Хуссар Ирыстоны фондз боны дæргъы цы фæсивæдон форум уагъд цæудзæнис, уый æрбангом кæндзæнис хæларадон бæстæты фæсивæды.

 РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй рæхджы 11 июнæй 15 июнмæ нæ республикæйы столицæ Цхинвалы уагъд цæудзæнис Фыццаг уæрæсейаг-ирон фæсивæдон форум, кæцыйы хайад райсдзысты нæ республикæйæн хæларадон бæстæты фæсивæды минæвæрттæ 18 азæй 35 азы кары онг.

«Хуссар Ирыстонмæ форуммæ фæуазæг уыдзысты Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй, Абхаз, Хæххон Къарабах, Приднестровье æмæ Цæгат Ирыстонæй. Форумæн развæлгъау арæзт æрцыдис йæхи сæрмагонд программæ æмæ дзы фæсивæд фондз боны дæргъы хайад исдзысты æндæр æмæ æндæр мадзæлтты – семинартæ, мастер-класстæ, тымбыл фынгтæ, спортивон хъæзтытæ æмæ æндæр ахæмтæ», – зæгъынц пресс-службæйы. Уыдон ма нын куыд радзырдтой, афтæмæй форум ауадзыны хъуыддаг, сæйраджыдæр, баст у, цæмæй нæ фæсивæд хæларадон бæстæты фæсивæдимæ уой æнгом æмæ уый та аразын хъæуы иугонд фæзуаты бындурыл, кæцыйы руаджы фæсивæд зонгæ кæндзысты кæрæдзиимæ. «Форумы сæйраг нысаниуæг у ахуырадон фæзуат саразын фæсивæды профессионалон, сфæлдыстадон хиреализацийы тыххæй, æвзонг адæймæгты проектон архайд стимуляци кæнынæн, афтæ ма æхсæнадæмон æмгуысткæнынады рæзт æмæ хæларадон бастдзинæдтæ сфидар кæны-нæн», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Форумы ахуырадон мадзæлтты фæсивæдæн сæ зонындзинæдтæ дих кæндзысты ахуыр-гæндтæ, политикон æмæ æхсæ-надон архайджытæ æмæ амалиуæггæнджытæ.

Форумы организатортæ ма сæ программæмæ бахастой Хуссар Ирыстоны фенддагдæр æмæ историон бынæттæм экскурситæ дæр.

«Фыццаг уæрæсейаг-ирон фæсивæдон форумы куысты ма хайад райсдзысты нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Фæ-сивæды хъуыддæгты фæдыл федералон агентады къухдариуæггæнæг Александр Бугаев æмæ æндæртæ. Фæсивæдæн ма бацæттæгонд æрцыдис культурон     программæ дæр æмæ сын фадат уыдзæнис æхцондзинад райсынæн», – банысан кодтой пресс-службæйы.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.