Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты хъæппæрисæй ацы аз дæр августы мæйы организацигонд цæуы Фæсивæдон ахуырадон форум «Алания-2020» этнографион лагеры базæйыл. Фæсивæдон форум уагъд цæудзæнис 18-æм августæй 24 августмæ Дзауы районы рæсугъддæр бынæттæй сæ иу – Начърепайы хъæуы. Фæсивæдмæ æнхъæлмæ кæсы цымыдисон программæ. Сатæг уæлдæфмæ баулæфын йæхæдæг дæр цасдæры аргъ у, адæймаг дзы райсы стыр æхцондзинад. Уый тыххæй нын фехъусын кодта РХИ-йы Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм мадзæлттæ сæйраджыдæр ахъаз сты рæзгæ фæлтæры удварнон-хæрзæгъдауон хъомыладæн. Æмæ ныр комитет кусынц, сæхи цæттæ кæнынц Фæсивæдон ахуырадон форум байгом кæнынмæ.

«Форумы проект, кæцыйæн йæ автор у журналист Тыбылты Алан, ссис Социалон-нысаниуæгджын проектты Æппæтуæрæсейон грантон конкурсы фæуæлахизуæвæг æмæ ныр фæсивæдæн ис уыцы фадат, цæмæйдæриддæр хайад райсой ацы форумы. Ахæм ма-дзæлттæ организацигонд цæуынц РХИ-йы Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты бирæазон æмæ фæстиуæгджын æмархайды руаджы Уæрæсейы фæсивæдон организацитимæ. Проектмæ гæсгæ, форум хъуамæ уагъд цыдаид, куыд æхсæнадæмон, фæлæ дунейыл коронавирус кæй апарахат, уый аххосагæн ма форумы хайад райсдзысты нæ республикæйы æмбæстæгтæ æмæ ма Хуссар Ирыстоны территорийыл æндæр æмæ æндæр нациты минæвæрттæй чи сты, уыцы фæсивæдæй дæр. Форумы нысан ма у – постсоветон тыгъдады фæсивæды æрбаиу кæнын æмæ кæ-рæдзи æхсæн хæлардзинад тауын», – банысан кодта Гатыгкоты Валентинæ.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй ма форумы хайадисджытæн Хуссар Ирыстоны дæсны специалисттæ журналистикæйы фадыджы уагъд цæудзысты мастер-къластæ æмæ сын зындгонд уæрæсейаг специалисттæ та лекцитæ кæсдзысты онлайны форматы. Уымæй дарддæр ма форумы хайадисджытæ цæмæй сæ сæрдыгон рæстæг хъæлдзæг æмæ цымыдисонæй æрвитой, уый тыххæй сын организацигонд цæудзысты экскурситæ, спортивон æмæ культурон мадзæлттæ, афтæ ма видеоконференцитæ æфсымæрон республикæты фæсивæды минæвæрттимæ.

              ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.