Хъайтарты уынджы кæрон цы бирæуæладзыгон аварион хæдзар уыд, уымæн йæ хъысмæт аскъуыддзаг. Цæрджытæ раконд æрцыдысты, ЦАРЗ-ы районы цы ног арæзтадтæ сырæзт, уырдæм. Аварион хæдзары бынаты сырæздзæн ног корпус.

Нæ горæты Харебаты Исахъы уынгыл цы 36-æм æртæуæладзыгон хæдзар ис, уый дæр аварионыл нымад æрцыд. Цæрджытæ рагæй тыхсынц сæ царды уавæртæй. Азæй-азмæ кæрæдзи ивынц сæрмагонд къамистæ, фæлæ сын бæрæг дзуапп ничи скæны. Бæстыхай бакæсгæйæ у æрдæгпырх. Ныртæккæ дзы æппынæдзух цы 20 бинонтæ цæрынц, уыдон сфæлмæцыдысты сæ уæззау уавæртæй æмæ æбæрæг фидæнæй. Бæлвырд сæ ничи зоны, сæ хæдзар арæзт кæй æрцыд. Сæ иутæ зæгъынц, 1931 азы, раздæр, дам, дзы уыд казарматæ. Аннæтæ та зæгъынц, зæгъгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы ам уыд æфсæддон рынчындон, уый фæстæ та, дам дзы уыд æмдзæрæндон. Фæстæдæр хатæнты баиу кодтой æмæ дзы рауад дыууæхатæнон фатертæ.

Бæстыхай рагон кæй у, уымæй уæлдай ма бавзæрста хæстытæ æмæ зæххæнкъуыст дæр. Цæрджытæй иутæ нымайынц, ацы бæстыхайæн капиталон цалцæг дæр фаг кæй уыдзæн. Зæгъгæ, бæзджын къултæ сты, стæй арæзт у туфæй. Аннæты та фæнды, цæмæй зæронд бæс-тыхай æрцæуа пырх æмæ йæ бынаты сырæза ног.

«Иууыл тынгдæр тыхсæм, æбæлвырд уавæры кæй стæм, уымæй. Хатт бахъавын мæхи тыхтæй истытæ мæ фатеры бацаразын, фæлæ мæ къапеччытæ куы ныххардз кæнон æмæ уый фæстæ хæдзар куы райхалой æмæ мæ фыдæбон æнæхъуаджы куы фæуа», – зæгъы Елбакидзе Иринæ. Аварион хæдзары цæрджытæ  æмуддзинад æвдисынц æрмæстдæр иу      хъуыддаджы, цæмæй сæ хæдзары бынаты æндæр хæдзар куы сырæза, уæд сæ фæстæмæ уым æрцæрын кæной. «Хурзæрин æмæ Цæгаттаг микрорайонтæм ацæуыныл сразы уыдзыстæм æрмæстдæр рæстæгмæ», – зæгъынц цæрджытæ æмдзыхæй. Ам фатертæн кæд сæ фылдæр æдзæллаг уавæры сты, уæддæр дзы ис ахæмтæ, кæцытæ сæ æмбæлон уавæрмæ æркодтой. Бынтон æвадат уавæры цæры Хъоцыты Луизæ. Сылгоймаг иунæгæй дары йæ бинонты, хæсты  рæстæджы æхстытæй ма йæ фатерæй цы иу хатæн аивæрзт, уым. «Фæнды уынджы цæр, фæнды – ам. Мæ фатеры дыууæ хатæнæй иу 2008 азы хæсты рæстæджы снаряд ныффæлгæрон кодта, ныр мæ хатæнæй тыргъмæ кæсын. Горæты администрацийы мæ уынгæджы фесты. Куырдтон сæ, зæгъын мæ рæстæгмæ искуыдæм уæд-дæр арвитут. Фæлæ мын абон дæр ницыма самал кодтой», – зæгъы Луизæ.

Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй йæ мызд у 12 мин сомы. Уыцы æхцатæ йын сывæллæтты дарыны фаг йедтæмæ не сты. Фатер балхæныныл та дзырд дæр нæ цæуы.

Фарст лæмбынæг базонынмæ бацыдыстæм Архитектурæ æмæ арæзтады министрадмæ. Уым нын бамбарын кодтой, зæгъгæ, 2021 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты бавналдзысты, Харебаты Исахъы уынджы цы дыууæ аварион бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдоны арæзтадмæ. Ног хæдзæртты арæзтады райдайæн нысан у 2021 азмæ, йæ эксплуатацимæ радтыны æмгъуыд та – 2022 азмæ. Дыууæ аварион корпусы ис 50 фатеры бæрц.

Архитектурæ æмæ арæзтады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй, горæты тæккæ центры дыккæгæм иумæйаг ахуыргæнæн скъолайы ныхмæ цы дыууæ зæронд корпусы ис, уыдон дыууæ дæр сты аварион. Сæ бынаты сырæздзысты дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары. Алы хæдзары дæр уыдзæн фæйнæ 75 фатеры. Æмткæй республикæйы цæрæн фонд баххæст уыдзæн 150 фатерæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.