Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ барамындæй Паддзахадон Думæйы æстæм æрсидты депутатты æвзæрстытæ снысан кодта 19-æм сентябрмæ. Афтæмæй официалон старт лæвæрд æрцыд парламентон кампанийæн. Æртæ мæйы фæстæ Уæрæсейы хъуамæ æвзæрст æрцæуой 450 федералон депутаты. «Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы ног сæвзæрсты депутатты æвзæрстытæ нысан æр-цæуæд 2021 азы 19-æм сентябры», – дзырдæуы документы.

Ныр Уæрæсейы Централон Æвзарæн къамис хъуамæ райса хъæлæс-æппæрст уадзыны фæтк. Æнæпарламентон политикон тыхтæ план кæнынц сæ съездтæ июлы мæйы фыццаг æмбисы ауадзын. Ныртæккæ Уæрæсейы архайы 30 политикон партийы, кæцытæн  ис æвзæрстыты хайад райсыны бар. Уыимæ уыдонæй 14 партийæн ис парламентон льготæтæ – Думæйы æвзæрстыты æвзарджыты æнæ къухфыстытæй хайад райсын. Кæд пар-тийæн льготæ нæй, уæд æвзæрстыты федералон номхыгъд срегистраци кæныны тыххæй 200 мин къухфыстæй къаддæр ма хъуамæ æрæмбырд кæна. Æмæ  округты йæ иумандатонтæн та се ‘вварс хъуамæ рахæцой бынæттон æвзарджыты æртæ проценты. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, уæрæсейаг парламенты дæллаг палатæ конд у 450 депутатæй, уыдонæн се ‘мбис æвзæрст цæуы партион номхыгъдтæм гæсгæ, æмæ иннæ æмбис та – иумандатон округты.

Æввахс рæстæджы Централон Æвзарæн къамис сфидар кæндзæн хъæ-лæсæппæрст ауадзыны фæтк.  Ныридæгæн бæрæг у уый, æмæ авд ре-гионы кæй спайда кæндзысты æрмæст традицион нæ, фæлæ электронон форматæй дæр. Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстытимæ уыцы иурæстæджы уагъд æрцæудзысты регионалон кампанитæ дæр. УФ-йы 12 субъекты сæвзардзысты губернатортæ æмæ 39 субъекты та уыдзæн за-къондæттынадон æмбырдты депутаттæм кандидатты  тыххæй хъæлæсæп-пæрст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.