Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы боны цытæн Ленингоры районы уагъд æрцыд турнир футболæй. Ерыстæ уагъд æрцыдысты фыццаг хатт, фæлæ сæ уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ  стыр æхсызгонимæ хайад райстой бынæттон командæтæ. Æдæппæт сæйраг призыл тох кодтой 6 командæйы, кæцытæ дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Турнир уагъд æрцыд районы администрацийы спорты хайад Бестауты Казимиры сæргълæудæй.

«Фæндыд нæ ацы стыр бæрæгбонмæ ерыстæ ауадзын. Равзæрстам футбол. Ныр нæ фæнды, цæмæй уагъд цæуа æрвылаз дæр», – загъта Бестауты Казимир.  

Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ сæ дæлкъорды фыццаг бынæттæ æрцахсæг командæтæ ахызтысты финалмæ, дыккæгтæ  чи систы, уыдон та тох кодтой 3-аг бынатыл. Фыццаг уал хъазæн фæзмæ рахызтысты Уæлвæткон уавæрты министрады æмæ 4-æм æфсæддон базæйы командæтæ, кæцытæ бæрæг кодтой бронзæйон майдан кæй фæуыдзæн, уый.  Цæттæдæр разындысты Уæлвæткон уавæрты министрады футболисттæ æмæ фæуæлахиз сты 7:2 хыгъдæй.

Дарддæр спортивон фæзуатмæ æрбацæуæг спортуарзджытæм æнхъæлмæ каст финалон хъазт. Сæ дæлкъордты иууыл цæттæдæр разындысты æмæ сæйраг хъазтмæ рахызтысты Ленингоры районы мидхъуыддæгты управлени æмæ Цъина-гары командæтæ. Уыдон ма раздæр фембæлдысты ивгъуыд аз финалы (æндæр) районон турниры. Уæд фæуæлахиз сты цъинагайрæгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, районы мидхъуыддæгты управленийы командæ хъавыд реванш райсынмæ. Хъазты размæ дæр футболисттæ сæхи куыд цæттæ кодтой, уымæ гæсгæ бæрæг уыд фембæлд æндыгъд кæй рауайдзæн, уый. Æмæ æцæгæйдæр футболисттæ архайдтой æппæт тыхтæй. Уымæ гæсгæ дыууæ командæйæн дæр зын уыд комбинацион хъазт кæнын. Хыгъд байгом кæнынæн хорз уавæр уыд милицийы минæвæрттæн. Фæлæ сæ хъазæг 11-метрон цæф сæххæст кодта æвзæр æмæ пурти атахт кулдуæртты цурты. Уымæй дыууæ минуты фæстæдæр цъинагарйæгтæн бантыст пурти бакъуырын. Тынг хорз ахъазыд Бестауты Давид, кæцы фæсайдта ныхмæлæууæг командæйы хъахъхъæнæджы æмæ пурти арвыста кулдуаргæсы цурты комкоммæ дæр хызмæ. Мидхъуыддæгты управленийы хъазджытæ  фæактивондæр кодтой сæ  атакæтæ. Æмæ сын 20-æм минутыл бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Иварон цæфæй расгуыхт Цоциты Александр. Хъазты дыккаг æмбисы райдианы та тæрхонгæнæг 11-метрон цæф снысан кодта цъинагайрæгты кулдуæрттæм. Ныр уый хорз сæххæст кодта Джиоты Александр. Фембæлды кæронмæ хыгъд нал фæивта æмæ афтæмæй 2:1 хыгъдæй фæуæлахиз Ленингоры районы мидхъуыддæгты управленийы командæ.

Ерысты хайадисджытæн арфæ ракодта Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Витали. Уый схорзæхджын кодта уæлахизуæвæг æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæты.

«Архайæм районы спорты размæцыдыл. Куыд федтам, афтæмæй  бирæ уарзынц спорт. Турнир  рауад тынг цымыдисон. Ацы ерыстæ ауадзгæйæ, ма мах  бæрæг кодтам иууыл хуыздæр хъазджыты, цæмæй  уыдонæй арæзт æрцæуа районы æмбырдгонд командæ, кæцы йæхи аккагæй хъуамæ равдиса Президенты Кубок рамбулыны ерысты», – фехъусын кодта Мамытаты Витали.  

Бæрæг ма æрцыдысты турниры хуыздæр хъазджытæ. Хорзæхтæ райстой хуыздæр бомбардир Бестауты Давид, хъахъхъæнæг Зæгъойты Алим, кулдуарæгæс Джиоты Александр æмæ турниры хуыздæр хъазæгыл та нымад æрцыд Хацырты Георги.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.