Ног спортивон сезонмæ сæхи цæттæ кæнынц республикон комплексон спортивон скъола æмæ уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Æвзонг спортсментæн, кæцытæ тренировкæ кæнынц æмбуархæст æмæ ММА-йы тренер Хъуылымбегты Мамеды къухдариуæгадæй, уагъд æрцыдысты 10-бонон цæттæгæнæн сбортæ Знауыры поселочы. Сывæллæттимæ ма куыстой тренертæ Хаситы Зелим æмæ Бестауты Азæмæт.

«Цæттæгæнæн сбортæ тынг пайда сты сывæллæттæн. Фыццаг дæр æндавы сæ дисциплинæйыл. Иу бæстыхайы цæргæ дæр кæнæм æмæ тренировкæ дæр. Нæ хъомылгæнинæгтæ æппынæдзух дæр сты нæ хъусдарды бын æмæ хъуыды кæнынц æрмæстдæр тренировкæтыл», – зæгъы РХИ-йы сгуыхт тренер Хъуылымбегты Мамед.

Спортсментæн æрвылбон  дæр уагъд цыдысты дыгай тренировкæтæ. Хъусдард здæхт цыд куыд сæ техникæ, афтæ сæ физикон цæттæдзинад æмæ фæразондзинадмæ дæр. «Райсомæй, фыццаджыдæр, нæ хъусдард здахæм хъæбысхæстмæ. Изæры та кусæм цæвыны техникæйыл. Афтæ ма сын сæ фæразондзинад фæхуыздæр кæныны тыххæй уагътам кросстæ дæр», – фехъусын кодта уый.

Хъуылымбегты Мамеды ныхæстæм гæсгæ, кæд спортсментæ фыццаг хатт райстой хайад сборты, уæддæр куыстой æппæт тыхтæй дæр. Чысыл травмæтæ дæр сæ нæ урæдтой сæ тренировкæтæй. Знауыры дзюдойы скъолайы ис æппæт уавæртæ дæр цæттæгæнæн сбортæ уадзынæн.

«Фыццаг рады мæ бузныг зæгъын фæнды Гæбæраты Иналæн, кæцыйы фæрцы Знауыры фæзынд ахæм джиссаджы спортивон скъола. Уæрæсейы бирæ рæтты уыдтæн, фæлæ ахæм диссаджы спортивон объекттæ никуы федтон. Æрмæст ма,  чизоны, уымæй чысыл хуыздæр уа, Кисловодскы Олимпаг резерв кæм тренировкæ кæнынц, уыцы спортивон скъола. Нæ хъомылгæнинæгты ныййарджытæ дæр-иу ардæм æрцыдысты сæ сывæллæтты бабæрæг кæныны тыххæй æмæ-иу дисы бахаудтой», – банысан кодта Хъуылымбеджы фырт.

Уый ма йæ ныхæстæм куыд бафтыдта, афтæмæй фидæн аз дæр фæнд кæнынц Знауыры цæттæгæнæн сбортæ ауадзын.

Б О К С

Гасситы Мурат активонæй йæхи цæттæ кæны рингмæ рахизынмæ.

«Фæстаг иу мæй æмæ æрдæгмæ æрцыдысты стыр ивындзинæдтæ. Райдыдтон тренировкæ кæнын, активонæй формæмæ цæуын, аппæрстон мæ уæзæй. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсын, ныхмæлæууæгæн мын æвзæрст чи æрцæудзæн, уый тыххæй информацимæ. Нырма уал мæхи цæттæ кæнын Дзæуджыхъæуы мæ тренер Сланты Виталиимæ. Æмæ кæд спарринг партнертæ не ссарæм, уæд нæ бахъæудзæн АИШ-мæ атæхын», – зæгъы Гасситы Мурат.

«Ныртæккæ сæрмагонд куыст нæ кæнын. Фыццаг уал кусæм, цæмæй мæ буар æркæнон æмбæлон уагмæ – фæтыхджындæр кæнон мæ къухтæ, уæхсджытæ æмæ къæхтæ. Уый арæзт цæуы уый тыххæй, цæмæй сæйраг куысты рæстæджы æмæ спаррингты травмæ ма райсон. Мæ бон куы  уаид, уæд, æвæццæгæн, райсом дæр рингмæ рахизин. Алцы дæр баст у, цахæм физикон формæйы уон, уыимæ», – загъта Гасситы Мурат.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.