СÆ ЦАРДÆН ТÆССАГ УАВÆРТЫ САЛДАТЫ БУАРÆЙ СИСТОЙ, ЧИ НЕ СПЫРХ, УЫЦЫ СНАРЯД

Луганскы Адæмон Республикæйы уæвæг Уæлдæфон-десантон æфсæдты Тулæйы баиугæнды хицæн медицинон къорды операцигæнæны сисгæ æнахуыр видеокадртæ: пациенты цæттæ кæнынц операцимæ, йæ алыварс медиктæ урс халатты не сты, фæлæ бронежилеттæ æмæ каскæты. Дохтыртæ сæхи цæттæ кæнынц, хæстоны къахæй чысыл снаряд сисынмæ. Операци рынчындоны кæм хъуамæ саразой, уыцы уæладзыгæй ракодтой иннæ медикты æмæ пациентты…

Йæ фæсномыг Цыба кæмæн у, уыцы хæстоны æрбаластой фронты раззаг хаххæй.  Уымæн йæ бон ссис, куыд фæцæф, уый радзурын. «Цыдыстæм хæслæвæрд сæххæст кæнынмæ. Артемовскы цур нын нæ машинæ спырх кодтой украинæгтæ. Мах иууылдæр фæцæфтæ стæм. Мæ агъд тугæйдзаг кæй у, уый федтон, лæппутæн машинæйæ рахизынæн куы баххуыс кодтон, уый фæстæ. Хъуыд тагъдыл архайын, мæхиуыл хъуыды кæныны рæстæг мын нæ уыд. Мæ зæрдыл лæууы, срæмыгъды фæстæ рахаудтæн машинæйæ мæ сæрæй бынмæ, афтæмæй. Уый фæстæ æрбамбырд кодтон лæппуты æмæ алыгъдыстæм цалдæр метры. Дыууæ минуты фæстæ машинæ спырх æмæ нæ сэвакуаци кодтой. Иууылдæр нæ æрбаластой госпиталмæ», – загъта уый.

Томографи йын куы сарæзтой, уæд… ын операци аразын бахъуыд сапертимæ. Медицинон кусджытæ иууылдæр уыдысты каскæты æмæ бронежилетты. Томографийы нывтæм гæсгæ, сапертæ сбæрæг кодтой, хæстоны къахы кæй ис 30 миллиметрон автоматон сармадзан 2А4А-йы снаряд. Пациентыл дæр скодтой бронежилет. Снаряд сисыныл архайдтой сахатæй фылдæр. Куы йæ систой, уæд æй нывæрдтой специалон контейнеры æмæ йæ радтой сапертæм.

Снаряд спырх операцион блокæй 3 метры æддæдæр. Фæцæфтæ сты хирург, дохтыр-реаниматолог æмæ инженер. Контузи райстой дыууæ дохтыр-хирургы æмæ дыууæ саперы. Ныртæккæ пациент йæхи хаты хорз. Медикты æмæ саперты цардæн дæр тас нæу.

Медикты бæрзонд профессионалондзинады фæрцы æнæстандартон операци фæцис æнтыстджынæй. Реабилитацийы фæстæ Цыба фæнд кæны ногæй йæ хæстон æмбæлттæм æрбаздæхын.

 

УЫД НОДЖЫ АХÆМ ЦАУ

Ивгъуыд аз ноябры мæйы Белгороды областы уæдмæ сарæзтой ахæм уникалон операци. Уæд та  фронты раззаг хаххы гранат ныффидар хæстоны риуы гуыдыры. Уыимæ пациент йæхæдæг рахызт тагъд æххуысы машинæйæ йæ риуы гранат, афтæмæй. Тагъдыл æй аластой операцигæнæн хатæнмæ. Уым дохтыртæ броне-жилетты æмæ каскæты хæстоны риуæй систой гранат. Операци ацыд æнтыстджынæй. «Æз уыдтæн операци мын саразыны ныхмæ. Нæ мæ фæндыд дохтырты цардæн тæссаг уавæр сæвзæрын кæнын. Уæд та ма срæмыгъта гранат», – операцийы фæстæ дзырдта кæстæр сержант Николай Пасенков. Хæстон цалдæр мæйæмæ сдзæбæх. Æмæ хирург Дмитрий Кимы та схорзæхджын кодтой «За спасение погибавших»-ы майданæй.

 

РАВДЫСТОЙ ÆГÆРОН СГУЫХТДЗИНАД

Сæрмагонд æфсæддон операцийы Запорожьейы здæхты  Луговскоейы районы украинæйаг развæдсгарæн къорды скуынæг кодтой артиллерийæ. Ацы фадыджы раззаг хаххы контрразмæбырстмæ бафæлвæрдтытæ  кæнынц карздæрæй карздæр. Ацы бонты 1429-æм мотоæхсæг полкы 6-æм ротæйы æхсæз хæстоны райстой бæрзонд паддзахадон хорзæхтæ. Ацы лæппутæ сарæзтой гæнæн цæмæн нæ уыд, уый, фæлæ уыдон хорзæхтыл нæ хъуыды кодтой. Ротæ цалдæр сахаты дæргъы тох кодта сæхицæй бирæ фылдæр чи уыд, уыцы ныхмæлæууæджы тыхтимæ. Знаджы артиллери хæстонтыл згъæлста снарядтæ. Уæрæсейаг хæстонтæ æхсæзæй фæсыкк кодтой аст атакæйы. Æрцыд сыл уды зиæнттæ. Се ‘хсæн – ротæйы командир дæр. Уый йæ царды аргъæй фервæзын кодта хæстонты цард.

1429-æм мотоæхсæг полкы æппæт сæрмагонд сконд сты мобилизацигонд. Ротæйы командир, хъæбатырæй фæмардуæвæг хистæр лейтенант Алексей Мельников у ивгъуыды æфсæддон тæхæг. Рауад афтæ, æмæ дæм цахæм фæнды професси ма уа, алчидæр фронты раззаг хаххы йæ хæс æххæст кæны кæронмæ. Мельниковæн фæцæфтæ сты йæ дыууæ къахы дæр, фæлæ фæстаг сулæфты онг командæ кодта йæ дæлхайыл. Йæ туг иууылдæр ныккалд тохы быдыры. Йæ амæлæты фæстæ йын цахæм хорзæх саккаг кæндзысты, уый нырма бæрæг нæу. Фæлæ йæ хæстонтæн уый у Уæрæсейы хъайтар.

 

***

Ацы бонты телеграмм-канал «Повернутые на войне» ныммыхуыр кодта эффектон кадртæ Запорожьейы здæхтæй. Уым æрмæст иу уæрæсейаг танк фæсыкк кодта атакæ æмæ æрурæдта украинæйаг æнæхъæн ротæйы. Кадрты зыны, уæрæсейаг позициты ‘рдæм уыцы иурæстæджы ныхмæлæууæджы аст техникæ сæрмагонд скондимæ кæй рацæйцыд, уый. Машинæйы экипаж райдыдта тох кæнын æмæ сцæф кодта Украинæйы гарзджын тыхты дыууæ танкы æмæ æхсæз бронемашинæйы. Уыдон басыгъдысты хъæды цур. Уый фæстæ йæ цыдæй ацыд ногæй йæхи сифтындзынмæ, ныхмæлæууæджы æппæт тыхтæ скуынæг кæнгæйæ. Ацы цау ирдæй равдыста танкæ-тæ тохы быдыры кæй сты ахсджиаг фæрæз æмæ сын нырма баивæн кæй нæй, уый.

Растдæр, сæрмагонд сконды фидар фæндондзинад æмæ фæлтæрддзинад фæсыкк кæны ныхмæлæууæджы размæбырст.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.