Дзæуджыхъæумæ цæугæйæ, Джызæлы хъæумæ ввахс фæндаджы былыл фенæн ис егъау æфсæддон-мемориалон комплекс, кæцыйæн Цæгат Кавказы нæй аналогтæ. Ацы комплекс хонынц «Барбашовы фæз» æмæ нымад цæуы æфсæддон историйы музейыл. Фæлæ бирæ æндæр музейтæй хицæн кæны уымæй, æмæ ис гом арвы бын. Фенæн дзы ис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æхсæнгæрзты æмæ техникæйы экспонаттæ, Советон Цæдисы Хъайтарты стыр цырт æмæ фæмардуæвæг салдатты æфсымæрон ингæн. Фæлæ дзы сæйраг бынат ахсы сырхæфсæддоны скульптурæ атакæйы цæугæйæ æмæ мемориалон дзот, кæцыйы Советон Цæдисы Хъайтар Петр Барбашов 1942 азы 9-æм ноябры немыцаг фашисттимæ тугкалæн тохы йæ риуæй сæхгæдта.

Петр Барбашов райгуырд 1918 азы Новосибирскы областы Венгеровскы районы Стыр Сюганы хъæуы. Йæ ныййарджытæ куыстой колхозы æмæ уæды дуджы иннæ бынæттон цæрджытау уыдысты цыбыркъух. Стæй ма бинонтæ дæр бирæ уыдысты – æртæ фырты æмæ дыууæ чызджы. Кæд мæгуыр цард кодтой, уæддæр цардысты хъæрмудæй, хæларзæрдæйæ æмæ уазæгуарзонæй, – сæ цæхх æмæ къæбæр никæмæн хæлæг кодтой. Петр скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта совхозы æмæ ма къухдариуæг кодта бынæттон библиотекæйæн дæр. 1937 азы йæ фæскомцæдисы æрсидтмæ гæсгæ арвыстой горæт Игаркамæ, цыран уæды рæстæджы цыд ног порты арæзтад. Ахуырмæ тырнæг лæппу уым дæр нæ уагъта йæ чингуытæ фæрсын æмæ ма ахуыр кæнынмæ разæнгард кодта йе ‘мбæлтты дæр. Йæ хо Зинаидæ афтæ дзырдта, зæгъгæ-иу Петр куы æрцыд йæ райгуырæн хъæу-мæ, уæд-иу алыхатт дæр йемæ æрхаста чингуытæ, цæмæй сæ мах дæр бакæ-сæм.

1939 азы Петрмæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм æмæ райдианы службæ кодта мидæггагон æфсæдты. Æвзыгъд лæппу йæ тырнындзинадæй æмæ хæрзæгъдауæй бæрæг хицæн кодта иннæ æфсæддонтæй æмæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой командиртæ дæр. Цыбыр рæстæгмæ Петр Барбашовæн лæвæрд æрцыдис «кæстæр сержант»-ы ном æмæ ма йæ снысан кодтой хайады командирæй дæр. Фæстæдæр ма йæ равзæрстой ротæйы фæскомцæдисон организацийы секретарæй.

Петр Барбашовы Стыр Фыдыбæстæйон хæст æрæййæфта горæт Иркутскы, цыран службæ кодта арæнхъахъхъæнæг хайы. Уайтагъддæр куырдиат ныффыста, цæмæй йæ арвитой хæстмæ æмæ июлы мæйы æрвыст æрцыд фронтмæ. Петр æфсымæртæй уыд иууыл кæстæр æмæ хæстмæ æрвыст æрцыдысты йæ хистæр æфсымæртæ Леонтий æмæ Павел дæр.

«Леонтий службæ кодта танкон батальоны æмæ Петримæ се фсæддон хæйттæ иу рæстæджы уæвынад кодтой горæт Актюбинскы. Командиртæ куы базыдтой æфсымæртæ сты, уый, уæд сæ бафæндыд, цæмæй сæ æнæнхъæлæджы фембæлын кæной. Петрмæ фæдзырдтой кабинетмæ æмæ йæ слæууын кодтой скъаппы фæстæ, стæй та фæсидтысты Леонтимæ. Нæ бинонтæй ма Леонтий фæстаг хатт федта Петры ацы фембæлды руаджы, махæн та æрмæстдæр баззадысты йæ фыстæджытæ фронтæй», – дзырдта йæ мысинæгты зæрдæрисгæйæ сæ хо Зинаидæ.

Фæззæджы 1942 азы знаг йæ тыхтæ радта Кавказмæ, цæмæй бацахстаид нефты районтæ æмæ райдыдтой хъазуатон тохтæ æгас Цæгат Кавказы æмæ Фæскавказы. Сырх Æфсады ныхмæ лæууыдысты немыцаг элитон хæйттæ, кæцытæ сæрмагондæй ахуыр уыдысты хæхбæсты хæцын. Петр Барбашов уæд службæ хаста мидхъуыддæгты адæмон къамиссариаты дивизийы рæнхъыты  æмæ горæт Тулæйæ æппæрст æрцыдысты Дзæуджыхъæумæ. 1942 азы ноябры мæйы райдианы Сырх Æфсад ацыдис контрабырсты æмæ Петр Барбашовы 34-æм мотоæхсæг полкæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй немыцаг фашисттæй ссæрибар кæной Джызæлы хъæу.

9-æм ноябры райсом раджы сырхæфсæддонтæ æрцæттæ кодтой сæхи атакæйы ацæуынмæ. Уыд мигъбон æмæ Барбашовы къордæн уый стыр æххуыс фæцис, – лæ-гæрстой разæй æмæ сыгъдæг кодтой фæндаг сæ фæстæ цæуæг хæстонтæн. Фæлæ знаджы дзоттæм хæстæг куы бацыдысты, уæд сыл уырдыгæй нæмгуытæ ихуарæгау ныккалдтой. Барбашовæн бантыст иу дзот скуынæг кæнын, фæлæ сæ дыккаг дзот размæ аккуырсын нал уагъта. Не фсæддонтæн нал æнтыст размæ иу къахдзæф саразын, – знаджы нæмыгзгъал сæ кæрдæн кодта æмæ размæабырстæн фадат нал уыд. Барбашовы къорд иууыл æввахсдæр уыд ацы дзотмæ æмæ фæлварын райдыдтой, цæмæй йæ исты амæлт-тæй скуынæг кæной. Цыбыр къахдзæфтæй сабыргай бахæстæг сты дзотмæ æмæ ма дыууын метры куы хъуыд, афтæ Барбашов фæгæпп кодта æмæ знаджы дзотмæ фехста гранаттæ. Райхъуыстысты гранатты срæмыгъдтытæ æмæ дыууæ сырхæфсæддоны – Давыдов æмæ Мова фæгæппытæ кодтой æмæ дзотырдæм абырстой. 10 метры дæрддзæфмæ йæм куы бахæстæг сты, уæд та райхъуыстис æхст æмæ дыууæ хæстоны æрхаудтой зæхмæ. Барбашов йæ хæстон æмбæлтты мæлæт фенгæйæ абырста размæ, фæлæ йын йæ дыууæ къах дæр знаджы нæмыгзгъал скæрдæн кодта. Хъæбатыр хæстон йæхи нæ бауагъта æрхауын, ноджы цыд размæ йæ рыст уромгæйæ, фæлæ та уæдмæ йæ рахиз къухыл дæр сæмбæлд знаджы нæмыг æмæ йе хсæнгарз йæ къухтæй ахаудта. Йæ фæстаг тыхтæ ма æрбамбырд кодта æхсарджын хæстон, йæ туг кæлгæйæ йæхи баппарста нæмыгзгъал хæтæлмæ, тæвд æхсæнгарзы хæтæл бынмæ æрæлхъывта æмæ дзоты амбразурæ та йæ риуæй сæхгæдта. Уæдмæ йæм йæ хæстон æмбæлттæ æрбахæццæ сты æмæ скуынæг кодтой дзоты бадæг фашистты. Афтæмæй, хъæбатырдзинад равдисгæйæ, фæмард 23-аздзыд Петр Барбашов æмæ ныгæд дæр æрцыд Джызæлы хъæугæрон æфсымæрон ингæны. Æдæппæт ацы бæрзæнд сисыны тохты уыцы бон фæмардысты 312 советон хæстоны.

Уыцы бон 34-æм полчы æфсæддонтæ сæ хæстон æмбæлтты туг систой фыдызнагæй, хъазуатонæй фæтох кодтой изæрмæ æмæ знаджы аппæрстой 30 километры бæрц. Барбашовы  сгуыхтдзинад айхъуыст æгас Советон Цæдисыл, йæ кой кодтой æппæт фронтты дæр. 1942 азы 13-æм декабры Петр Барбашовæн лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъайтары ном. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ Петр Барбашов ацы сгуыхтдзинад сарæзта Александр Матросовæй 5 мæйы раздæр.

1983 азы Дзæуджыхъæу-Алагиры фæндаджы 6-æм километры, Джызæлы хъæугæрон Петр Барбашовы номыл арæзт æрцыд мемориалон цыртдзæвæн æмæ йæ цытджын æгъдауæй æрбайгом кодтой уыцы аз 9-æм майы. 2017-æм азы Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков бахатыд республикæйы къухдариуæгадмæ, цæмæй Барбашовы цырты цур арæзт æрцæуа æфсæддон-мемо-риалон комплекс «Барбашовы фæз». Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргъ-лæууæг Битарты Вячеслав дæр сразы ис Михаил Скоковы хъуыдыимæ æмæ Арæзтадон министрадимæ æрæвнæлдтой ацы проект кæронмæ бакæнынмæ.

2018 азы 3-æм майы æфсæддон-мемориалон комплекс «Барбашовы фæз» цытджын æгъдауæй байгом æмæ церемонийы хайад райстой РЦИ-Аланийы къухдариуæгад, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, ветерантæ æмæ ма æндæр æрхонгæ уазджытæ. Ардæм хуынд æрцыдысты Петр Барбашовы хиуæттæ дæр.

Мемориалон комплексмæ бацæуæны арæзт æрцыдис Советон Цæдисы Хъайтарты Аллея, цыран нывты хуызы æвдыст цæ-уынц сырхæфсæддонты хъæбатырдзинæдтæ. Цæгат Ирыстоны цæрджытæй 95 минæй фылдæр ацыдысты фронтмæ кæнæ та патризанты къордты хæцыдысты æмæ дзы 45 минæй фылдæр нал ссардтой æгас хæдзар. 79 хæстоны дзы систы Советон Цæдисы Хъайтартæ, уыдонæй дыууæйæ Хъайтары ном райстой дыгай хаттыты – Плиты Иссæ æмæ Иван Фесин. Æфсæддон техникæйы экспонаты хсæн та ис легендарон Уæлахизы танк «ИС-3», кæцы хайад иста Берлины Уæлахизы Парады.

Тынг бирæ цымыдисон экспонаттæ æмæ æрмæджытæ ис фенæн ацы музейы, фæлæ дзы уæддæр сæйраг бынат ахсы Петр Барбашовы манументалон скульптурæ размæ бырсгæйæ, йæ къухы автомат, афтæмæй. Ацы диссаджы шедевр сарæзта Цæгат Ирыстоны зынгæ скульптор Ходты Никъала. Сæрмагонд бынат ма мемориалон комплексы ахсы легендарон дзот, кæцыйы йæ риуæй сæхгæдта хъæбатыр хæстон. Рестоврацион куыстыты рæстæджы дзоты фæзуат фæуæрæхдæр кодтой, цæмæй адæм æдæрсгæйæ хизой мидæмæ. Арæзт ма дзы æрцыдис мысæн стеллæ, цыран сызгъæрин дамгъæтæй фыст сты 312 фæмардуæвæг хæстонты нæмттæ.

Абоны бон Петр Барбашовы ном хæс-сынц горæтты уынгтæ Дзæуджыхъæуы, Но-восибирскы, Игаркайы æмæ ма Венгеровойы хъæуы. Йæ бюст та æвæрд ис Новосибирскы Инженерон лицейы бахизæны.

Джиоты Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.