Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректорат æмæ ирон æвзаджы кафедрæйы хъæппæрисæй уагъд æрцыдис мысæн изæр профессор Медойты Боболкæйы райгуырдыл 90 азы сæххæсты цытæн. Ардæм æрæмбырд сты Боболкæйы раздæры коллегæтæ, профессортæ æмæ доценттæ. Мадзалмæ фæуазæг сты бæстæйы президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад æмæ дины фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, Медойты Боболкæйы æввахс хиуæттæ.

Мадзал байгом кодта ирон æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг Дзиццойты Юри, кæцы æрдзырдта лæмбынæг Боболкæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Боболкæйыл бирæ дзурæн ис, уымæн æмæ йæ лæггæдтæ ирон адæмы раз сты бирæ.

Æрæмбыруæвджытæ бакастысты Медойты Боболкæйыл ист видеофильммæ.

Профессор Плиты Гацыр йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Боболкæйæн бирæ бынтæ баззад ирон æвзаджы фæдыл, кæцытыл куыста æрвылбон æмæ йын сæ æрæмбырд кæнын хъæуы. «Ӕз мæхæдæг дæр йæ студент уыдтæн æмæ йæ лекцитæ уыдысты тынг цымыдисон. Арæх-иу æм бахатыдтæн æххуысмæ æмæ мыл уый йæхи никуы атигъ кодта. Уый æхсай азы дæргъы æнæрынцойæ куыста ирон æвзагзонынады къабазы æмæ ирон æвзаджы кафедрæйы номыл схæцыдис бæрзонд», – загъта Плиты Гацыр.

Президент Бибылты Анатоли дæр йæ раныхасы бафиппайдта, зæгъгæ, Боболкæйы хуызæн фæлмæн, интеллигентон, уæздан адæймагыл арæх нæ вæййы сæмбæлæн. «Мæнæн ма цалдæр хатты фæцис фадат, цæмæй Медойты Боболкæимæ аныхас кæнон æмæ уый тыххæй Хуыцауæй бузныг дæн. Уый мын æххуыс кодта, цæмæй мæ ирон æвзаг ноджы хуыздæр базонон æмæ бæркадджындæр уа мæ ныхасы гъæд. Боболкæйы ном не ‘хсæн цæрдзæнис йæ чингуыты йæ зонадон куыстыты фæрцы», – загъта Бибылты Анатоли.

Раныхас ма кодтой уазджытæ æмæ Боболкæйы коллегæтæ дæр æмæ се ‘ппæтдæр стыр аргъ скодтой йæ адæймагдзинад æмæ уæздандзинадæн. Се ‘ппæты хъуыды дæр уыдис ахæм, зæгъгæ, ирон адæм бирæ фесæфтой Боболкæйы амæлæтæй, йæ къухтæй тынг бирæ студенттæ рацыд æмæ алкæмæн дæр лæвæрдта æмбæлон зонындзинæдтæ. Ӕвæццæгæн иу адæймаг дæр нæ разындзæнис, Боболкайы схуыст ныхас чи фехъуыста. Ӕмæ уый та ууыл дзурæг у æмæ кæй уыдис æцæг уæздан ирон сылгоймаг, хъомылгæнæг æмæ ахуыргæнæг. Махæн нæ хæс у æмæ ахæм диссаджы адæймагæн йæ ном ма рох кæнæм.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.