Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ аст майданы рамбылдтой уæгъдибар хъæбысхæстæй Мæздæджы уагъдцæуæг турнир «Моздокский ковер»-ы. Ерысты хайад райстой 250 спортсменæй фылдæр. Уыдон уыдысты РЦИ-Алани, Дагъыстан, Мæхъæл, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар, Хъырым, Стъараполы край, Хуссар Ирыстон æмæ Краснодары крайæ. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ турниры уæлахиздзаутæ систы Галуанты Арсæмæг (32 кг) æмæ Пухаты Алан (41 кг). Бронзæйон призертæ та систы Хъотайты Руслан (35 кг), Тедеты Артур (30 кг), Бесаты Алан (26 кг), Галуанты Æхсæртæг (30 кг) æмæ Пухаты Марат (47 кг). Уыдонæн сæ тренертæ сты Гæджиты Артур, Джиголаты Андрей æмæ Гæззаты Алан.

Хуссарирыстойнаг минæвæрттæй 8-æм майдан та рамбылдта Багаты Аслан. Уый, 30 кг уæзы категорийы архайгæйæ, бацахста дыккаг призон бынат. Уымæн та йæ тренер у Багаты Вадим.

 

***

Красноярскы уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй 32-æм дунеон турнир Гран-при «Иван Ярыгин».

Ерысты ирон богалтæн бантыст 7 майданы рамбулын. Уæлахиздзаутæ систы Хæдæрцаты Алик (65 кг) æмæ Чертхъоты Гурам (92 кг). Тæпсиаты Тамерлан (92 кг) та ссис дыккаг. Бронзæйы майдантæ та бафтыдысты Байты Давид (70 кг), Уалыты Владислав (86 кг), Дзугаты Дэвид (97 кг) æмæ Голоты Виталийы (125 кг) къухты.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.