Нæ республикæйы спортсменкæтæ æнтыстджынæй сæхи равдыстой стъолы теннисæй Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионаты. Ерысты уæлахиздзау ссис Елбачиты Иринæ. Дыккаг бынат та бацахста Кокойты Амандæ. Цыппæрæм та ссис Тасойты Ларисæ. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы стъолы теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан.

Сæхи хорз равдыстой нæ республикæйы æвзонг теннисисткæтæ дæр. Уыдон та ерыс кодтой æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионаты. Ерысты дыккаг бынат бацахста тренер Остъаты Лидияйы хъомылгæнинаг Къуылыхты Заринæ. 5-æм та ссис Майя Касрадзе. Уымæн та йæ тренер у Уалыты Иринæ.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ 18 майданы рамбылдтой г.Пятигорскы уагъдцæуæг гом чемпионаты. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Багаты Аслан (28 кг), Болататы Дзамболат (42 кг), Пухаты Алан (44 кг) æмæ Бекъойты Валери (54 кг).

Дыккаг бынæттæ бацахстой Собаты Сергей (38 кг), Быценты Хетæг (42 кг), Бесаты Алан (48 кг) æмæ Сидамонты Артур (54 кг). Бронзæйон призертæ та систы Гасситы Алан (28 кг), Чилæхсаты Ибрагим (28 кг), Тедеты Артур (34 кг), Бекъойты Георги (39 кг), Бететы Хетæг (42 кг), Хуыбылты Тимур (57 кг), Козаты Дмитри (52 кг), Тедеты Хасан (39 кг), Галуанты Арсæмæг (35 кг) æмæ Хуыбиаты Асан (35 кг).

Спортсменты бацæттæ кодтой Гæджиты Артур, Джиголаты Андрей, Гæззаты Алан, Гæджиты Марат, Багаты Вадим, Хъесаты Петр, Коцты Тамерлан æмæ Бикъойты Азæмæт.

 

ШАХМАТТÆ

Цхинвалы шахматты скъола «Белая ладья»-йы хъомылгæнинæгтæ хайад райстой Дзæуджыхъæуы «Ногазон турнир Феномен»-ы. Уыдонæн бантыст 6 майданы рамбулын. Уæлахиздзаутæ систы Коцты Юри æмæ Тыбылты Аннæ. Пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Джыгкайты Артур æмæ Алекс Мчедлидзе. Бронзæйон хорзæхтæ та фесты Бесаты Батрадз æмæ Мæргъиты Давиды.

«Тынг райгонд стæм не’взонг спортсменты архайдæй. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæй алкæмæн дæр бантыст сæ спортивон разрядтæ фæбæрзонд-дæр кæнын. Уыдонæй дарддæр ма æвзæнгты III спортивон разрядтæ лæвæрд æрцыдысты Федор Липчанский, Бæззаты Константин æмæ Джиоты Габриелæн», – банысан кодта «РХИ-йы шахматы федераци»-йы президент Саулохты Георги.

 

***

УФ-йы Спорты министр Олег Матыцины барамындмæ гæсгæ «Уæрæсейы спорты сгуыхт дæсны»-йы кадджын ном лæвæрд æрцыд Дыгъуызты Малхазæн. Уый у пара-армрестлингæй Уæрæсейы, Европæ æмæ дунейы уæлахиздзау. Дыгъуызты Малхаз у Хуссар Ирыстонæй рацæугæ. Тренировкæ кæны РЦИ-Аланийы.

 

ДЗЮДО

РХИ-йы дзюдойы федераци схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны азы хуыздæр дзюдоистты. Хуыздæр дзюдоисттыл нымад æрцыдысты Джиоты Артур, Уалыты Герман, Къозонты Руслан æмæ Гаглойты Инал.

Церемони уагъд æрцыд Знауыры районы дзюдойы скъолайы.

Спортсменты схорзæхджын кодта РХИ-йы дзюдойы федерациийы президент Гæбæраты Инал. Церемонийы ма хайад райста РХИ-йы Парламенты депутат Хъотайты Дмитри.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.