тыххæй нæ, фæлæ уал нæ республикæйы размæцыды тыххæй. Уый фæстæ хъæздыг дæр кæндзыстæм.

Бæрæгбоны сæраппонд мæ фæнды раарфæ кæнын Ирыстоны адæмæн, ут æнæниз æмæ царды хорздзинæдтæй – хайджын.

Гæбæраты Палинæ, хæдзарон æфсин:

Дæргъвæтин азты дæргъы агрессивон сыхаджы ныхмæ лæууынæн кæрон æрцыд 26 августы, уымæн æмæ нын нæ хæдбардзинад Уæрæсе куынæ банымадтаид, уæд та нæм йæ ныфс æрбахастаид. Фæлæ абон махæй алчи дæр æмбары, Уæрæсейы Федераци нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уымæн цы стыр æмæ ахсджиаг нысаниуæг ис, уый. Уæрæсе нæ фервæзын кодта куынæгæй, æрбалæууыд нæ хæстон хъæбатырты фарсмæ æмæ знаджы фæсырдта нæ зæххæй. Мах бузныг стæм Уæрæсейы къухдариуæгад æмæ йæ адæмæй, кæй нын банымадтой нæ хæдбардзинад æмæ нын абоны онг дæр кæй æххуыс кæнынц, уый тыххæй.

Тадтаты Викæ, амалиуæггæнæг:

Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы нысаниуæгджындæр бæрæгбонтæй иу у 26 август – нæ республикæйы Хæдбардзинад банымайыны бон. Ацы бон кæд цины бæрæгбон у, уæддæр мæ зæрдæ вæййы æрхæндæг, уымæн æмæ уыцы боны тыххæй сæ цард бирæ æвзонг удтæ рауæлдай кодтой, бирæ туг ныккалд. Фæлæ хорз у, æмæ уыцы зиæнттæ æнæхъуаджы нæ фесты, уыцы æдзард адæймæгтæн сæххæст сæ бæллиц, кæд æй сæхæдæг нал æрæййæфтой, уæддæр. Абон хæдбар, сæрибар паддзахады уыцы лæппуты фæрцы цæрæм æмæ сын сæ ном макуы хъуамæ ферох кæнæм. Æнæдзургæйæ алæугæйæ сын сæ рухс нæмттæ кæй ссарæм, мæнмæ гæсгæ, уый фаг нæу, сæ ном сын арын хъæуы куыстæй дæр, хорздзинæдтæй дæр,  ирон æгъдауæй дæр æмæ а. д.

Тынг ахсджиаг хъуыддаг уыд, Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта æмæ нын уый фæстæ дæр финансон æххуыс кæй кæны. Фæлæ уыцы æххуыс цæрæнбонтæм нæ уыдзæн, уый фæстиуæгæн нæхæдæг дæр хъуамæ кусæм счъилдысæй, цæсгомджы-нæй æмæ уæд сараздзыстæм æцæгæйдæр хæдбар, размæцыд паддзахад, цыран амондджынæй цæрдзысты нæ хъæбултæ, хъæбулты хъæбултæ…

Санахъоты Сарди, пенсиисæг:

2008 азы 26 августмæ нæ адæм æхсæз æнусы дæргъы цыдысты. Уыцы фæндаг нæ уыд лæгъз, фæлæ нæ фæтасыдысты нæ адæм, нæ фæтарстысты зындзинæдтæй, знаджы нæмыгæй æмæ фæндвидардзинады фæрцы сæ къухы бафтыд нымад, хæдбар паддзахады цæрын.

Нæ бæллиц кæй сæххæст уыдаид, националон-сæрибаргæнæн тохы кæй фæуæлахиз уыдаиккам, уый бирæты нæ уырныдта, уыцы нымæцы нæ областы къухдариуæгадæй дæр кæйдæрты, фæлæ нæ равзæрст фæндаг раст кæй уыд, уый уырныдта нæ адæмы, цыдысты йыл æнæфæиппæрдæй æмæ сæ уый æркодта ацы уæлахизмæ дæр. Ноджыдæр ма йæ зæгъдзынæн, ацы бонæн æнæрцæугæ нæ уыд, уый развæлгъау бæрæг уыд, уымæн æмæ хуссайраг ирæтты тохæн хъуамæ уыдаид хорз фæстиуæг. Уый дзурæг у ууыл, æмæ адæмы фæндон рæстдзинадыл дзурæг куы уа, уæд ын басæттæн нæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.