Фосдарды куыст ирон адæмæн фыдæлтæй фæстæмæ сæ туджы ис. Зæхкуыст æмæ фосдард сæ царды фæрæз уыдысты.

Ныр æртыккаг аз не ‘мбæстаг, Цхинвалы районы Къохаты хъæуы цæрæг Куымæридтаты Валери, кæны фосдарды куыст. Цалынмæ фермерон куыстмæ нæ бавнæлдта, уæдмæ куыста Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды, Мидхъуыддæгты органты, пенсийы ацыд майоры цины.

Уый у ахæм адæймаг, кæцыйæн йæ бон нæу иу ран бадын, рæстæг дзæгъæлы сафын. Нæу иу уысм дæр æнæзмæлгæ, æнæархайгæ. Хъæуы хъомыл уæвгæйæ, уый бирæ уарзта фосдарды куыст. Фæлæ хорз æмбæрста, фермерон хæдзарад аразынæн бирæ æхцайы фæрæзтæ кæй хъæуы. Иу ахæмы йæ хъуыды бамбарын кодта йе ‘фсымæр æмæ сæ сыхаг лæппуйæн. Уыдон ын ныфс бавæрдтой, йæ фарсмæ кæй балæудзысты, хæс ын æхца кæй ратдзысты æмæ бавнæлдта фермерон хæдзарадæн бындур æвæрынмæ.

«Хуссар Ирыстоны фосдарды куыст чи кæны, уыдоны нымæц фæстаг азты бæрæг фæкъаддæр, хъæуты уадиссаг цæрджытæ кæй нал ис, уый аххосæй. Фосдард кæны-нæн та мæ райгуырæн хъæу Къохаты иттæг хорз уавæртæ ис. Фæлæ уæддæр цалынмæ фосдарды куыстмæ æрæвналай, уæдмæ  хъуамæ дæхи бафæрсай, уарзыс ацы куыст æви нæ. Бирæтæ фос скæнынц, фæлæ сæм æмбæлон хъусдард кæй нæ вæййы, уый фыдæй сæ уадиссаг пайда нæ райсынц. Мæныл уæлдай хæс уыд, хъуамæ, хæс мын чи радта, уыдоны зæрдæхудты ма бацы-даин, се ‘хцаты дæр сын хъуыд аздахын рæстæгыл. Сфæнд кодтон мæ фермерон куыст лыстæгкъах фосæй райдайын. Ленин-горы районы балхæдтон фыстæ æмæ сæгъ-тæ. Зыдтон, цы хъуыддагмæ бавнæлдтон, уый æрдæгыл кæй нал ныууадздзынæн, фос та азæй-азмæ фылдæр кæнынц, уымæ гæсгæ егъау скъæт сарæзтон. 

 Ме ‘хцайы фæрæзтæ фылдæр ууыл ацы-дысты, фæлæ фæсмон нæ кæнын. уымæн æмæ ныр та стуртæ балхæдтон æмæ мын бабæззыд. Адих æй кодтон æмæ иннæ æр-дæджы та стуртæ æмæ родтæ сты», – зæгъы Куымæридтаты Валери.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй йæм цы фос ис, уыдон иууылдæр сты бынæттон фосы мыггагæй. Нæ климатон уавæртыл, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ æрласгæ фос ма æрцахуыр уой æмæ бынтондæр æнæфтиаг фæуой. Фермермæ йæ фосæй уæймæ цы æнтысы, уыдоны æрласы горæты базармæ, хатт æй уырдæм сæ аласыны сæр дæр нал бахъæуы. Уымæн æмæ йæм æлхæнджытæ бынатмæ дæр æрбацæуынц. «Фыстæй хуыздæр та сæгътæ уæй кæнынц. Родтæ æлхæнджытæ дæр бирæ ис. Уæлдайдæр та, Цæгат Ирыстон-Аланимæ фæндаг сæхгæд куы æрцыдис, уæдæй нырмæ. Ласæггаг фыдызгъæл нал ис, бынæттон та æнæуый дæр асламдæр æмæ хæрзаддæр у», – зæгъы фермер.

Валери нын куыд загъта, афтæмæй урсаджы продукттæ нырма нæ уадзы, уымæн æмæ уый тыххæй хъæуы кусæг æххуырсын. Йæ авналæнтæ та уыйбæрц нæма сты. Ис æм æрмæстдæр иу фыййау, кæцыйæн æх-хуыс кæны йæхæдæг дæр. Зæгъы, зæгъгæ, мæ бинонты нæ тыхсын кæнын, уымæн æмæ йæм йæ лæппу кæд арæх æрбауайы æххуыс кæнынмæ, уæддæр нырма скъолайы ахуыр кæны, архайы спорты дæр, ис ын æнтыстытæ æмæ йæ фæиппæрд кæна, уый йæ нæ фæнды.

Фермеры ныхæстæм гæсгæ, фосдард чи кæны, уый хорз хъуамæ зона ветеринары дæсныйад дæр: «Ветеринарийы сусæгдзинæдтæ куынæ зонай, уæд хуыздæр у ацы хъуыддагмæ æввахсдæр ма балæууай. Фосæн сæхи низтæ ис. Афæдзы алы афон дæр сын бахъæуы вакцинæтæ саразын. Хостæ та сын æрхæссын Цæгат Ирыстонæй. Ацы  бонты дæр та сын сараздзынæн судзинтæ. Мæхæдæг цы нæ зонын, уымæй та бафæр-сын, ацы куыст  чи кæны, ахæм фермерты, стæй ветеринарты дæр».

Мах бацымыдис кодтам, техникæйæ куыд пайда кæны, зымæгмæ фосæн хол-лæгтæ кæм æрцæттæ кæны, уыдæттæм.

Уый фæдыл та Куымæридтаты Валери афтæ загъта, зæгъгæ, мæнæн нырма мæ уавæртæ уыйбæрц не сты, цæмæй техникæ æлхæнон. Мæ фыдæлтæ-иу куыд архайдтой, æз дæр афтæ фыдæбон кæнын. Холлаг æрцæттæ кæнын æмæ сæ уый фæстæ æххуырст машинæйыл æрласын бынатмæ. 

Хицауад чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады тыххæй цы хатырон кредиттæ дæт-ты, уыдонæй фермер никуы райста, æрмæст домы, цæмæй йын сæххæст кæной йæ иууыл стырдæр бæллиц. Йæ фермæйæ 500 метры æддæдæр цæуы электрохахх æмæ йæ, фæнды, цæмæй йын уырдыгæй йæ фермæмæ рауадзой рухс. Хицауадмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ ныффыста куырдиат, фæлæ йæм нырма хъусдарæг нæй. Æрæджы дон  йæхæдæг рауагъта æмæ та рухсæн дæр исты самал кæнид, фæлæ уымæн хъæуы сæрмагонд бардзырд «Электросеть»-æй, уыдонмæ та йæ куырдиат лæууы ныр дыккаг аз.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.