Красноярскæй Цхинвалмæ æрæздæхт хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Арсений, кæцы  ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир гран-при Иван Ярыгины бронзæйон призер. Ацы турниры хайад райсын дæр  стыр æнтыст у 20-аздзыд богалæн. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ ерыстæм уагъд цæуынц æрмæстдæр иууыл хуыздæр хъæбысæйхæцджытæ. Арсений ахæм бар райста 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат куы рамбылдта, уæд. Дунеон турнир Иван Ярыгины Арсений акодта 4 тохы. Фыццаг фембæлды фæуæлахиз Цæцæны минæвар Дадаевыл. Радон тохы 20-аздзыд спортсмены ныхмæлæууæг уыд номдзыд спортсмен Чертхъоты Гурам. Ам чысыл хуыздæр архайдта фæлтæрдджындæр богал, кæцыйæн дарддæр йæ бон ссис финалмæ ахизын. Уый фæрцы Арсенийæн уавæр фæзынд бронзæйон хорзæхы тыххæй стох кæнын. Нырма уал æмгъуыдæй раздæр рамбылдта Монголийы хъæбысæйхæцæг Наадамбты. Æртыккаг бынат бацахсыны тохы та фæуæлахиз дагъыстайнаг Каримовыл.

«Кæд мæ мæ тренертæ райгондæй баззадысты, уæддæр мæ хъуыдымæ гæсгæ мæ бон уыд но-джы хуыздæр рахæцын», – зæгъы  Джиоты Арсений.

Уæрæсейы чемпионаты фæстæ ацы турнир у бæстæйы иууыл сæйрагдæр старт. Традицимæ гæсгæ Иван Ярыгины Кубокы бæрæг цæуынц уыцы спортсментæ, кæцытæ Уæрæсейы спортивон кад хъахъхъæндзысты Европæйы чемпионаты. Ахæм æнтысты фæрцы æвзонг спортсменмæ сæ хъус аздæхтой Уæрæсейы æмбырдгонды тренертæ. Бæстæйы сæйраг командæйы сконды уый Сочийы рацæудзæн цæттæгæнæн сбортæ.

«Цæттæгæнæн сборты нæхи цæттæ кæндзыстæм Уæрæсейы чемпионатмæ, кæцы уагъд æрцæудзæн сæрды Дагъыстаны», – фехъусын кодта Джиойы фырт.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Арсений ахæм аккаг бæрæггæнæн кæй равдыста ног уæзы категорийы. Кæд ивгъуыд аз фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат рамбылдта 79 кг уæзы категорийы, уæд æрдæг азмæ бæрæг бафтыдта æмæ ацы аз райдыдта хæцын 86 кг уæзы категорийы.

«Абаргæйæ бирæ уæз бафтыдтон. Ахæм уавæры та адæймаджы бахъæуы дзæвгар рæстæг, цæмæй йæ буар сахуыр уа ног уæзыл. Фæлæ мын уымæ æнæкæсгæйæ уæддæр бантыст хорз рахæцын», – йæ ныхасмæ бафтыдта Арсений.

Джиоты лæппу дарддæр дæр тырны спортивон олимпы бæрзæндмæ схизын, цæмæй бæрзонд сиса Ирыстоны спортивон кад. Арсений ма тренировкæтæй дарддæр ахуыр кæны Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультеты 3-æм курсы.

  ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.