Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы радон раундмæ цæттæ кæныны нысанæн æрæджы Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдысты ЕÆÆО, Евроцæдис æмæ ИНО-йы æмсæрдæрттæ æмæ сæ минæвæрттæ.

Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг, постконфликтон бæстонкæнынады фарстаты фæдыл Президенты æхæстбарджын минæвар Джиоты Мурат фембæлды рæстæджы банысан кодта, Женевæйы дискусситы раз цы хæстæ ис, уыдоны ахсджиагдзинад, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæны женевæйаг процессæн. Фембæлды нысан дискусситы радон раундмæ цæттæ кæнынимæ баст кæй у, уымæ гæсгæ нын, зæгъгæ, фадат ис боны фæткы фарстатыл уынаффæ кæнынæн, æмæ размæ радон къахдзæф саразынæн.

«Æрмæстдæр женевæйаг процессы руаджы нæ къухты бафтдзæн регионы æдасдзинад ифтонг кæнын æмæ юридикон бæрнджын документ – тыхæй не спайда кæныны фæдыл къухтæ æрфыссын», – банысан кодта Мурат.

Механизмты фæлгæтты куыст фæстаг рæстæджы гуырдзиаг фарсы аххосæй уагъд кæд нал æрцыд, уæддæр, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг фарс цæттæ у Женевæйы дискусситы æнтыстджын куыстмæ.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар йæ цымыдисдзинад равдыста гуырдзиаг æмбæстаг Арчил Тъатъунашвилийы мæлæты аххосæгтæм. Мах, зæгъгæ, зонгæ стæм, механизмты куыстыл кæй бандæвта уыцы серьезон инцидент æмæ гæнæн ис æмæ уыцы фæстиуджытæ аххæссой Женевæйы дискусситы онг, бæстон куынæ æрцæуа, уæд. Уый ныфс бавæрдта хуссарирыстойнаг фарсимæ æнтыстджын куыст кæнынæй.

Гуырдзыстоны æмбæстаджы мæлæт нæ хъæуы политизаци кæнын

Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы æмсæрдæрттæ ма  уыцы бон фембæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолиимæ.

Женевæйы дискусситы Президент банымадта ахсджиаг фæзуатыл нæ позици хъусын кæнынæн, республикæйы цы процесстæ цæуы, уыдонæн, æмæ нæ бæстæ дунеон организацитæ æмæ хуссар сыхаг бæстæимæ æмархайд кæнынæн. Гуырдзыстоны фарс абоны онг дæр тыхæй кæй нал спайда кæндзæн, уыцы меморандумыл йæ къух кæй нæ фыссы, уый дызæрдыджы æппары хуссарирыстойнаг фарсы.

Механизмты фæлгæтты куысты фæдыл Бибылты Анатоли банысан кодта, ацы бынат дæр кæй у, æдасдзинадыл дзырд кæм цæуы, ахæм бынат.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар йæ тыхстдзинад равдыста Арчил Тъатъунашвилийы мæлæты цауы фæдыл. Уый, зæгъгæ, бандавдзæн женевæйаг процессыл дæр.

Бибылты Анатоли бамбарын кодта минæварæн, Хуссар Ирыстонмæ сæ балцы нысан æндæр кæй у, Тъатъунашвилийы мæлæт та у политизацигонд цау.

«Закъон æмæ дунеон барадон нормæтæм гæсгæ, цæмæй ацы æмбæстаджы мард буар лæвæрд æрцæуа гуырдзиаг фарсмæ, уый тыххæй хъæуы тæрхондонон медицинон экспертизæйы бæлвырд документ. Ахæм фæтк æнæмæнг у, уымæн æмæ ацы адæймаджы мард буар æнæ  æнæмæнгхъæуæг документтимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд фыццаг чи хъæр кæндзæн, уыдон  уыдзысты сымах æмæ гуырдзиаг фарс. Уыцы æмбæлон экспертизæ та арæзт цæуы мæйы дæргъы», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли ма бамбарын кодта, Хуссар Ирыстонæй 150 адæймаджы бæрц кæй ис æбæрæгæй сæфт, фæлæ хайад исæм механизмты куысты дæр æмæ Женевæйы дæр.

Бахатыд фембæлды хайадисджытæм, цæмæй ацы цау уæлдай хатт политизаци ма цæуа, фæлæ эксперттæм сæ куыст бакæныны фæстæ лæвæрд æрцæудзæн. Уый ма рæгъмæ рахаста уый дæр, æмæ Тъатъунашвилиимæ цы дыууæ гуырдзиаг æмбæстаджы уыд ахст, уыдон Гуырдзыстонмæ цæуын нæ уæндынц, уымæн æмæ сæ пайда кæндзысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ.

Уыцы-иу рæстæджы Бибылты Анатоли банысан кодта, Гуырдзыстоны æнæконструктивон позици Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты куыст кæй æрурæдтой  æрæджы æмæ кæй ацыдысты. Уый, зæгъгæ, у деструктивон позици, кæцы не ‘ркæндзæн позитивон къахдзæфтæм.

Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ нал сразы сты сæ балцы программæйыл

Женевæйаг дискусситы дунеон организациты æмсæрдæрттæ сæ балцы фæлгæтты программæмæ гæсгæ хъуамæ бабæрæг кодтаиккой ног университеты бæстыхай, фæлæ нал сразы сты ууыл. Бибылты Анатоли сын куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ мах партнертæ стæм, университет бабæрæг кæнын дæр сæхи хъуыды уыд, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, разы нал сты. Уый дæр банымадта уæлдай политизацийыл.

«Университет Хуссар Ирыстоны зонады галуан у, цыран студенттæ ахуыр кæнынц. Мах проблемон фарстатæ хъуамæ хицæн кæнæм гуманитарон фарстатæй. Æмæ нæ уыцы хъуыддаджы иу кæны культурæ, зонад æмæ æндæртæ», – банысан кодта Президент.

Тойво Клаар кæд æмбарын кодта, зæгъгæ, мах Хуссар Ирыстонмæ Тъатъунашвилийы мард буар радтыны тыххæй не ‘рцыдыстæм, уæддæр бæрæг уыд уыцы зæрдæйы уаг. Уымæн æмæ æдзух сæ дзырды сæр уыд ууыл, зæгъгæ, мард буар лæвæрд куынæ æрцæуа, уæд уый негативонæй æндавы Женевæйы дискусситæм цæттæгæнæн куыстыл.

Тайво Клаар банысан кодта, цæмæй хиуæттæн лæвæрд æрцæуа мард буар æмæ йæ бавæрой. Иннæ дыууæ æмбæстагæн та, зæгъгæ, фадат хъуамæ уа сæрибарæй цæуынæн. Хæдбар экспертизæ ауадзыны хъуыддагыл разыдзинад равдыста минæвар.

Бибылты Анатоли банысан кодта, ацы позицийы ныхмæ кæй нæу, фæлæ нæ фæнды, цæмæй нæ фехъусат. Æнæ экспертизæ саразгæйæ гæнæн ис æмæ мард буар радтæм, афтæ политизаци куынæ æрцыдаид, уæд. Уымæ гæсгæ æнæ экспертизæйæ йæ радтыныл дзырд дæр нæ цæуы.

Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад кæд йæ позици лæмбынæг бамбарын кодта, уæддæр ЕÆÆО-йы минæвар Чарльз Лонсдэйл дæр сфæлхатт кодта йæ коллегæйы позици.

Президент, хъыгагæн, банысан кодта, зæгъгæ, æз дзурын фæлæ мæ нæ хъусут. «Мах тæрсæм провокацитæй, мард буар æнæ экспертизæйæ куы радтæм, уæд ноджы фылдæр негатив  райсдзыстæм. Махæн ницы проблемæтæ ис мард буар радтынæн. Уый тыххæй нын бар радтут æппæтдæр закъонмæ гæсгæ саразынæн. Æз æмбарын бинонты уавæр ныртæккæ, фæлæ нæ æмбарын, стыр политикæ дзы чи аразы, уыдоны», – банысан кодта, уый.

Чарльз Лонсдэйл уæд ныфс бавæрдта, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныны фæдыл ЕÆÆО-йæ хæдбар эксперт  Хайти Тальявинийы контракт дарддæр æрцыд æрдæг аз æмæ кусдзæн фарстыл.

Уымæн дзуаппæн Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, ныр дæс азæй фылдæр Хуссар Ирыстон архайы йæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæй исты бæрæг базоныныл.

«Нæ бирæ æмбæстæгты цардæй Тъатъунашвилийы цард ахсджиагдæр у? Æз афтæ нæ нымайын. Мах вандалтæ æмæ варвартæ  не стæм, фæлæ стæм закъоныл хæст адæм», – дзырдта Президент. Уый бацымыдис кодта, Гуырдзыстоны рдыгæй тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы меморандумыл йæ къух æрфыссыныл цæмæннæ разы кæны. Зæрдыл æрлæууын кодта, Женевæйы фæстаг фембæлды фактон æгъдауæй фæрстæ ууыл разы уыдысты, фæлæ цæмæдæр гæсгæ гуырдзиаг фарс нал сразы, ома, цæттæ нæма сты. Хуссар Ирыстонæн та уый йæ риссаг фарст у, кæд Уæрæсе æдасдзинады гарант у нæ зæххыл, уæддæр.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар банысан кодта, дискусситы радон фембæлды стыр размæцыдмæ кæй æнхъæлмæ каст, фæлæ Тъатъунашвилийы мæлæтимæ баст инциндент негативонæй бан-давдзæн процессыл. Бахатыд Бибылты Анатолимæ, зæгъгæ, æппæтдæр дæ къухты ис, ацы фарст куыд аскъуыддзаг уыдзæнис, уый.

Бибылты Анатоли хъусдард аздæхта Тъатъунашвилимæ цы æрмæджытæ ссардæуыд, уыдонмæ æмæ сæ банымадта, Гуыр-дзыстон меморандумыл йæ къух цæмæннæ фыссы, уыцы фарстæн дзуаппыл. Уыцы æрмæджыты мидис у ахæм, æмæ Гуырдзыстон кæй кусы тыхæй спайда кæныны фæдыл. Уый, зæгъгæ, у Гуырдзыстоны стыр авантюрæйы чысыл æвдисæн.

ИНО-йæ рæстæгмæ æмсæрдары хæстæ æххæстгæнæг Левент Бильман банысан кодта, æмсæрдæрттæ бауынаффæ кæныны фæстæ кæй сарæзтой хъусынгæнинаг, кæцыйыл хæст сты ныр дæр  ацы фарстмæ сын гуманитарон ахаст кæй ис.

«Механизмты куысты фæлгæтты цы факттæ хаст æрцыд, уыдонмæ гæсгæ æмбæстаг фæзиан йæхи низы аххосагмæ гæсгæ – зæрдæйы низæй æмæ йæ биологон æрмæг та ис экспертизæ аразынмæ. Мах эксперттæ не стæм, фæлæ мард буар дарын ницы пайда у», – дзырдта Левент æмæ уый дæр рахæцыд мард буар радтыны хъуыдыйы фарс.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, æхсызгон ын уыдаид минæвар хуссарирыстойнаг позицийы фарс куы рахæцыдаит. Фæлæ, зæгъгæ, сымах хорз зонгæ стут, Гуырдзыстонæн æппындæр кæй ницы ис иумиагæй гуманитарон ахастмæ.

Бибылты Анатоли фембæлды кæрон бузныг загъта минæвæрттæн æмæ ныфс бавæрдта Женевæйы дискусситы куыст æнтыстджын кæй уыдзæн. Уымæн æмæ уыцы куыст ахъазгæнæг у Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ æнцойадæн.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.