Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекцийы кусджытæ æмæ æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы кусджытæ уадзынц профилактикон мадзæлттæ скъолаты ахуыргæнинæгтимæ. Скъоладзаутимæ ныхас кæнынц фæндагон змæлды æдасдзинады æмæ моралон хæр-зæгъдауон хъомылады фарстытыл.

Инспектортæ сын амонынц фæндагон змæлды фæткойтæ, афтæ ма сæхи куыд хъуамæ дарой уынджы, скъолайы, цæмæй сæхи хизой æнæуаг митæй, аразой раст къах-дзæфтæ  сæ царды.

Ацы профилактикон мадзæлттæ уагъд цæуынц куыд горæты скъолаты, афтæ районты скъолаты дæр.

 

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.