Нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид 8-æм февралы уыд уæгъдибар хъæбысхæстæй уагъдцæуæг мастер-классты. Ацы спортивон мадзал уагъд æрцыдис Цхинвалы спортивон скъолайы нæ республикæйы æрыгон спортсментæн. Мастер-класс ауагъд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы уæгъдибар хъæбысхæсты сæйраг тренер, не ‘мзæххон Тедеты Дзамболаты къухдариуæгадæй æмæ дзы хайад истой дунеон æмвæзады спортсментæ. Мастер-классмæ хуынд æрцыдысты 2016-æм азы Олимпион хъæзтыты чемпион Рæмонты Сослан, спорты сгуыхт мастер Хаджимурад Магомедов, 2004-æм азы Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер, дунейы дыууæ хатты чемпион æмæ Европæйы цыппар хатты чемпион Махач Муртазалиев. Мастер-классы ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер Мæргъиты Анатоли дæр.

Тедеты Дзамболат сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта Президент Тыбылты Леонидæн, мадзалмæ сæм кæй фæуазæг ис æмæ дзы хайад кæй исы, уый сæраппонд. Йæ рады бæстæйы сæргълæууæг дæр арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта йæхи æмæ республикæйы æппæт фæсивæды номæй спортсментæн æмæ тренертæн. Банысан кодта, мадзал ауадзыны  хъуыддаг Цхинвалы ахсджиаг кæй у, уый. Загъта, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ æрыгон спортсментæм æвзæрын кæнынц спорты ацы хуызмæ стыр цымыдис æмæ кæддæриддæр ахъаз вæййынц спортсменты архайдæн. «Махæн нæ рæзгæ фæсивæд сты курдиатджын æмæ куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстон кæддæриддæр уыд спорты ацы хуызы чемпионты райгуырæн зæхх. Уымæн æвдисæн у не ‘мзæххон, тыхджын богал Рæмонты Сослан», – загъта Тыбылты Леонид. Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта президентон программæ «Спорт в шаговой доступности»-йы куысты тыххæй дæр, кæцы сæрмагондæй здæхт у фидæны фæлтæры æнæниздзинадмæ хъусдарынмæ  æмæ хорзæрдæм æндавы спорт райтынг кæныны хъуыддаджы. «Мæнæн уый тыххæй уæлдай æхсызгон у, сымах ам кæй уынын, уыцы хъуыддаг. Сымах уæ райгуырæн бæстæйæн аккаг кад кæнут æмæ уæ уый тыххæй стæм сæрыстыр», – загъта Тыбылты Леонид.

Тедеты Дзамболат æрыгон спортсментæн загъта фæндиæгтæ, цæмæй фидæны суой Олимпион æмæ Европæйы чемпионтæ æмæ уыдонæй дæр сæрыстыр уой сæ райгуырæн бæстæ, сæ ныййарджытæ. «Абон махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæр архайой æмæ цайдагъ кæной спортыл. Цæмæй сæ рæстæг дзæгъæлы ма сафой, фæлæ æнæниз цардуагмæ се ‘ргом аздахой. Абон ардæм цы сывæллæттæ æрбамбырд сты, уыдон иууылдæр æнæмæнгдæр райстаиккой æвæрццаг эмоцитæ æмæ æхцондзинад”, – загъта Уæрæсейы Федерацийы уæгъдибар хъæбысхæсты æмбырдгонды сæйраг тренер.

Уæрæсейы сгуыхт тренер Мæргъиты Анатоли дæр йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ацы чемпионтæ кусынц фæсивæды æргом спортмæ аздахыны хъуыддаджы. «Мастер-класстæ æнæмæнгхъæуæг сты æрыгон спортсментæн. Сывæллæттæ хъуамæ уыной æмæ æнкъарой, зынгæ спортсментæ сыл кæй аудынц æмæ сæм лæмбынæг хъусдард кæй здахынц, уый. Ацы мастер-класстæ хорз æндавынц сывæллæттыл, цæмæй сомбон уыдон дæр суой чемпионтæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, абоны мадзалы фæстæ спорты ацы хуызмæ но-джыдæр кæй æрбацæудзысты бирæ сывæллæттæ.

2016-æм азы Олимпион хъæзтыты чемпион Рæмонты Сослан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый дæр æнæмæнгхъæуæгыл банымадта мастер-класс ауадзын æрыгон спортсментæн стыр ахъаз кæй у сæ дарддæры архайдæн, уый. «Абон æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцыдысты спортсментæн, цæмæй æнтыстджынæй тренировкæтæ кæной. Йæ рæстæджы махæн нæ уыдис ахæм уавæртæ æмæ хъуамæ фæсивæд аргъ кæной æппæт уыдæттæн. Курдиатджын спортсментæ дзы бирæ архайы ацы ран æмæ мæн уырны, уыдо-нæн дæр сæ нæмттæ дардыл кæй ныхъхъæр уыдзысты», – загъта Рæмонты Сослан.

Хаджимурад Магомедов æмæ Абдусалам Гадисов дæр банысан кодтой, Хуссар Ирыстонмæ кæй æнхъæлмæ кæсы стыр фидæн спорты фадыджы, уый. «Тедеты Дзамболат мах фæхуыдта Цхинвалмæ, цæмæй нæ фæлтæрддзинад бацамонæм æрыгон спортсментæн. Фæнды нæ, фыццаджыдæр, банысан кæнын уый, æмæ ацы спортивон скъолайы кæй ис хорз уавæртæ тренировкæтæ кæнынæн. Зал дæр у уæрæх, уынæм дзы бирæ кæстæрты, кæцытыл зыны, тынг сæ кæй фæнды спорты аккаг бынæттæ бацахсын, Олимпион хъæз-тыты чемпионтæ суæвын. Ахæм тырнындзинад сæм кæй ис, уый сын стыр ахъаз фæуыдзæнис се спортивон карьерæйы дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.