Дыккаг фæлтæр улæфджытæ йæхимæ райста Дзауы скъола-интернаты базæйыл чи байгом, уыцы спортивон-хосгæнæн лагерь «Фарн» дæр. Ам дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ баулæфдзысты 45 сывæллоны. Сæрдыгон лагермæ сывæллæтты горæтæй бакодтой 27-æм июлы æмæ ныр скъоладзау фæси вæд Дзауы сатæг уæлдæфмæ хъæлдзæгæй æрвитынц сæ улæфты рæстæг.

Нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрады хъæппæрисæй ацы аз дæр организацигонд æрцыдис сæрдыгон улæфæн лагерь æнæаргъæй. Министрады кусджытæ йын развæлгъау бацæттæ кодтой сæрмагонд программæ, кæцыйы руаджы æрыгон фæлтæр фидар кæндзысты се ‘нæниздзинад æмæ сæхи ирхæфсдзысты алыгъуызон хъæзтыты руаджы.

Лагерь «Фарн»-ы организатор-хъомылгæнæг Джергаты Ритæ нын куыд загъта, уымæ гæсгæ лагеры ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй сывæллæттæн сæ улæфт уа комфортон. «Махмæ улæфынц, иуæндæсæй цыппæрдæс азы онг кæуыл цæуы, ахæм кары сывæллæттæ. Уыдон сты нæ республикæйы горæт æмæ районтæй. Лагермæ райстам æххуысхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонты сывæллæтты. Ныртæккæ уал сывæллæттæ зонгæ кæнынц кæрæдзиимæ æмæ лагеры куысты фæткимæ. Программæмæ гæсгæ архайæм, цæмæй сывæллæттæ хайад исой интеллектуалон хъæзтыты, спортивон ерысты, конкурсты. Алы бон дæр сын саразæм хъазтизæртæ, кæнæ дискотекæтæ. Сывæллæттæн хæрзад хæринæгтæ бахæрын кæнæм бон цыппар хатты. Уымæй уæлдай ма сывæллæтты æдасдзинады тыххæй лагеры хъахъхъæнынц милицийы кусджытæ», – банысан кодта Джергаты чызг.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.