УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Горæт Старый Осколы уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат уæззау атлетикæйæ. Ерысты Ирыстоны минæвæрттæн бантыст 7 майданы рамбулын – дыууæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ æртæ та бронзæ майданы. Нæлгоймæгты ‘хсæн 109 кг уæзы категорийы иууыл тыхджындæр разынд Наниты Тимур. Уый равдыста 385 кг (175+210) бæрæггæнæн. Ацы уæзы ма архайдта иннæ ирон спортсмен Годжыцаты Дмитри. Уый та дыууæ истæн скодта 368 кг (167+201).

Сылгоймæгты ‘хсæн та 76 кг уæзы категорийы архайгæйæ, фыццаг ссис Соттиты Яна. Уый та равдыста 240 кг бæрæггæнæн (107+133). Афтæмæй иу кг фылдæр систа, Европæйы дыууæ хатты чемпионкæ Анастасия Романовайæ.  71 кг уæзы та дыккаг бынат бацахста 16-аздзыд Гуссалты Заринæ. Уый дыууæ истæн скодта 210 кг (95+115).

Иууыл рогдæр уæзы 55 кг категорийы Ирыстоны командæйæн дыккаг æвзист майдан æрхаста Оганес Вардеварян. Уымæн та дыууæ истæн бантыст 218 кг сисын (94+124).

Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы та 377 кг (171+206) бæрæггæнæн равдисгæйæ æртыккаг бынат бацахста Кокайты Сослан. Ноджы ма иу бронзæ майдан рамбулын бантыст Зæгъойты Сосланæн. Уый та 102 кг уæзы категорийы ар-хайгæйæ дыууæ истæн скодта 356 кг (166+190).

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» Турчы райдыдта дыккаг цæттæгæнæн сбортæ. Уым цы хъазджытæ ис, уыдон ‘хсæн æрцыд ивындзинæдтæ. Тренерты фæндонмæ гæсгæ командæмæ нæ бахаудта Нартыхты Свен. Заур Джаваев та райста травмæ.

Туркаг горæт Белекы командæмæ æрбаиу сты Цæриаты Алан æмæ Цæриаты Аркади.  «Алани» ам тренировкæ кæндзæн 18-æм февралмæ. 6-æм февралы командæ контролон хъæзтытæ акæндзæн «Оренбург» æмæ «Актобе»-имæ. Ноджы йын дыууæ хъазты та уыдзæн 10-æм февралы. Кæронбæттæн контролон фембæлд та йын уыдзæн 18-æм февралы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.