Ирон адæмы рагфыдæлтæ скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ арæх пайда кодтой алыгъуызон магион фæткæй. Пайда сæ кодтой цавæрдæр сæрмагонд уавæрты, сывæллоны гуырдты рæстæджы, дзуарыбонты, куывдты чындзæхсæвты. Уыдонæй сæ иу уыд кусæрттаджы уоны стæджы кæсын. Ацы фæтк нæ фыдæлтæм кæд фæзындис, уый ныртæккæ бæлвырд бæрæг нæу, фæлæ иуæй-иу археологон бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ йæ уидæгтæ баст сты нæ эрæйы агъоммæ VII-IX æнусты скифаг историимæ.

Зындгонд ахуыргонд, ирон адæмы рагистори бæлвырдгæнæг Всеволод Миллер куыд фыссы, афтæмæй уоныстæджы кæсын сæйраджыдæр баст у фыры уоны стæгимæ. Нæ рагфыдæлтæм æндæр кусæрттæгтæй уæлдай фыр æргæвдынæн уыд йæхи сæрмагонд нысаниуæг. Уыд ма сæм «Фыры дзуар» дæр. Чындзæхсæв-иу чи скодта, уый-иу ацы дзуарæн сæрмагондæй аргæвста фыр, къухылхæцæг-иу ног чындзы бафæдзæхста, цæмæй йын бирæ цот рацæуа. Ног сиахсæн дæр-иу куывтой, зæгъгæ, фырау хъæбулджын куыд фæуай. Ис ма ахæм историон бæлвырдгæнæнтæ дæр, зæгъгæ-иу ног чындз æлыгæй фыр сарæзта æмæ йæ дардта Фыры дзуары номыл, куывта йæм, цæмæй йын радтаид цот. Афтæ ма-иу хуызджын, нарст чысыл лæппуйæ та дзырдтой, фырыхъулы хуызæн лæппу у, зæгъгæ.

Нæ рагфыдæлтæм кувæндæттæн кусæрттаг нывонд кæнын уыд ахсджиаг фæтк, æууæндыдысты йыл æмæ йæ æххæст кодтой. Уыцы фæтк фæлтæрæй фæлтæрмæ æрхæццæ ис мах дугмæ дæр, æмæ йæ ныр дæр бирæтæ æххæст кæнынц. Фæлæ хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ хъахъхъæд нал цæуынц сæ рагон хуызы, уæды дуджы æвæччиаг чи уыд, ахæм митæ фенæн вæййы ныры дуджы æхсæнады кувæндæтты.

Кусæрттаг аргæвдыны фæстæ йæ алы хайæн дæр уыд сæрмагонд нысаниуæг. Уыцы æгъдæуттæ чи зыдта, ахæм нæлгоймæгтæ-иу сæхимæ райстой сæ бакæныны хъуыддаг æмæ-иу бадты райдайæнæй йæ кæронмæ сæ хъус дардтой, цæмæй уыдонæй хæлд мацы æрцыдаид. Фыццаджыдæр уал сæр, бæрзæй æмæ уоны стæг æнæмæнгæй æвæрд цыдысты фынгæн æгъдаудæттæг æртæ хистæры раз. Куывдтытæ-иу куы фесты, фынг-иу кæронмæ куы бахæццæ ис, уæд-иу уоны стæг радтой нæлгоймæгтæм, кæцыты хуыдтой уоны дæснытæ. Уоныдæсны хъуамæ райстаид уоныстæг æмæ дзы арвы рухсмæ акастаид. Афтæмæй-иу загъта, бинонтæм цы æнхъæлмæ каст, уый. Уоны стæгмæ нæ уыд цыргъаг кæнæ дæндагæй бавналæн, къухæй къухмæ йæ айсын. Уоныдæсны цалынмæ уоныстæджы акастаид, уæдмæ уыцы æгъдæуттæ уыдысты æнæмæнг бахъахъхъæнинаг. Кæд-иу уоныстæгмæ цыргъагæй æвнæлд æрцыд, уæд ахæм уоны нал кастысты, йæ магион нысаниуæг фесæфта, зæгъгæ.

Уоныстæджы алы хайæн дæр уыд йæхи ном æмæ нысаниуæг, бинонты артдзæсты хай, хæдзары хистæры, бинонты уæнгы зианы, хион-хæстæджы зианы нысан, уæлмæрд, мæсыг кæнæ хъæу, фæндаг, хæдзары бæркады нысан, быдыры рагъ, арæн, æфсины рæдаудзинады æмæ æндæр нысæнттæ. Уоныстæгыл-иу ацы бæрæг бынæттыл кæд исты тæпп кæнæ хахх, йе та фаст бынат разындис, уæд-иу уоныдæсны уыдонмæ гæсгæ загъта, фидæны цы уыдзæн, уый. Ацы фæткы ма æнæмæнг хъуыддаг уыд, кусæрттаджы ас, бахынцын хъуамæ йыл цыдаид æппынкъаддæр, иу афæдз. Афтæ ма кæд кусæрттаг бинонтæн сæхимæ схъомыл ис, уæд  уоныстæджы кæсын хаудис сæхимæ, кæд æй æлхæнгæ бакодтой, уæд та  – цы бинонтæ йæ схъомыл кодтой, уыдонмæ. Æлхæд кусæрттаг-иу цæмæй кувæндонæн снывонд кодтаиккой, уый тыххæй-иу æй æрзилын кодтой хæдзары алварс, къæрт цæхх-иу ын асдæрын кодтой æмæ-иу æй цалдæр æхсæвы хъуамæ фæдардтаиккой сæ-химæ.

Ирыстоны зындгонд уыдысты уоныдæснытæ Плиты Къæдзæх, Ручъы хъæуæй, Хæныкъаты Самсон, Згъуыбирæй, Мæргъиты Къопи, Плиты Бедзы, Дзомагъæй, Дзиццойты Ладо, Урс-дзуарæй æмæ æндæртæ. Æгъдаумæ гæсгæ уоныстæджы кæсын æмбæлдис æрмæстдæр нæлгоймæгтæн, сылгоймагæн уыд æвæччиагыл нымад. Фæлæ историйы бирæ цаутæ ис, сылгоймаг дæр-иу йæ къухмæ уоныстæг куы райста. Фехъуыстон ахæм хабар, зæгъгæ, 1941-45 азты Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æбæрæгæй фесæфт Цъоны хъæуккаг, авд сывæллоны фыд Хуыгаты Миха. Йе ‘мкъай Бæззианæн æппæт куыстытæ дæр æрхаудысты йæхимæ. Иуахæмы бинонтæ нывондæн ар-гæвстой фыр. Бæззианæн кæд хъæуы сылгоймæгтæ дзырдтой, зæгъгæ, акæс уоныс-тæджы, ды йæ хорз зоныс, уæддæр уый нæ разы кодта, «сылгоймаг не ‘вналы», зæгъгæ. Æппын-фæстаг сразы ис, акастис дзы æмæ йæ уайтагъд дард фехста, æрхæндæг хъæлæсæй ма загъта, «нæ уын загътон, не ‘мбæлы», зæгъгæ. Уыцы аз Бæззианы бинонтыл æрцыд зиан…

Ирон адæмæй дарддæр ма уоныстæджы кæсыны фæтк уыд кæсгæттæм, балхъайрæгтæм, хъæрæсейæгтæм æмæ æндæр кавказаг нациты минæвæрттæм. Афтæ ма уыд Астæуккаг Азийы æмæ Цæгат Америкæйы, Японы, Индийы иуæй-иу адæмы хæттытæм. Фæлæ кæд ирон адæммæ æвæччиаг уыд уоныстæг, æгæрыстæмæй, къухæй къухмæ йæ адæттын дæр, уæд-иу æй æндæр нацитæ та, куыд монгойлæгтæ кæнæ хъалмыхъæгтæ, басыгътой арты æмæ-иу ыл цы сау фæдтæ, кæнæ фæстытæ фæзындис, уымæ гæсгæ бæлвырд кодтой сæ фидæн.

Нæ фыдæлтæ стыр нысаниуæг лæвæрдтой ног цæрæн бынат кæм скæной, уымæн дæр. Хъуамæ нымад уыдаид сыгъдæг бынатыл, æмæ уый цæмæй сбæлвырд кодтаиккой, уый тыххæй-иу нысангонд бынатмæ бауагътой фыр, цы ран-иу æрхуыссыдаид, уым-иу æй аргæвстой, йæ уоныстæджы акæсгæйæ-иу сбæлвырд кодтой, фидæны арæзтады бынат.

Уоныстæджы кæсыны фæтк æрхæццæ ис махмæ дæр æмæ кæд раздæримæ абаргæйæ, æххæстбæрцæй нæ цæуынц хъахъхъæд йе ‘гъдæуттæ, уæддæр фидарæй ис зæгъæн, рагирон адæмы традициты бындур кæй у фидар æмæ æнæмæлгæ.

Æрмæгыл бакуыста ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.