НОМАРÆН ТУРНИР

Дзауы поселочы уагъд æрцыд РХИ-йы хъайтар, спорты дæсны Сиукъаты Темойы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уый ныр уагъд цæуы 5-æм хатт. Ерыстæ уагъд фæцæуынц самбо æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Æртæ къуырийы размæ уал фæбæрæг сты самбисты ‘хсæн иууыл цæттæдæртæ, ныр та майдантыл тох кодтой уæгъдибар хъæбысхæстæй архайæг спортсментæ. Ерысты организатор Хъоцыты Тамерлан куыд фехъусын кодта, афтæмæй йын сæ ауадзынæн стыр финансон æххуыс бакодтой Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командир Плиты Игорь æмæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг. Турниры хайад райстой Цхинвал, Дзау, Къуайса æмæ РЦИ-Аланийы Алагиры минæвæрттæ.

Турниры уæлахиздзаутæ систы Болататы Дзамболат (29 кг), Гуызыдтаты Батрадз (32 кг), Бæгъиаты Зауыр (35 кг), Кортиаты Артур (38 кг), Сидамонты Артур (41 кг), Плиты Вадим (44 кг), Кæрчиты Эльбрус (48 кг), Дудайты Марик (52 кг), Джиоты Дмитри (57 кг), Тедеты Баймæт (62 кг), Хуыгаты Руслан (68 кг) æмæ Теблойты Сæрмæт (75 кг).

Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ Кады грамотæтæй.

 

***

Кæронмæ бахæццæ РХИ-йы ноджы иу хъайтар Галуанты Оледжы номарæн турнир волейболæй. Турнир 7-æм хатт ауагътой Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ æхсæнадон змæлд «Зиу». Ерысты хайад райстой лæппуты командæтæй 10 æмæ чызджыты командæтæй та 9. Лæппуты ‘хсæн турниры уæлахиздзау ссис 6-æм скъолайы командæ, дыккагыл ацыд 12-æм скъола æмæ æртыккаг бынат та бацахста Цхинвалы скъола-интернаты командæ.

Чызджыты ‘хсæн дæр иууыл цæттæдæр разындысты 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ, æвзист майдантæ рамбылдтой гимназ «Альбион»-ы минæвæрттæ æмæ æртыккагыл та ацыд 9-æм скъолайы командæ.

Фæуæлахизуæвæг æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæты схорзæх-джын кодтой Галуанты Оледжы цардæмбал Дыгъуызты Аленæ æмæ йæ фырт Игорь.

 

***

Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сосланы призтæ рамбулыны сæраппонд турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой 5 сыгъзæрин, 5 æвзист æмæ 9 бронзæ майданы.

Турниры уæлахиздзаутæ систы Тохъайты Зауыр (65 кг), Уалыты Радик (79 кг), Гæззаты Батраз (92 кг), Коцты Зауыр (97 кг) æмæ Байцаты Владислав (125 кг). Æвзист призертæ систы Сабанты Александр (61 кг), Секъинаты Георги (65 кг), Куыдзойты Алан (74 кг), Наниты Славик (86 кг) æмæ Теблойты Ацæмæз (125 кг). Бронзæ майдантæ рамбылдтой Тауитты Чермен (65 кг), Джиоты Дмитри (74 кг), Борыхъуаты Асланбег (74 кг), Зассеты Алан (79 кг), Хуыбиаты Арсен (86 кг), Чертхъоты Давид (92 кг), Джыгкайты Тамик (97 кг), Мæргъиты Рустем (97 кг) æмæ Голойты Витали (125 кг).

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.