РЦИ-Аланийы Дыгуры районы цæрæг Салхъазанты Георги фыццаг бонтæй фæстæмæ хайад исы Украинæйы уагъд-цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы. Георги йе ’фсæддон хæстæ хъæбатыр æмæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæны, уымæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг Владимир Путины арфæйы гæххæтæй. Уый тыххæй хъусын кæны патриотон клуб «Родина»-йы сæргълæууæг Хъарданты Тимур.

Сæрмагонд æфсæддон операци
Сæрмагонд æфсæддон операци

Хистæр лейтенант у Сындзыхъæуккаг. Ацы хъæуы тынг хорз нысæнттыл каст фæцис астæуккаг скъола дæр. Уæрæсейы Гарзджын тыхты сконды Салхъазанты Георги хъайтардзинад равдыста Киев, Лиман, Лисичанск æмæ Запорожьейы здæхтыты ныхмæлæууæджы уæлдæфон æрбабырсты фæрæзтæй æфсæдты бахъахъхъæныны фæдыл хæслæвæрдтæ æххæст кæныны рæстæджы, сифтонг сын кодта ныхмæлæууæджы позиицтæм авиацийы æдас атахт.

***

Сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй ирыстойнаг æфсæддон службæгæнæг Æлборты Сослан хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй, 2-аг къæпхæны Æфсæддон кады майданæй, — хъусын кæны Телеграм-канал «Осетия-Алания 15».

Сæрыстыр дзы сты йе ’мхæстонтæ

Ирыстойнаг Тъехты Давид хорзæхджын æрцыд «Во славу Осетии»-йы майданæй. Хорзæх ын радта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, — уый тыххæй хъусын кæны батальонтæ «Алани» æмæ «Ирыстон»-ы Телеграм-канал.

«Давид Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ хъæбатыр æмæ намысджынæй æххæст кæны йе ’фсæддон хæстæ. Ис æм серьезон хæстон фæлтæрддзинад. Йæхи равдыста æууæнкджын æмслужбæгæнæг æмæ афицерæй. Сæрыстыр стæм Тъехты мыггаджы аккаг минæва-римæ зонгæ кæй стæм, уымæй», — фыссынц йæ хæстон æмбæлттæ.

Фронтæн балæвар кодтой машинæ

Сæрмагонд æфсæддон операци
Сæрмагонд æфсæддон операци

Слонаты бинонтæ дзæуджыхъæуккаг фистæг æфсадæн балæвар кодтой алкæмцæуæг «Нива». Ацы хæрзаудæн акци арæзт æрцыд Слонаты Камраны фæрцы. Уый æрмæст машинæ не самал кодта, фæлæ ма йæ сифтонг кодта техникон æгъдауæй. Машинæ йæ фыдимæ фæхæццæ кодтой хæстон архайдтыты районмæ æмæ йæ радтой хæстон дæлхæйттæй сæ иуæн. Экспертты ныхæстæм гæсгæ, ахæм машинæтæ ныртæккæ тынг актуалон сты фронты æфсæддон службæгæнджытæн.

Нæ уацх.