Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта,  республикæйы тыхон структурæты службæгæнджытæй, журналисттæй, РХИ-йы Парламенты депутаттæ æмæ кусджытæй 1989-2008 азты Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты хайад чи райста, уыдоны.

Президент æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн, загъта сын бузныджы ныхæстæ се ‘рвылбонон куысты æмæ сæ хæстæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæнынц, уый сæраппонд.

«Хуссар Ирыстон бирæ æнамонддзинæдтæ бавзæрста æмæ сымах кæддæриддæр хъахъхъæдтат сабырдзинад. Адæм уый никуы ферох кæндзысты.

1989 азæй 2008 азмæ нæ республикæйы хæдбардзинад цы фæлтæртæ хъахъхъæдтой, уыдон ирон адæмы историйы баззайдзысты хъайтартæй. Ирыстоны патриоттæ æвзонг фæлтæрæн сты хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады символ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Æрæмбырдуæвджытæн Президенты цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, бинонты амонд, сæ разы æвæрд нысæнтты сæххæст кæнын, сæйраджы сæйраг та  алы хатт дæр æнæфыдбылызæй сæ хæдзæрттыл цы æмбæлой, уыцы фæндиæгтæ.

Паддзахады сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй «республикæйы хæдбардзинад чи хъахъхъæдта, уыдон æппæт дæр сарæзтой, цæмæй знаг ма бацахстаид республикæ æмæ йын ма скуынæг кодтаид йæ адæмы, цæмæй Хуссар Ирыстон уа тыхджын, размæ цæуа æмæ дидин æфтауа».

Уый фæстæ Президент Бибылты Анатоли Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотатæй æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн», «Сабырад хъахъхъæныны фæдыл службæйы тыххæй» æмæ «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты тыххæй» майдантæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.