Зæххыл цард куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ сылгоймаджы нысаниуæг ахсджиаг æмæ ахадгæ у. Стыр кад ын кодтой ирон адæммæ дæр. Уымæн бæрæггæнæн радзырдтæ æрхæццæ ис, уыдон дæр. Бирæ æмбисæндтæ ис æнæ сылгоймаг хæдзары гæвзыкк уавæр æвдисæг, сылгоймаджы къух кæдæм хæццæ кæны, уым та уæлдай хъармдæр æмæ æнгомдæр кæй у цард, уыдæттыл.

 Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц Мады Майрæммæ, курынц дзы цот, фæдзæхсынц ыл сæ хъæбулты. Зынгæ ирон фыссæг Цæгæраты Максим зæгъы сылгоймаджы тыххæй: «Цард æппæты фыццаг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уагимæ баст у дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхаст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны фæлмæн зарæг, фæндыры æмбæхст дуне, нæлгоймаджы кадавар цæссыгтæ, хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы фæйнæрдæм тонгæ хъуырдухæн. Æрмæстдæр сылгоймаджы зæрдæйы уыд уыдонæн райгуырæн!». Циндзинадæй хæлбурцъгæнæг чындзæхсæвы æппæт дæр вæййы хъæлдзæгдзинадæй йемыдзаг, уæддæр адæмæн сæ цæстытæ «ныуурс» вæййынц ног чындзы фендмæ, фæхонынц æй фарнхæссæг, амондхæссæг, цард дарддæргæнæг. Уыимæ баст вæййы цинаджы нысан. Уый – Сылгоймаг, вæййы цинаджы сæйраг архайæг. Афтæ у зианы хъуыддæгты дæр. Сылгоймаджы хъарæгæй ракæлы къæдзæх дæр, сылгоймаджы рæдау арфæтæй та хус уидагæй дæр æрзайы ног бæлас.

Нæ фыдæлтæ, нартæм, сылгоймаджы рæсугъддзинад æмæ æгъдауæн фæзминагыл нымад уыд нарты Сатана. Хуыцауы раз йæ сылгоймаджы хæс чи сæххæст кодта, уый та уыд Зæдæлескъы Нана.  Кæй зæгъын æй хъæуы, алы дуджы дæр вæййы, рæзгæ фæлтæрæн фæзминаг чи вæййы, ахæм сылгоймæгтæ, фæлæ ма, стыр хъыгагæн, уыдоны ‘хсæн вæййы ахæмтæ дæр, сылгоймаджы сыгъдæг ном чи фæчъизи кæны йæ уагахастæй, йæ дарæсы кондæй кæнæ йæ æнæуаг дзыхыныхасæй.  Иууыл хъыгдæр та уый вæййы æмæ ахæмтæ сæ риу хойгæйæ куы фæзæгъынц, «æз ирон чызг дæн!» – зæгъгæ. Ирон адæммæ стыр нысаниуæг уыд сылгоймаджы уагахастæн, йе ‘гъдау æмæ йæ уæздандзинадæн, куыд бинонты ‘хсæн, афтæ æхсæнады дæр.  Баззад ма ахæм æмбисонд дæр: «сылгоймаг йе ‘гъдауæй сылгоймаг у».  Сылгоймаджы хъæр ныхас цы уæзæгыл хъуыст, уый нымад уыд æгад æмæ æбæркад уæзæгыл. Ахæм уæзæгмæ-иу  кадджын уазæг нæ цыд, ничи дæр сын сæ чызджы  куырдта, ничи дæр сæм йæ сылыстæджы моймæ лæвæрдта. Ацы æгъдауæн стыр нысаниуæг кæй уыд, ууыл дзурæг у, рагфыдæлтæй нæм чи æрхæццæ ис, уыцы таурæгъ:

«Иу райсом фондз барæджы æрбалæууыдысты иу идæдз сылгоймаджы  кæрты. Уый бацин кодта уазджытыл, куыд æмбæлд, афтæ. Æрбадын сæ кодта артдзæсты алыварс, фынгыл сын æрæвæрдта цыхт æмæ нуæзт æмæ сын загъта: «Иу чысыл фæгæдзæ кæнут, æз ныртæккæ дзул афыцон». Ауад хатæны кæройнаг къуыммæ æмæ балæууыд хоры ссадæй йедзаг къутуйы раз, ныккаст æм æмæ загъта «уый сын фаг нæ уыдзæн» – зæгъгæ.  Байгом кодта дыккаг къут-уйы æмбæрзт, – уым та уыд къутуйæн йе ‘мбисы бæрц ссад, фæлæ та ус загъта, уый дæр сын кæй не сфаг уыдзæн.  Уæд бацыд æртыккаг къутумæ, уым та разынд армы дзыхъхъы бæрц ссад æмæ ус загъта: «уый сын фаг уыдзæн» – æмæ балæууыд дзул фыцыныл. Уазджытæ фехъуыстой сылгоймаджы ныхæстæ æмæ сæм кæд диссаг фæкаст, уæддæр ницы сдзырдтой.  Рахаста сылгоймаг ссад, скодта хыссæ æмæ сфыхта æрмæстдæр иу дзул.  Рахаста йæ æмæ дзуры уазджытæм: «Ахæрут, уæ нывонд фæуон, иучысыл уе ‘ххормаг суадзут». Уазджытæ дзул адих кодтой сæ кæрæдзийыл æмæ æрæвнæлдтой хæрынмæ. Кæд уыдонмæ фыццаг тынг диссаг фæкаст, фондзæй иу дзулæй куыд хъуамæ бааходæн кæной, уæд фæстагмæ та – мæнæ диссаг, афсæстысты, сæ хæйттæ хæрд дæр нæ фесты, афтæмæй.  Нæлгоймæгтæ бацымыдис кодтой ацы хъуыддагмæ æмæ сæ хистæр чи уыд, уый фæрсы сылгоймаджы: «Дæ хорзæхæй, зæгъ ма нын, фыццаг дыууæ къутуйы  ссад фылдæр уыд, фæлæ йæ махæн фаг не схуыдтай, ныр армы дзыхъхъы дзаг ссадæй конд дзул махæн фагæй  уæлдайдæр уыд.  Куыд рауад афтæ?  Уæд сын сылгоймаг дзуапп радта: «Фыццаг къутуйы цы ссад уыд, уый уыд, сылгоймаджы ныхас хæдзары арт-дзæстæй кæртмæ куы айхъуыст, уæдыккон, æмæ уый йæ бæркад фесæфта. Дыккаг къутуйы ссад та уыд, сылгоймаджы ныхас артдзæстæй рудзынгмæ куы айхъуыст, уæдыккон, æмæ уый дæр йæ бæркад фесæфта, уымæ гæсгæ уыдон фаг нæ уыдысты сымахæн аходæнæн. Æртыккаг къутуйы ссад та уыд сылгоймаджы ныхас артдзæстæй рæ-хысмæ дæр æдæрсгæ куы нæма хъуыст, уæды ссад æмæ уый у иннæтæй бирæ бæркадджындæр».

­ Стыр худинагыл нымад уыд сылгоймаг-иу нæлгоймæгты ‘хсæнмæ куы цыд, кæнæ нæлгоймæгты  ныхасы хайад куы иста. Ахæм сылгоймаг нымад цыд æнæуаг сылгоймагыл.  Ирон адæммæ нæ уыд бынат бинонты ‘хсæн карз ахастытæн, афтæ ма æмкъæйттæ хъæрныхасæй кæрæдзимæ куы хæцыдаиккой. Æнæгъдау мийыл нымад уыд, ныййарæг мад йæ хъæбултæм дæр æргомæй хыл кодтаид, уый.  «Мæ фыдгулы уæзæгæй хъæр ныхас райхъуысæд», – зæгъгæ, дзырдтой-иу ахæмты тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл нæ банцадысты ирон æгъдæуттæ, уыдон сты тынг бирæ. Уыдоны æмрæнхъ ма  ирон адæммæ сылгоймагæн кад кæнын уыд бæрзонд æмвæзадыл. Ууыл дзурæг æгъдæуттæй сæ иу уыд туджджынты фидауын кæнын. Историйы бирæ ис ахæм цаутæ, туджджынтæ-иу кæрæдзи марынмæ ‘рхъавыдысты, фæлæ-иу сылгоймаг йæ кæрдæн се ‘хсæн куы æрæппæрста уæд-иу хылгæнджытæ сæ кæрдтæ сæ кæрддзæмты нытъыстой æмæ-иу ууыл фæцис сæ тох. Ахæм хъуыддаджы цы сылгоймаг бацыдаид, уый та, сæйраджыдæр, хъуамæ уыдаид нымад, кадджын æмæ æгъдауыл хæст сылгоймаг. Уый тыххæй Хетæгкаты Коста фыста:«… как бы сильно не было ожесточение ссорящихся, дерущихся и сражающихся, одно появление женщины обуздывает буянов, останавливает и прекращает кровопролитие…»

Уæдæ, абоны цæстæнгасæй бæстондæр куы ‘ркæсæм нæ фыдæлты æгъдæуттæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй бирæтæн раздахæн нал ис. Рæстæджы цыдимæ ивы æхсæнады цæстæнгас алы цардуагон фарстатæм дæр æмæ уый фæстиуæгæн, уыдон фесæфтой сæ нысаниуæг, фæлæ уыдон хорз хъуамæ зониккой не ‘взонг фæсивæд, æрмæст ахуырадон уагдæтты сценæтыл равдисыны тыххæй нæ, фæлæ ма сæ реалонæй уыной æрвылбонон царды дæр. Науæд ма адæймаджы зæрдæйæн уæлдай зындæр вæййы, чысыл сценæйыл ахуырдзаутæ аив куы равдисынц ирон æгъдæуттæ æмæ уый фæстæ та, сæхи куы фæдарынц, цыма æгъдауы кой æппындæр никуы фехъуыстой,афтæ.

Хорз уаид, нæ рагфыдæлты æгъдæуттæй иуæй-иуты абоны царды уавæртимæ чи абары, уыдон уал-иу сæ лæмбынæгдæр куы сахуыр кæниккой, сæ раздæры нысаниуæг-иу сын куы базониккой. 

Æрмæгыл бакуыста

          ХУЫГАТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.