1992 азы ТЭК-ы районы цыд хъазуатон тохтæ æмæ дзы Гæззаты Вадимы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ фæмардысты æхсæзæй. Фæстæдæр ацы бынаты цы цыртдзæвæн арæзт æрцыд, уырдæм спецкъорды кусджытæ æрвылаз дæр ссæуынц æмæ дидинджытæ сæвæрынц сæ зынгхуыст хæстон æмбæлтты номыл. Ацы аз дæр та æрбацыдысты цыртдзæвæнмæ æмæ сын сæ ном ссардтой. Мысæн мадзалмæ ма ссыдысты Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад министры фыццаг хæдивæг Тыджыты Геннадийы сæргълæудæй. ОМОН-ы командир Плиты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй ахæм хъайтартæ адæмæй рох макуы хъуамæ уой.

«Ацы æхсæз хæстон лæппуйы уыдысты Ирыстоны сæрхъызойтæ, се ‘хсардзинад фæзминаг у кæстæр фæлтæртæн. Адæймагæн иууыл зынаргъдæр у цард æмæ адон сæ удтæ радтой сæ адæмы тыххæй, цæмæй Ирыстоны сæрмæ уа цъæх арв, сабырæй дзы цæрой æмæ рæзой кæстæртæ», – банысан кодта Плиты Игорь.

ТЭК-ы бæрзондæн стратегион нысаниуæг кæй уыд, уый хорз зыдтой Гамсахурдияйы тугмондаг лæгсырдтæ, уымæн æмæ ардыгæй горæт Цхинвал зыны армы тъæпæнау æмæ сын комкоммæ гом кодта горæтмæ фæндаг дæр. Уымæ гæсгæ ТЭК-ы алыварс æрæмбырд кодтой бирæнымæц æфсад æд хæстон техникæ. 1992 азы июны мæйы гуырдзиаг фашисттæ бырсын райдыдтой ацы бæрзæнд байсынмæ, фæндыд сæ куыд фæндыйæ дæр бацахсын ТЭК-ы территори. Бацайдагъ дзы æнæмсæр тохтæ – цалдæр ирон лæппуйы ныхмæ тугмондаг сырдтау бырстой сæдæгай фашисты. Горæтæй акæсгæйæ ТЭК-ы район фæздæг æмæ рыгæй нал зынд æмæ бирæтæ æнхъæлдтой, уым «дур дурыл дæр нал баззад». Фæлæ нæ хæстонтæ, уæззау уавæрты уæвгæйæ, аккаг ныхкъуырд радтой знагæн. Хъыгагæн дзы æхсæзæй фæмардысты, – Гæбæраты Станислав, Гуыбаты Зураб, Дзабиты Геннади, Кожухов Юри, Михайленко Александр æмæ Санахъоты Григори. Цалдæр хæстоны та дзы фесты уæззау цæфтæ, уыдоны æхсæн ныры Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб дæр. Ацы хъайтарты нæмттæ ныридæгæн хæссынц нæ республикæйы скъолатæ æмæ уынгтæ.

Джиоты Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.