Æрæджы Краснодары уагъд æрцыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн спорты сгуыхт дæсны Къудухты Бесикы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Турнир нымад цыд ацы кары спортсменты ‘хсæн куыд Уæрæсейы чемпионат, афтæ. Ерысты хорз сæхи равдыстой хуссарирыстойнаг богалтæ Джиоты Арсений æмæ Дзеранты Эрик. Арсенийæн бантыст турниры уæлахиздзау суæвын, Эрик та ацыд æртыккаг бынатыл. Арсений ерыс кодта 79 кг уæзы категорийы. Уый финалмæ цæугæйæ акодта цыппар тохы. Нырма уал фæуæлахиз Ирыстоны иннæ минæвар Аветик Верещагиныл 11:1 хыгъдæй. Дарддæр йæ ныхмæлæууæг уыд дагъыстайнаг Магомед Магомедов. Уый та рамбылдта 14:4 хыгъдæй. Радон фембæлды тыхджындæр разынд цæцæйнаг спортсмен Кемран Абубакаровæй – 10:2. Æрдæгфиналы уый бæрæг цæттæдæр уыд йæ ныхмæлæууæгæй. Ам фембæлд ноджы иу дагъыстайнаг хъæбысæйхæцæг Рашиж Сатыхажиевимæ. Ууыл та фæуæлахиз 15:4 хыгъдæй.

Раздæры тохтæм абаргæйæ Арсенийæн бæрæг зындæр уыд финалы. Сæйраг тохы уый ерыс кодта Магомед-Тахир Ханиевимæ, кæцы хъахъхъæдта дыууæ республикæ Дагъыстан æмæ Мæхъæлы спортивон кад. Фæлæ та ам дæр тыхджындæр разынд ирон богал. Арсенийæн бантыст 11:7 хыгъдæй рамбулын æмæ афтæмæй ерысты уæлахиздзау суæвын.

Дыккаг цхинвайлаг богал Дзеранты Эрик та ерыс кодта 125 кг уæзы категорийы. Уый æртыккаг бынат бацахсыны тохы 7:3 хыгъдæй рамбылдта иннæ ирон богал Хæдыхъаты Давиды.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.