Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон банысан кодта Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы коллектив дæр. Цытджын мадзалмæ æрбахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса, уæдмæ айзæлыдысты нæ Паддзахады гимны зæлтæ. Мадзаламонджытæ Хуыбиаты Дауыт æмæ Тараты Иренæ зæрдиаг арфæ ракодтой æрæмбырдуæвджытæн æмæ æрдзырдтой ацы стыр нысаниуæгджын боны тыххæй, зæххыл сабырады сæраппонд советон салдаты æнувыд тохы фæдыл. Зæгъын хъæуы, уый æмæ кæд рæстаг адæмтæ сæрибардзинадыл архайынц, уæддæр нырма не ‘хсæн ис, хæсты пиллон арт судзынмæ йæ быцъынæг чи скъуыны, ахæмтæ дæр. Уыцы хæстмондаг хотыхджынтæй æвыдæй нæ баззад Хуссар Ирыстон дæр.
23 ноябры гуырдзиаг хотыхджынтæ сæ фæндаг ракодтой Цхинвалмæ, фæлæ нæ сагсур лæппутæ сæ ныхмæ фидар фæлæууыдысты æмæ сæ мидæмæ не ‘рбауагътой. Ахæм зын æмæ уæззау уавæрты ирон хæстонтæ-хъахъхъæнджытæ Коцты Гри, Джиоты Алан, Хуыбылты Валери, Джиоты Владик, Къæбысты Азæмæт æмæ Ацæмæз, Тасойты Валери æмæ бирæ æндæртæ æрвыстой сæ хæстон бонтæ. Æрымысыдысты, 1991 азы 18 марты Ереды хъæуы кæй æрцахстой æмæ удæгасæй кæй баныгæдтой, уыцы æнæаххос адæймæгты нæмттæ. 1992 азы 20 май Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы баззад иууыл трагикондæрыл. Уæд гуырдзиаг лæгсырдтæ Зары фæндагыл ныццагътой 36 æнæаххос бæлццоны, уыдонæй сæ иууыл хистæрыл цыд 75 азы æмæ æппæты кæстæр – Къæбысты Батрадзыл та 12 азы.
Гуырдзиаг лæгсырдты азарæй йе ‘взонг цард аскъуыд Къостайыхъæуккаг æвзонг лæппу Хуыбиаты Ирбегæн, 1993 азы æхсæнадон хæдзарады уалдзыгон хъæууонхæдзарадон куыстыты рæстæджы гуырдзиæгты къухæй фæмард сты ницыгæнæг зæхкусджытæ Хацырты Нодар, Хуыбиаты Серож æмæ Лохты Георги. Хъæу бынтон фыдбылызы бахауд 2008-æм азы августы хæсты, пырх æмæ сыгъд хæдзæртты уындæй адæймаджы зæрдæ уынгæг кодта. Уыцы æбуалгъ митыл хъæцыдаиккой, сæ цард æрдæгыл куыннæ фескъуыдаид цæрджытæй цалдæрæн, уæд. Знаджы амæттаг баисты Джиоты Настя, Мамиты Тамарæ Мамиты Петр, Тедеты Никъала, Томайты Æхсар, Джиоты Аслан, Мæлдзыгаты Джемал, йæ фыд Лаврент æмæ æндæртæ.
Мадзалы хайадисджытæ сын иу уысм æдзæмæй алæууынæй ссардтой сæ рухс нæмттæ.
Уый фæстæ æвзонг лæппу-ахуыргæнинæгтæ æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ барухс кодтой сæ арæхстдзинадæй. Уыдон активон хайад райстой спортивон ерысты æмæ сын мадзалы хайадисджытæ кодтой зæрдиаг арфæтæ. Уыдысты дыууæ командæйы æмæ сæ алы командæйы дæр уыд фæйнæ авд хайадисæджы. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой бæндæныл бырынæй, армхæст, бæндæн ивазын, пуртиимæ лидзын æмæ æндæртæй. Хицæнтæй сисгæйæ, хуыздæр фæстиуджытæ равдыстой Тъотъоты Марик, Джиоты Арсен, Джусойты Георги, Хуыбиаты Эдик, Бæззаты Сæрмæт, Хуыбиаты Азæмæт, Гæбæраты Сослан æмæ æндæртæ. Дирекцийы фæндонмæ гæсгæ ерысты хайадисджытæ хорзæхджын æрцæудзысты Кады грамотæтæй. Скъола-студийы æвзонг нывгæнджытæ дæр бæрæгбоны цытæн бацæттæ кодтой сæ куыстыты равдыст æмæ адæмы зæрдæты ныууагътой хорз тæлмæнтæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.