РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Абхазы Республикæйы делегацийы минæвæрттæ, сæ Хъахъхъæнынады министр Мираб Кишмарияйы сæргълæудæй веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты цыртдзæвæны раз. Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады кусджытæ Марат Кулахметовы сæргълæудæй, Хицауады уæнгтæ, Мидхъуыддæгты министрады бæрнон кусджытæ, 4-æм базæйы æфсæддонтæ, депутаттæ, æхсæнады минæвæрттæ. 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы музыкалон оркестр сæххæст кодта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы гимнтæ.

Мадзал ауадзыны фæстæ Республикæйы къухдариуæгад æмæ уазджытæ ацыдысты Паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-мæ. Ам уагъд æрцыдис цытджын æмбырд.

Джиоты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.