Республикæ Хуссар Ирыстон Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатолийы Барамындæй нæ паддзахады ахуыры аз 1-æм сентябрæй хаст æрцыд 5æм сентябрмæ. Уый баст у, 2004 азы Беслæны 1-æм сколайы æрцæугæ террактимæ. Знон, 5-æм сентябры, нæ республикæйы ахуырадон уагдæттæ сæ дуæрттæ байгом кодтой рæзгæ фæлтæрæн æмæ райдыдта ахуыры аз. Сабитæ цыдысты сæ уарзон скъолатæм бæрæгбонвæлыстæй, райзæрдæйæ. Цин кодтой се ‘мгæрттыл æмæ ахуыргæнджытыл. Уый цытæн республикæйы территорийыл ахуырадон уагдæтты уагъд æрцыдысты бæрæгбонон мадзæлттæ. Уыдонæй сæ иу уыд горæт Къуайсайы.

Мадзалмæ хуынд æрцыдысты РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь,  Дзауы районы администрацийы физкультурæ æмæ спорты хайады гæс Джиоты Алик, Къуайсайы горæты администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади, Дзауы районы администрацийы ахуыры хайады методист Бестауты Джульетæ. Бæрæгбонон мадзал бацæттæ кодтой скъолайы организатор Хуыгаты Альбинæ æмæ Зассеты Фатимæ.

Мадзалы райдианы мадзаламонджытæ, скъолайы ахуыргæнинæгтæ Хуыгаты Виктория æмæ Икъоты Сабинæ бæрæгбонон арфæ ракодтой æппæт республикæйы ахуырдзаутæн æмæ сценæмæ рахуыдтой фыццагкъласонты. Уый фæстæ Хуссар Ирыстоны Гимны зæлтæй байгом цытджын линейкæ. Мадзалмæ æрбацæуджытæн арфæйы ныхæстæ загъта скъолайы директор Хуыгаты Суликъо. Къуайсайы скъолайы ахуыры хайады гæс Джиоты Роберт сæйраджыдæр, раарфæ кодта фыццагкъласонтæн æмæ сæ ный-йарджытæн. Ацы скъолайæ  бирæ рауагъдонтæ рацыд, Ирыстонæн аккаг хъæбултæ  чи систы.  Джиоты Роберт æрымысыд уыдоны нæмттæ æмæ стæй Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта,  ивгъуд ахуыры азы æнтыстытæ кæмæн уыд, уыцы ахуырдзауты.

Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд уазджытæн. РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь раарфæ кодта мадзалмæ æрбацæуджытæн, сæйраджыдæр та фыццагкъласонтæн йæхи æмæ Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатолийы номæй.

Мадзал цыд  бæрæгбонон зæрдæйы равгимæ æмæ йæ нывæст дæр уыд хъазты хуызы. Хъæлдзæг ныхæстæй сценæмæ хуынд æрцыдысты скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Уыдон кастысты æмдзæвгæтæ, раарфæ кодтой сæ уарзон ахуыргæнджытæн. Скъолайы ахуыргæнинæгтæ  Джиоты Æхсар, Зассеты Давид, Багаты Хетæг, Хуыгаты Даниил, Джиоты Аслан æмæ Теблойты Аслан равдыстой сценкæ «Простоквашино»-йæ скъуыддзаг.

Ацы скъолайы сæрмагонд традицимæ гæсгæ, фыццагкъласонтыл сæмбæлд ног «бæстæйы», королева  – Теблойты Камиллæ æмæ сын балæвар кодта зонындзинæдты «дæгъæл».

Ахуыры азы райдианы традицимæ гæсгæ иуæндæсæмкъласонтæ æмæ фыццагкъласонтæ кæрæдзийыл бакодтой лентæтæ æмæ уый фæс-тæ фыццагкъласонтæ бахордтой ард, кæй ахуыр кæндзысты хорз, кæй тырныдзысты ахуырады бæрзæндтæм æмæ сæ райгуырæн бæстæйæн кæй уыдзысты аккаг хъæбултæ. Мадзалы кæронбæттæны айзæлыд фыццаг дзæнгæрæг.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы скъолайы нырттæккæ кæй ис 9 рауагъдоны, æмæ фыццаг къласмæ та райстой иу ахæм фылдæр – 18 ахуыргæнинаджы.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.