Æртыццæджы ирон дзыллон информацийы фæрæзты сæйраг темæ уыдис Датиты Алан Георгийы фырты Уæрæсейы Хъæбатыры стъалыйæ кæй схорзæхджын кодтой, уый хабар. Ахæм стыр кады аккаг Аланы скодтой Сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы æрвон тыгъдады уæлдæр пилотаж æмæ тæмæссаг хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй. 

 «Хæцыди Сирийы, 7 уæлдæфон тохы знагыл фæуæлахиз. Украинаг æфсæддонтæ йæ рацахсынмæ хъавыдысты æмæ аккаг дзуапп радтгæйæ знаджы нæмыг æмæ уацары амæттаджы хъысмæтæй фервæзтис. Цы ма зонæм абон мах Цæгат Ирыстоны гуырд Уæрæсейы Хъайтары тыххæй?», – фыссы хæстон эксперт Мæрзойты Олег.

Мах дæр басгæрстам интернет æмзæххон хъайтары тыххæй  информаци ссарыны охыл…

Хъысмæт бæлвырдгæнæг

дыууæ легендарон кинонывы

Датиты Аланы фыд хуымæтæг шофыр уыдис (дыууæ азы размæ фæзиан), мад та – хæдзары æфсин. Фæлæ уæддæр Аланы æфсæддон династийы фæдон рахонæн дæр ис, уымæн æмæ йæ иу дада Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цæхгæр уырдыгмæ тæхæг бомбæтæкалæджы техник уыдис, иннæ та хæцыди фистæг æфсады.  Сабидуджы фидæны хъайтары зæрдæйы стыр фæд ныууагътой хæсты тыххæй ист дыууæ легендарон кинонывы.

“Мæ сывæллоны бонты мын уыдис стыр бæллиц. Куыддæр киноныв «В бой идут одни старики» федтон, афтæ загътон мæхицæн – æз уыдзынæн тæхæг. Уыдис ма ноджы иу хъысмæт бæлвырдгæнæг киноныв, – «Офицеры». Уый фæстæ йæ кæронмæ бамбæрстон – мæ фыдæлтау æз дæр хъахъхъæндзынæн райгуырæн бæстæ», – цалдæр азы размæ радзырдта Датиты Алан «Липецкая газета»- йæн интервьюйы. 

Скъоладзауæй Алан йæхи ныффыста Техникон сфæлдыстады республикон центры хæдтæхæджы хуызæг аразæн кружокмæ. Фæстæдæр авиамоделизмы журналы ссардта хъусынгæнинаг Краснодары тæхджыты уæлдæр æфсæддон училищæмæ курсанттæ кæй исынц, уый тыххæй.

– 2000 азы военкоматмæ хыгъды слæууыны фæдыл куы æрбацыдтæн, уæд рабæрæг ис, æнæхъæн Дзæуджыхъæуæй мæн йедтæмæ кæй ничи фæнд кæны тæхджыты ахуыргæнæндонмæ бацæуын. Уыцы рæстæджы тæхæджы професси модæйы нæ уыдис. Ме ‘мбæлттæй алчидæр бæллыдис кæнæ банкир, кæнæ бизнесмен суæвынмæ.  – мысы афицер. – Дзырдтой мын бирæ ныхмæлæуд ныхæстæ дæр, суанг ма, зæгъгæ,нæ дæ райсдзысты, уымæн æмæ физикон æгъдауæй уыцы службæйы аккаг нæ дæ.

Уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндон Алан фæци каст сырх дипломимæ æмæ йæ уымæ гæсгæ йæхи училищæйы баурæдтой инструкторæй. Фæлæ æртæ азы фæстæ, Датийы фырт йæхæдæг балæвæрдта куырдиат, цæмæй йæ Липецкмæ арвитой – рагæй йæ фæндыд уыцы кадджын æфсæддон хайады службæ кæнын. Уæрæсейы æппæты хуыздæр профессионалон тæхджытæ сæхицæн  стыр кадыл нымайынц  Ли-пецкы авиацентрмæ бахауын.

Дыккаг фыдыбæстæ

Липецк Аланæн сси йæ дыккаг рай-гуырæн бæстæйы хуызæн. Фæлæ йæ удлæууæн Ирыстонимæ бастдзинад уымæй ноджы тынгдæр сфидар ис. Æниу, уым, Уæрæсейы Саумæр регионы, йæ зонгæтæ хорз зонынц, кæцон у æмæ чи у.  “Афтæ сæм кæсы, иугæр Кавказы райгуырдтæн, уæд æнæмæнг физонæг кæнынмæ стыр дæсны хъуамæ уон. Иннæтау арæхсын, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ стыр дæсны нæ дæн. Нæхимæ уыцы хъуыддаг мæ фыды бар уыдис æмæ мæнæн та, хъыгагæн, нæ бантыст нæ хæдзарон хæринаггæнæджы сусæгдзинæдтæ базонын. Афтæ зæгъæн ис, æмæ уымæй уæлдай  мын хъазгæйæ дæр никуы ничи бамбарын кодта, æндæр адæмыхаттæй кæй дæн, уый. Иууылдæр æй зонынц – ирон дæн».

Профессионалы номы аккаг кæй дæ, уый хъуамæ дæ алы ратахтæй дæр фидар кæнай æмæ уый æнцон хъуыддаг нæу. Тæхæджы куыст æнцон никуы уыди, фæлæ ивгуъыд азтимæ абаргæйæ, нырыккон дуджы хæдтæхæг амонын бирæ зындæр у, уымæн æмæ нырыккон дуджы уæлдæфон машинæтæ компьютерон техникæйæ уыйбæрц ифтонг сты æмæ сæ «авиакомплекс» хонын райдыдтой, фыссы «Липецкая газета».

Цалдæр азы размæ дæр Датиты пилот лæппуйы бар бакодтой  бынтон ног техникæ – бирæфункционалон куынæггæнæг хæдтæхæг СУ-35С. Йæ фыццаг хæстон фæлтæрддзинад дæр уыцы машинæ амонгæйæ райста.

Авд стъалыйы

Сирийы цы фæлтæрддзинад райста, уый йæ тынг бахъуыдис сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы дæр. Ныртæккæ Датиты Алан у хуыздæр уæрæсейаг тæхджытæй сæ иу. Ног уæрæсейаг территоритыл операцийы 7 уæлдæфон тохы рамбылдта, фыссы æфсæддон эксперт Мæрзойты Олег. Иу хæстон ратахты рæстæджы йæ машинæ серьезон æфхæлцтæ баййæфта æмæ Аланы æнæбары бахъуыди знаджы территорийыл катапультæйæ спайда кæнын.  Зæххæй йæ æхсын райдыдтой, фæлæ нæ фæуыргъ ис Алан. Парашютимæ арæхсджын архайд кодта æмæ йыл иу нæмыг дæр нæ сæмбæлд. Зæххыл куыддæр фидарæй æрлæууыд, афтæ йæ бынаты координаттæ фехъусын кодта æмæ йæм цалынмæ сгæрсты дæлхайæдтæ æххуысмæ æрхæццæ сты, уæдмæ дзуаппæхст кодта знæгты.

Арфæ дын кæнæм, цæхæрцæст ирон лæг, Уæлахиз у кæддæриддæр, Алан!

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.