Адæймаджы уырнгæ дæр нæ кæны, уыцы тугæйдзаг, мæлæтхæссæг хæстæй аст азы кæй рацыд, уый. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, раст цыма нырма хæрзæрæджы бавзæрстам уыцы зындзинæдтæ, раст цыма нырма хæрзæрæджы хъуыстам алыгъуызон хæцæнгæрзты богъ-богъмæ æмæ кастыстæм мæлæты цæстытæм. Уæд, 2008 азы августы хæсты рæстæджы, хуссарирыстойнаг адæм лæууыдысты сæрсæфæны былыл. Горæт алырдыгæй пиллон калдта, алырдыгæй хъуыстысты тыхст, фæдисы хъæртæ æмæ сылгоймæгты дзыназын. Нæ уарзон Цхинвалы ма иу чысыл хъуыд æмæ амардаид, фæлæ нын Стыр Хуыцау баххуыс кодта, Стыр Хуыцау ирон адæмы бахызта бынтон скуынæг кæнынæй, нæ бæстæйæ нын нæ бауагъта сыгъдæг быдыр саразын. Æндæргъуызон ын бамбарæн нæй, уымæн æмæ горæтмæ æрбахизæны лæууыд знаджы дивизион –  РСЗО «Град»-ы 18 ифтонгады, кæцытæй алкæцыйы дæр уыд 40 реактивон снаряды æмæ афтæмæй хæсты райдианы фыццаг цыппар сахаты нымад секундтæм горæтмæ æхстой 720 снаряды. Уый æддейæ ма æхстой гаубицатæ, САУ, егъаукалиброн минæзгъалтæ, авиаци.  «Град» нымад секундтæм 1-2 гектары фæзуатмæ кæй бахауы, уымæ гæсгæ дзы пайдагæнæн нæй, фæлæ нæ сыхæгтæн цы уæлдай уыд. Уыдон хъуамæ Хуссар Ирыстонæй сарæзтаиккой сыгъдæг быдыр. Бæрзæндтæй-иу горæтмæ чи ракаст, уыдон-иу ахъуыды кодтой, зæгъгæ, горæты сæрæгасæй ничиуал баззад, афтæ пиллон калдта. Горæт Цхинвалмæ цас мæлæтхæссæг снарядтæ хаудтой, уыдон уыдысты тынг бирæ æмæ сæ фæстæ горæт хъуамæ амардаид, фæлæ удæгасæй баззад.  Стыр Хуыцау нæ бауагъта горæты амарын, цæрджыты скуынæг кæнын…

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ фондзбонон хæсты фæстæ фæуæлахиз сты сæ цæрæнбонты цыфыддæр знагыл. Алы хæсты дæр вæййы уæлахиздзау æмæ састы бынаты баззайæг. Уæдæ, гуырдзиаг-ирон дæргъвæтин хæсты фæстæ та фæуæлахиз Хуссар Ирыстон. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуссарирыстойнаг адæмæн ацы уæлахиз сæ къухты бафтыд сæ стратегион партнер Стыр Уæрæсейы руаджы. Фæлæ зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ дæргъвæтин азты дæргъы нæ хъæбатыр лæппутæ знагæн аккаг ныхкъуырд куынæ лæвæрдтаиккой, стæй сабыр цæрджытæ дæр куынæ бафæрæзтаиккой зын æмæ уæззау цардæн, куы сыстадаиккой æмæ сæ фыдæлты зæххæй æндæр рæттæм куы фæлыгъдаиккой, уæд та, кæй зæгъын æй хъæуы, састы бынаты баззадаид Хуссар Ирыстон. Фæлæ, табу Хуыцауæн, зын цардæн бафæрæзтой цæрджытæ, лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыстой ирон лæппутæ æмæ сæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæдтой знагæй.

Бæрæг у иу хъуыддаг, Хуссар Ирыстоны адæм кæд чысылнымæц сты, уæддæр фæуæлахиз сты мæнгард знагыл. Уыцы уæлахиз ирон адæмæн кæд тынг зынаргъ слæууыд, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл сæ сæртæ нывондæн бирæ æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ æрхастой, уæддæр абон цæрæм сæрибар бæстæйы. Ирон сагсур лæппутæ раджы, ома, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианы бамбæрстой иу хъуыддаг, знаджы ныхмæ хъæбатырæй куынæ фæлæууой, уæд нæ адæм куынæггонд кæй æрцыдаиккой, сæ фыдæлты зæхх сын кæй байстаиккой гуырдзиаг тыхæйисджытæ. 2008 азы августы хæсты хайад истой ахæм æвзонг лæппутæ, кæцытæ райгуырдысты Фыдыбæстæйон хæсты райдианы – 1989-1991 азты. Уыдонæй бирæтæ фæмард сты августы хæсты рæстæджы Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, куыд гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианы сæ фыдтæ, афтæ.

1989 азы 23-æм ноябры Гуырдзыстоны уæды фашист президент З.Гамсахурдия ирон адæмы ныхмæ цы æнæмсæр хæст расидт, уыцы дæргъвæтин хæст Хуссар Ирыстонæн уæлахизæй фæци 2008 азы 12-æм августы. Æппæт уыцы 20 азы дæргъы ма хуссарирыстойнаг цæрджыты сæрыл куырой нæ разылд, уый йедтæмæ алцы дæр бавзæрстой. Уæдæ æххормагдзинад, уæдæ алыварсон блокадæ, донхъуагдзинад æмæ бирæ æндæртæ. Фæлæ сыл иууыл тугуарæндæр бонтæ ныккодтой 2008 азы августы хæсты рæстæджы, фынæй Цхинвал алыгъуызон хъомысджын хæцæнгæрзтæй æнæауæрдонæй æхсын куы райдыдтой, уæд. Адæм ныккæндты бадгæйæ зæрдæхъæрмттæ кодтой, уæлдайдæр та сæ зæрдиаг хъæбултæ знаджы ныхмæ кæцы ныййарджытæн хæцыдысты, уыдон. Ирон ныфсхаст лæппутæ æвдыстой диссаджы хъæбатырдзинад. Уыдон сæ лæгдзинадæй цæстæвæрæн фесты бирæ адæмтæн. 2008 азы хæсты фæстæ В.Путин пресс-конференцийы загъта: «Ирæттæ æхсарджынæй бахъахъхъæдтой сæ Райгуырæн бæстæ». Журналист Александр Сладков та загъта: «Номхуындæй ирон лæппутæ бахъахъхъæдтой Цхинвал. Уыдон куынæ уыдаиккой, уæд уæрæсейаг æфсæдтæн нал уыдаид, кæй бахъахъхъæдтаиккой, уый. Уый тыххæй зæрдылдарын хъæуы алыхатт  дæр».

Иуæй-иу версимæ гæсгæ у афтæ дæр, ома, цалынмæ уæрæсейаг æфсæдтæ Хуссар Ирыстонмæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ 9-æм августы Цхинвал сæрибаргонд æрцыд гуырдзиаг знæгтæй. Гæнæн ис æмæ ацы верси раст у, уымæн æмæ 9-æм августæй 10-æм августмæ æхстытæ хъуыстысты дарддæрæй, ома, горæты кæронæй. Уымæн æвдисæн стæм нæхæдæг, цæрджытæ дæр. Мæ сыхæгтимæ бадтыстæм Исахъы уынджы 58-æм хæдзары ныккæнды, 9-æм августы æхсæвы 12 сахатмæ æввахс уыдаид, афтæ нæм цалдæр лæппуйæ æрбацыдысты æмæ нын загътой, зæгъгæ, тагъддæр, дам, цæугæ ут ардыгæй вагзалмæ, эвакуаци, дам, кæнынц цæрджыты, уавæр, зæгъ,  æндыгъд кæй у, уымæ гæсгæ. Мах дæр сыл баууæндыдыстæм æмæ æмæхсæвæджы талынджы къуырттытæгæнгæ фæцæуæг стæм вагзалмæ «Нефтебаза»-йы цурты. Уый размæ гуырдзиæгтæ Тъбеты хъæуæй барæй рауагътой архы дон æмæ горæты уынгты лæсæнтæ кодта, мах алæгæрстам уæраджы онг доны. Схæццæ стæм вагзалмæ, фæлæ уым уыд æрмæстдæр иу-дыууæ маршрутон таксийы хуызæн машинæйы. Хорз уыд æмæ дзы нæ разынд æндæр машинæтæ, æндæра нæ фæндæгтыл фæцагътаиккой знæгтæ. Уæд адæмæй иутæ уазæгдон «Алан»-ы ныккæндмæ ныххызтысты æмæ мах та нæ сыхæгтимæ ацыдыстæм, дыккаг хæдзары хуызæн мын чи сси, уыцы мыхуыры хæдзары ныккæндмæ. Æз ацы цау уымæн æрæмысыдтæн æмæ уæд уынгты гуырдзиаг нал уыд, æндæра нæ вагзалмæ цæугæйæ фæцагътаиккой иууылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, 9-æм августæй 10-æм августмæ æхсæвы дæр æхстытæ хъуыстысты, фæлæ дардгомауæй. Уымæ гæсгæ мæ уырны ацы верси дæр. Гуырдзиæгтæ ма горæты куы уыдаиккой, уæд сыл, кæй зæгъын æй хъæуы, комкоммæ сæмбæлдаиккам. Стæй ма ацы верси раст кæй у, уымæн ма æвдисæн у иу хъуыддаг дæр. Цæвиттон, ныккæндты бадгæйæ-иу нæм æхстытæ куы хæрзæввахсæй æрбайхъуыстысты, куы та-иу-дарддæрæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ нæ хъæбатыр лæппутæ нырма баурæдтой горæтмæ æрбахизæны æмæ сæ уый фæстæ та цалдæр хатты аппæрстой горæтæй. Тохы бынæтты баззадысты спырхгонд танктæ æмæ бронемашинæтæ, афтæмæй. Уынгты æппæрстæй лæууыдысты гуырдзиæгты æмæ кæй баххуырстой, уыцы фæсарæйнаг лæгмарджыты мард буартæ.

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианы Присы хъæумæ æввахс хъæды Джиоты Владик (Басмач) цалдæр знаджы ныхмæ иунæгæй тохы кæй бацыд, уый диссагæн дзуринаг нæу? Уæдæ Джиджджойты Джетæ иунæгæй, гуырдзиæгтæ Сталины уынджы цы хæдзары æмбæхстысты, уыдонмæ комкоммæ кæй бацыд, уый диссаг нæу? Уæдæ диссагыл дис ничиуал кæны, æндæра Тъбеты æрцæуæны Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт цы хъайтардзинад равдыстой, уый диссагæн дзуринаг нæу? Уыдон танкты ныхмæ слæууыдысты дыууæйæ æмæ знæгты баурæдтой цалдæр сахаты бæрц. Уæдæ диссагæн дзуринаг нæу уый дæр æмæ сæ къухты ницы хæцæнгарз уыд, афтæмæй нæ лæппутæ спырх кодтой знаджы цалдæр танкы. Ирон лæппуты хъæбатырдзинадыл хъуыды кæнгæйæ, алы хатт дæр мæ зæрдыл æрлæууынц «300 спартаноны» æмæ мæхинымæр фæзæгъын, зæгъын, уыдонæй ирон лæппутæ хъæбатырдæр разындысты.

Уымæн æмæ мингай знæгты ныхмæ лæууыдысты автоматтæ æмæ цалдæр гранатометимæ. 2008 азы августы хæсты рæстæджы ирон лæппутæй знаджы ныхмæ афтæ фидар чи фæлæууыд, уыдоны мах хъуамæ номгай зонæм иууылдæр, хъуамæ сæ лæгæй-лæгмæ зонæм. Уадз, уыдоны цæвиттоныл рæзой нæ фидæны фæлтæртæ æмæ афтæмæй аргъ кæной ирон лæппуты тугæй бахъахъхъæдгонд Райгуырæн бæстæйæн. Мах хъуамæ кад кæнæм уыцы хъайтар лæппутæн, кæцытæ нын нæ бауагътой нæ фыдæлты зæххæй сыгъдæг быдыр саразын.

1989-2008 азты Фыдыбæстæйон хæст фæцис 2008 азы 12-æм августы æмæ кæрон æрцыд хуссарирыстойнаг цæрджыты хъизæмæрттæн. Уыцы бон 13 сахаты 15 минутыл Уæрæсейы Федерацийы Президент – Сæйраг командæгæнæг Дмитри Медведев фехъусын кодта, зæгъгæ, райста уынаффæ Гуырдзыстоны хицауады сабырадмæ æркæныны фæдыл операци фæуыны тыххæй. «Операцийы нысан нæ къухты бафытд. Уæрæсейаг фидауынгæнджыты æмæ æмбæстагон цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæд æрцыд. Агрессор æфхæрд баййæфта æмæ йыл æрцыд стыр зиæнттæ. Йæ гарзджын тыхтæ дезорганизаци æрцы-дысты. Уыимæ ныхмæлæуды кæнæ æндæр агрессивон архайдтытæ куы уа, уæд райсут уынаффæ се скуынæг кæныны тыххæй», – банысан кодта Дмитри Медведев УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Анатолий Сердюков æмæ УФ-йы Уæлдæр Советы Генералон штабы хистæр, инæлар-булкъон Николай Макаровимæ фембæлды рæстæджы.

15:00. Уæрæсейаг æфсæдтæ æрурæдтой активон архайдтытæ, бардзырд сæ цы бынæтты æрæййæфта, уым баззайыны тыххæй бардзырд райсгæйæ.

15:30. Дмитри Медведев Францы Президент Николя Саркозиимæ йæ фемæблды рæстæджы фехъусын кодта гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны æхсæз принципы, кæцытыл бакуыст æрцыд бадзырдты рæстæджы.

Уæдæ, августы мæйы Хуссар Ирыстонæн ис æртæ нысаниуæгджын боны, хъыгагæн, уыдонæй сæ иу у 8-æм август тугуарæн хæст расидыны бон æмæ дыууæ та – цины бонтæ – 12-æм август Уæлахизы бон æмæ 26-æм август та у Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæ-рæсе куы банымадта, уыцы бон. 8-æм август  Фыдохы бон æмæ 26-æм август  хæдбардзинад банымайыны бон нысан цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Хорз уаид æмæ æрвылаз дæр 12-æм август хуссарирыстойнаг цæрджытæ куы нысан кæниккой куыд Уæлахизы бон, афтæ.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.