Мобилон бастдзинад «Мегафон Хуссар Ирыстон»-ы компанийы специалисттæ æмбæлынц республикæйы районты, уыцы нымæцы дæрддаг хъæуты æмæ дæрддзæф хъæуты цæрæг абоненттимæ. Бынаты уыдон цæрджытæн æмбарын кæнынц симкартæтæй куыд пайдачындæуы, хыгъд куыд баххæстгæнгæ у, æндæр тарифон планмæ куыд ахизгæ у, уыдæттæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй бирæтæн бастдзинады тыххæй æхца бафидыны фадат нæ вæййы – сæ хæдзарон куыстытæй сæ кæй нæ равдæлы, уымæ гæсгæ. Ахæмтæн бынаты лæвæрд цыд номыртæ. «Хъæутæй фылдæр адæм кæм цæры, уыцы бынæтты гом æрцæудзысты мобилон офистæ, уымæн æмæ бирæ фарстатæн аскъуыддзаггæнæн нæй, уыцы иу фембæлдæй», – зæгъы компани «Мегафон»-ы æхсæнадон бастдзинæдты фæдыл хайады сæргълæууæг Бежанты Зæринæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сæ зæрды ис æгас республикæйы хъæутыл æрзилын. Хъæуты администрациты сæргълæуджытæй куры, цæмæй сæм фæкæсой ахæм фембæлдтытæ ауадзынæн, фæдзурæн та ис ахæм номыртæм, æнæ аргъæй, 8 929 807 05 00.

«Нæ компани архайы, цас гæнæн ис, уымæй абоненттæн хуыздæр лæггад кæныныл. Кæд цалдæр азы размæ дæр интернеты куысты згъуыдтытæ уыд, уæд ныр фæзынд уавæртæ, цæмæй уый уа бæрæг тагъддæр æмæ гъæдджындæр. Мах хорз æмбарæм бирæтæ райгонд кæй не сты нæ бастдзинады æргътæй, фæлæ абон  нæй æндæр гæнæн. Ифтонггæрзтæ тагъд зæронд кæнынц, бахъæуы сæ ногтæй баивын. Хуссар Ирыстоны территорийыл дзæвгар Мегаполисы антеннæтæ æвæрд ис, уыдон, техникон æгъдауæй арæх фехæлынц, тарифтæ æмæ опцитæ арæх ивынц канд махмæ нæ, фæлæ æгас Уæрæсейы Федерацийы дæр. Цæрджыты цымыдис кодтой бирæ алыгъуызон фарстатæ. Уыдон æхсæн уыд ахæмтæ дæр, кæцытæ бузныг дзырдтой «Мегафон»-ы къухдариуæгадæн. Сымах руаджы, зæгъгæ, хайджын стæм мобилон бастдзинадæй», – зæгъы Бежанты чызг.

Бежанты Зæринæ ма куыд загъта, афтæмæй адæмæй бирæтæ цымыдис кодтой СМС-тæ фыссыны рæстæджы, кæннæд та банкон картæтæй ахыгъдтæ аразгæйæ «Мегафон»-ы бастдзинад исты гарантитæ дæтты æви нæ, уымæ.  Уый тыххæй афтæ зæгъы, зæгъгæ. Телекоммуникациты гаранти зынтæй цæуы лæвæрд. Ис ахæм хакертæ, кæцытæ рæхсынц æппæт программæтæ бакæнынмæ дæр, уымæ гæсгæ 100% гаранти дæттын «Мегафон»-ы бон нæу. Фæлæ ис бирæ фарстатæ, кæцытæ аскъуыддзаг кæнын у сæ бон. Цæмæй ахæм цаутæ ма цæуа абонентыл, уый тыххæй хъæуы куырдиат ныффыссын «Мегафон»-ы къухдариуæгады номыл. Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй дæрддзæф районты цæрджытæй бирæтæ нæ зонынц интернет-трафикæй пайда кæнын, бахизынц цавæрдæр бастдзинæдтæм, кæцытæ сты фидгæйæ, уымæ гæсгæ сæ фæрæзтæ бахардз вæййынц. Бирæ хатт та моделтæ блокировкæ æрцæуынц, сæ хыгъдтæ афтид кæй вæййынц уый тыххæй. Æппæт уыдæттæ æмбарын кодтой цæрджытæн.

Хицæн хъæуты цæрджытæ ма хъаст  кодтой, нырма дæр сæм кæй нæй мобилон бастдзинад. Æмæ сын бамбарын кодтой 2022-23 азтæн «Мегафон»-цы нывæзт сарæзта, уырдæм хаст кæй æрцыдысты дæрддзæфдæр цæрæн пунктты базæйон станцтæ сæвæрын. Уый та нысан кæны, уыцы районты цæрджытæ æрмæст мобилон бастдзинад нæ, фæлæ ма интернетæй дæр ифтонг кæй æрцæудзысты.

 

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.