Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади бабæрæг кодта Дзауы районы фæндæгты хæрзарæзтады фæдыл куыстыты цыд. Йемæ ма уыдысты арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, æндæр официалон адæймæгтæ.

Куыд банысан кодтой, афтæмæй фæндагон объектты реконструкци уагъд цæуы бынæттон бюджеты æхцайы фæрæзтæ æмæ уæрæсейаг финансон æххуысæй.

2020-2022 азты республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзт цæуы дыууæ объекты – Къуайсайы горæты Ленины уынг æмæ Дзауы районы Уыцыфарсы уынг, кæцыты бадзырдон аргъ у 122 милуан сомы.

Ленины уынджы, кæцыйæн йæ дæргъ у иу километр, куыстытæ сты фæуыны стадийы, аразджытæ архайынц хатдзæгон документаци цæттæ кæныныл. Подрядон организацийы минæвары ныхæстæм гæсгæ, баззадис ма дзы фæндагон нысæнттæ сæвæрын æмæ газонтæ цъæхвæлыст скæнын.

Уыцыфарсы уынджы иумæйаг дæргъ у 3,2 километры. Иу километрыл дзы æвæрд æрцыд асфальт, иннæ хайы уагъд цæуынц зæххы бын инженерон коммуникацитæ, кусынц дарддæр уынджы, тротуарты арæзтадыл.

Объекттæ бæрæг кæныны рæстæджы Бекъойты Геннади цымыдис кодта, график æмæ проектон-сметæйон документацийы домæнтæм гæсгæ æххæст цæуынц арæзтадон куыстытæ æви нæ, æнæмæнгхъæуæг арæзтадон æрмæджытæй куыд ифтонг сты, уыдæттæм. Аразджытæ банысан кодтой, æрмæджытæй ифтонгады æмæ финанскæнынады кæй нæй къуылымпыдзинæдтæ.

Хицауады сæргълæууæг иумæйагæй баззад райгондæй, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, æнæмæнгхъæуæгыл банымадта аразджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, цæмæй арæзтады нормæтæ æххæст æрцæуой.

«Иумæйагæй куыстытæ цæуынц банысангонд плæнттæм гæсгæ, фæлæ закъазгæнджытæ  æмæ подрядонтæн зæрдыл лæууын кæнын, цæмæй лæмбынæг хъусдард аздахой арæзтадон куыстыты гъæд æмæ æмгъуыдтæм», – загъта Бекъойты Геннади, æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, хорз темпты тыххæй æнæмæнгхъæуæг у локалон куыстыты график æххæст кæнын æмæ рационалонæй пайда кæнын боны рухсæй.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Президент æрæвæрдта хæс, цæмæй ацы азы Инвестпрограммæ æххæст æрцæуа сæдæ процентæй, æмæ æххæст хъуамæ æрцæуа.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.