Рацыд 73 азы, зæххыл æппæты карздæр æмæ æгъатырдæр знаг – фашистон Германимæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æнæмсæр хæсты Советон Цæдисы адæм куы  фæуæлахиз сты, уыцы бонæй.  Уый цытæн, уал азы дæргъы æппæт адæмтæ дæр хъæлдзæгæй нысан кæнынц ацы райдзаст уалдзыгон бæрæгбон. Дæргъвæтин фондз азы дæргъы Фыдыбæстæйон хæсты  арты судзгæ æвзæгтæ анхъæвзтой æппæт Советон Цæдисы тыгъдадыл, нæ баззад æвыдæй Хуссар Ирыстон дæр.

Нæ баззад Хуссар Ирыстоны ахæм хæдзар, Фыдыбæстæйон хæстмæ бæлццон чи нæ фервыста. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой фондз тугкалæн хæсты азы дæргъы, хъыгагæн, уыдонæй се ‘ппæтмæ нæ каст фæстæмæ æрыздæхыны амонд, бирæтæ нал сæмбæлдысты сæ хиуæттыл, нал федтой фыдызнагыл Райгуырæн бæстæйы Уæлахиз.

Стыр Уæлахизы 73 азы боны цытæн мадзал ауагътой горæт Къуайсайы астæуккаг скъолайы дæр. Мадзал бацæттæ кодта скъолайы организатор Хуыгаты Альбинæ ахуыргæнджытæ Зассеты Федося æмæ Хуыгаты Иринæйы æххуысæй. Хуынд æм æрцыдысты Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади, Цæрæнуатон коммуналон хæдзарады къухдариуæггæнæг Хуыгаты Алан, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Хуыгаты Альбинæ куыд загъта, афтæмæй, хъыгагæн, ныртæккæ Къуайсайы сæрæгас нал ис иунæг хæстон ветеран дæр æмæ уымæ гæсгæ мадзалы ветеран нæ уыд.

Мадзалы райдианы зæлыдысты хæстон зарджыты зæлтæ, стæй сценæмæ рахызтысты хистæр-къласонтæ, се ‘рмтты судзгæ цырæгътæ рахастой æмæ сæ уæззаугай æрæвæрдтой сценæйы кæрæттыл, сæхæдæг æрлæууыдысты рæнхъæй. Мадзаламонджытæ Зассеты Миланæ æмæ Икъоты Аллæ бæрæгбонон арфæ ракодтой æрбацæуджытæн æмæ сæм бахатыдысты,  цæмæй иу минут æмырæй алæугæйæ, ссарой хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ.  Дарддæр  скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой «Ныййарæджы кадæг»-æй скъуыддзагмæ гæсгæ бацæттæгонд инсценировкæтæ. Ныййарæджы роль аив сæххæст кодта 7-æм  къласы ахуыргæнинаг Багаты Динæ. Уый кæд нырма скъоладзау у, нæ банкъардта ныййарæджы  æнкъарæнтæ йæ царды, уæддæр афтæ бæрндзинадимæ бавнæлдта йæ роль æххæст кæнынмæ, æмæ сценæмæкæсджытæн ирдæй равдыста, хъæбултæ фесафæг ныййарæджы зæрдæрыст æнкъарæнтæ. Залыбадджытæй бирæтæн ба-уымæл сты сæ цæстытæ.

Уый фæстæ 7-æм къласы  ахуырдзаутæ азарыдысты хæстон зарджытæ «9-æм май», «Закаты алые», «Еще одной весне» æмæ æндæртæ. Багаты Владæ æмæ Зассеты Миланæ та азарыдысты зарджытæ «Эх, дороги» æмæ «Смуглянка». Кочысаты Мухарбджы æмдзæвгæ  «Мыййаг хæсты быдыры» аив бакаст 7-æм къласы ахуыргæнинаг Бестауты Миленæ.  Мадзалы ма хайад райстой 3-аг къласы ахуыргæнинæгтæ. Уыдон азарыдысты æфсæддон зарджытæ  “На поле танки грохотали” æмæ æнд. Афтæ ма мадзалы айзæлыдысты   хæстон темæйыл фыст цалдæр зарæджы. Сывæллæттæ тырныдтой хæстон цауты нысаниуæг равдисынмæ, сæ архайд уыд активон, зæрдæмæхъаргæ. Æрæмбырдуæвджыты зæрдæтыл æрлæууын кодтой хæсты азты уæззау дуджы цаутæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм мадзæлттæ уадзын у ахсджиаг хъуыддаг, цæмæй æппæт фæлтæртæ дæр зонгæ кæной сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл сæ цард чи радтой, уыдоны хæстон сгуыхтдзинæдтимæ. Уый банысан кодта Хуыгаты Альбинæ дæр.

«Æнæмæнг хъуыддаг у, цæмæй рæзгæ фæлтæр зоной, Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ цы аргъæй балхæдтой махæн нæ абоны рæсугъд цард. Кад кæной хæсты ветерантæн, арой, хæстæй чи нал сыздæхт, уыдоны нæмттæ. Уый у, ферохгæнæн кæмæн нæй, историйы уыцы иу хай. Хъыгагæн, хæст нæ куыд дарддæр кæны, афтæ къаддæрæй къаддæр кæны нæ ветеранты нымæц, фæлæ мах никуы ферох кæндзыстæм уыдоны сгуыхтдзинæдтæ», – загъта уый.

Хуыгаты Миленæ   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.