Мæскуыйы фембæлдысты Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министртæ Евгений Зиничев æмæ Тадтаты Алан.  Уынаффæ кодтой дыууæ ведомствойы æмгуыстады уавæр æмæ перспективæтыл. Снысан кодтой конкретон къахдзæфтæ дарддæр сæ рæвдздæр кæныныл, – хъусын кæны минæварады пресс-службæ.

Фембæлды фæлгæтты къух æрфыстæуыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауадты ‘хсæн уæлвæткон уавæртæ рагацау сбæрæг æмæ аиуварс кæныны фæдыл æмгуыстады тыххæй 2011 азы 11 февралы Сразыдзинадмæ Суагъæйыл.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй Суагъæйыл йæ къух æрфыста Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министр Тадтаты Алан, уæрæсейаг фарсæрдыгæй та – Уæрæсейы Федерацийы Æмбæстагон хъахъ-хъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министр Евгений Зиничев.

Къухтæ цы документыл фыст æрцыд, уый ахъаз кæны уæлвæткон уавæртæ орперативонæй æмæ эффективонæй бæстон кæнынæн хуыздæр уавæртæ саразынæн.

Къухтæ æрфыссыны церемонийы хайад райста УФ-йы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.