Фыдæлты фарныл фидар чи хæцы, сæ раппæлинаг хъуыддæгтæ сын чи дард-дæр кæны, уыцы кæстæртæ тæхудиаг сты æмæ хистæр фæлтæр та сæхи рады уыдонæй райгонд вæййынц. Ахæм  гуырдтæй раздæр азты æмæ ныр дæр Ирыстон цух никуы уыд.

Ивгъуыд æнусы Къостайыхъæуы цы намысджын æмæ сæрæн адæймæгтæ архайдтой æхсæнадон хæдзарады, уыдоны нымæцмæ ахæссын хъæуы æгъдауыл хæст æмæ адæмы уарзон Хуыбиаты Зозыры дæр. Хохаг адæймагæн йæ царды фылдæр хай фосдарды куыстимæ баст уыд æмæ йыл Зозыр дæр йæ зæрдæ нæ ивта. Фæстæдæр, хохæй быдырбæстæм куы ралыгъд æд бинонтæ, уæд та йæ хæрзиуæгон куыст райдыдта Къостайыхъæуы колхозы фысвосы фермæйы, намысджынæй æххæст кодта йæ хæстæ æмæ цыд раззагдæрты рæнхъы. Фосдарды куыстыл хæст уыд Зозыры фырттæй сæ иу – Тотыри дæр.

Фосдарды куыстыл фæцайдагъ Тотырийы фырт Гамлет дæр æмæ азæй-азмæ  йæ къухты æфты хуыздæр фæстиуджытæ. Къаннæг лæппуйæ дæр кæддæриддæр йе ‘фсымæр Альбертимæ æххуыс кодтой сæ  фыдæн, кæм фыййау цыдысты, хосгæрдæн афон та-иу цæвджытæ райстой сæ къухтæм. Фæстæдæр Гамлет бинонты хицау куы баци, хисæрмагонд хæдзарад аразын куы райдыдта, уæд ноджы баввахсдæр фосдарды куыстмæ æмæ ныр уыцы хæрзиуæгон хъуыддаг кæны 12 азы бæрц. Фосмæ æдзухдæр зилын хъæуы афæ-дзы алы рæстæджы дæр. Уалдзæгæй суанг фæззæджы кæронмæ фыстæ фылдæр хизæнуæтты вæййынц æмæ фыййау фæтырны уыдон зад æмæ сойджын сæрвæты дарын. Уыимæ хъуамæ æххæст кæнай зооветеринарийы æппæт домæнтæ дæр æмæ уæд рæз-дзæн сæ продуктивондзинад, фылдæр æфтдзæн сæ уæзмæ. Иугæр зымæг йæ бартæ куы райсы, уæд та хъуамæ æрвитой хъарм æмæ æфсæст зымæгиуат скъæты. Уыцы куыстытæ рæстæгыл ахицæн кæныныл дæр бакусы Хуыбиаты сæрæн фосдарæг æмæ уал 300 фысæн самал кодта 500 холладжы тыхтоны, стæй хъæбæрхор та – 40 голладжы. 150 фысы та йын сты йе ‘фсымæр Альбертмæ.

Гамлеты зæрды ис йæ фысты нымæц ноджыдæр фæфылдæр кæнын æмæ фæллойуарзаг адæймаджы уыцы бæллиц дæр кæй сæххæст уыдзæн, уымæй ис ныфс бавæрæн.

                                                                 Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.